Daniel 11
1Мидиаг Дарий фыццаг аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд та йӕм ӕз ӕрцыдтӕн ӕххуысмӕ. 2Ныр дын ӕз базонын кӕндзынӕн, ӕнӕмӕнг цы’рцӕудзӕни, уыдӕттӕ.Цӕгат ӕмӕ Хуссары паддзӕхтӕ
Персы ма ноджы ӕртӕ паддзахы фӕзындзӕн, сӕ фӕстӕ та — цыппӕрӕм паддзах. Уый, йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыди, уыдонӕй хъӕздыгдӕр уыдзӕн. Йӕ хъӕздыгдзинады фӕрцы схъомысджын уыдзӕн ӕмӕ йе’ппӕт тыхтӕ Бердзены паддзахады ныхмӕ сараздзӕн. 3Йӕ фӕстӕ фӕзындзӕн хъомысджын паддзах, йӕ хъомысы фӕрцы, цыдӕриддӕр ӕй фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн. 4Фӕлӕ куыддӕр паддзахы бынат бацахса, афтӕ йӕ бӕстӕйы иудзинад нал уыдзӕн, ӕмӕ йӕ паддзахад цыппар дихы фӕуыдзӕн. Паддзахы цотмӕ паддзахады хӕйттӕй ницы’рхаудзӕн, стӕй паддзахад, уый заманы куыд уыди, афтӕ тыхджын нал уыдзӕн. 5Уыцы заман стыхджын уыдзӕни хуссары паддзах, фӕлӕ йе’фсады балхонтӕй иу йӕхицӕй тыхджындӕр суыдзӕн ӕмӕ ноджы уӕрӕхдӕр зӕххытӕ бацахсдзӕн. 6Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд хуссары паддзах цӕгаты паддзахимӕ бафидаудзӕн ӕмӕ йын йӕ чызджы ратдзӕн. Фӕлӕ чызгӕн йӕ цард нывыл нӕ ацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ фыды фӕндтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты: цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ хуссары паддзахы чызджы, йӕ фыды, йӕ мой ӕмӕ йӕ сывӕллоны, стӕй ус-паддзахы бынат кӕй фӕрцы бацахста, уыдоны се’ппӕты дӕр амардзысты. 7Хуссары паддзахы фырт йӕ фыды бынат бацахсдзӕн ӕмӕ цӕгаты’фсады ныхмӕ тох кӕндзӕн. Цӕгаты паддзахы фидармӕ бабырсдзӕн ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уыдзӕн. 8Паддзахады хуыцаугӕндтӕ, джиппыуагъд гуымирытӕ, алыхуызон хӕзнатӕ, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ — алцыдӕр йӕхи бакӕндзӕн. Мысырмӕ сӕ аласдзӕн ӕмӕ цалдӕр азы цӕгаты паддзахы нал бахъыгдардзӕн. 9Цалдӕр азы фӕстӕ цӕгаты паддзах хуссармӕ бабырсдзӕн, фӕлӕ йӕ фӕстӕмӕ раздӕхын бахъӕудзӕн. 10Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд цӕгаты паддзахы фырттӕ сӕхи хӕстмӕ сцӕттӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕм стыр ӕфсад ӕрӕмбырд уыдзӕн. Ӕфсымӕртӕй иу йе’фсадимӕ стыр цӕугӕдонау размӕ бырсдзӕн ӕмӕ суанг хуссары паддзахы фидармӕ бахӕццӕ уыдзӕн. 11Хуссары паддзах тынг смӕсты уыдзӕн ӕмӕ цӕгаты паддзахы’фсадимӕ тохы бацӕудзӕн. Цӕгаты паддзах ноджы фылдӕр ӕфсӕдтӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фӕлӕ иууылдӕр йе знаджы амӕттаг бауыдзысты. 12Цӕгаты ӕфсӕдтӕ саст куы ӕрцӕуой, уӕд хуссары паддзах йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн, мингай ӕфсӕдтӕ ныццӕгъддзӕн, фӕлӕ уӕддӕр йе знагыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн. 13Уымӕн ӕмӕ цӕгаты паддзах ногӕй, раздӕр ӕм чи уыд, уымӕй фылдӕр ӕфсад ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ цалдӕр азы фӕстӕ стыр ӕмӕ гӕрзифтонг тыхтимӕ хуссары паддзахмӕ бабырсдзӕн. 14Уыцы заман хуссары паддзахы ныхмӕ бирӕтӕ сыстдзысты. Дӕ адӕмӕй дӕр нӕрӕмон чи разына, уыдон йӕ ныхмӕ тох кӕндзысты, цӕмӕй, рагацау цы загъдӕуыд, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст уой, фӕлӕ сӕ къухы ницы бафтдзӕн. 15Цӕгаты паддзах дӕр та ногӕй ӕрбабырсдзӕн, сыджытрагъ саразын кӕндзӕн ӕмӕ сахары фидар бацахсдзӕн. Хуссары тыхтӕ саст ӕрцӕудзысты, хуыздӕр хӕстонтӕй дӕр ничи фервӕздзӕн. 16Ӕрбабырсӕг паддзах, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, ӕрфидар уыдзӕн алӕмӕты рӕсугъд бӕстӕйы, алцыдӕр уыдзӕни йӕ дӕлбар. Никӕй бон уыдзӕн йӕ ныхмӕ хӕцын, 17ӕгас паддзахад басӕттын сфӕнд кӕндзӕн. Йе знагимӕ бафидаудзӕн ӕмӕ йын цӕмӕй йӕ паддзахады хъомыс басӕтта, уый тыххӕй йын йӕ чызджы ратдзӕн. Фӕлӕ йӕ фӕнд нӕ сӕххӕст уыдзӕн, йӕхицӕн дзы ӕппындӕр ницы спайда кӕндзӕн. 18Уый фӕстӕ йе’ргом сакъадӕхты’рдӕм сараздзӕн ӕмӕ дзы бирӕтӕ бацахсдзӕн. Фӕлӕ йӕ ӕфсады хицау басӕтдзӕн, уый ныхмӕ хӕцын йӕ бон нал суыдзӕн. 19Ӕмӕ уӕд йӕхи бӕстӕйы фидӕрттӕ басӕттынмӕ раздӕхдзӕн, фӕлӕ йӕ адзал ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ зӕххыл йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн. 20Йӕ фӕстӕ цы паддзах фӕзындзӕн, уый намысджын паддзахадыл хъалонисӕджы ӕрзилын кӕндзӕн, фӕлӕ та уымӕн дӕр цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ йӕ ӕргомӕй кӕнӕ хӕсты быдыры нӕ амардзысты. 21Йӕ бынат ын иу ӕнаккаг паддзах бацахсдзӕн, ӕппындӕр ӕм ницы бартӕ уыдзӕн, афтӕмӕй. Ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындзӕн ӕмӕ козбау миты фӕрцы паддзахад бацахсдзӕн. 22Йе знӕгты ӕфсӕдтӕм доны хъаймӕтау багуылф кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ныххафдзӕн. Уыцы азар баййафдзӕни Фидыды фӕтӕджы дӕр. 23Ног паддзах ӕндӕр адӕмтӕй йӕхицӕн цӕдисонтӕ скӕндзӕн ӕмӕ сыл хинӕй цӕудзӕн. Кӕд йӕ хъузӕттӕ бирӕ нӕ уыдзысты, уӕддӕр йӕ бынаты ӕрфидар уыдзӕн. 24Ӕппӕты хъӕздыгдӕр бӕстӕтӕм бабырсдзӕн ӕмӕ, нӕдӕр йӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр йӕ фыдӕлты фыдӕлтӕ кӕй нӕ кодтой, ахӕм фыдбылызтӕ сараздзӕн. Тыхтонайӕ цыдӕриддӕр байса, уыдон йӕ фӕсдзӕуинты’хсӕн ӕнӕвгъауӕй уардзӕн ӕмӕ йе знӕгты фидӕртты ныхмӕ тох кӕндзӕн, фӕлӕ афтӕ уыдзӕн ӕрмӕстдӕр бӕлвырд ӕмгъуыдмӕ. 25Йе’ппӕт тыхтӕ хуссары паддзахы ныхмӕ сараздзӕн ӕмӕ ӕнӕнымӕц ӕфсадимӕ йемӕ схӕцдзӕни. Хуссары паддзах хӕстмӕ рацӕудзӕн ноджы стырдӕр ӕфсадимӕ, фӕлӕ йыл йе знаг фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхмӕ арӕзт ӕрцӕудзӕни сусӕгвӕнд. 26Кӕддӕр паддзахы фынгыл йемӕ чи бадти, уыдон ыл гадзрахатӕй рацӕудзысты, ӕмӕ йе’фсад цагъды фӕуыдзӕн. Уыцы хӕсты бирӕтӕ фӕмард уыдзысты. 27Дыууӕ паддзахмӕ дӕр уыдзӕни мӕнгард фӕндтӕ, иумӕ фынгыл ӕрбаддзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты. Сӕ иуӕн дӕр йӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕнис бӕлвырд рӕстӕджы. 28Цӕгаты паддзах стыр тӕлӕтимӕ йӕхи бӕстӕм раздӕхдзӕн. Фӕндагыл Уаз Фидыды ныхмӕ тох кӕнын сфӕнд кӕндзӕн. Йӕ фыдбылызы фӕндтӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд йӕ райгуырӕн бӕстӕм раздӕхдзӕн. 29Рӕстӕг куы’рцӕуа, уӕд ногӕй хуссармӕ бабырсдзӕн, фӕлӕ йӕ балц раздӕрау ӕнтыстджын нӕ уыдзӕни. 30Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг фӕзындзысты киттимаг наутӕ, ӕмӕ паддзах фыр тӕссӕй фӕстӕмӕ аздӕхдзӕн. Уаз Фидыды ныхмӕ сыстдзӕн ӕмӕ стыр тохы бацӕудзӕн. Уаз Фидыдыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыдоны майдантӕ ӕмӕ лӕвӕртты бын фӕкӕндзӕни. 31Йе’фсӕдтӕ Кувӕндоны фидар фӕчъизи кӕндзысты, ӕмӕ дзы ӕрвылбоны нывӕндтӕ ничиуал хӕсдзӕн, Кувӕндоны ӕлгъаг заууаты заман ралӕудзӕн. 32Фидыдыл гадзрахатӕй чи рацӕуа, уыдоны паддзах козбау миты фӕрцы фӕсайдзӕн, фӕлӕ, йӕ Хуыцауы чи нӕ ферох кодта, уыдон ӕхсарджынӕй йӕ ныхмӕ тох кӕндзысты. 33Адӕмы’хсӕн куырыхон чи уа, уыдон бирӕты раст фӕндагмӕ здахдзысты, фӕлӕ цасдӕр рӕстӕг ӕфхӕрд ӕййафдзысты: кардӕй сӕ мардзысты, арты сӕ судздзысты, уацары сӕ кӕндзысты, сӕ мулк сын исдзысты. 34Се’фхӕрды заман иу чысыл ӕххуыс райсдзысты, бирӕтӕ сӕм цӕстмӕ сӕхи ӕрбаввахс кӕндзысты. 35Куырыхонтӕй дӕр бирӕтӕ ӕфхӕрд баййафдзысты ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бахаудзысты, ссыгъдӕг ӕмӕ сӕнаипп уыдзысты.Цӕгаты паддзахы сӕфт
36Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой. 37Цӕгаты паддзах кады аккаг не скӕндзӕн нӕдӕр йӕ фыдӕлты хуыцӕутты, нӕдӕр, сылгоймӕгтӕ кӕй уарзынц, уыцы хуыцауы. Иу хуыцауы дӕр нӕ нымайдзӕн, йӕхи ӕппӕт хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. 38Йӕ фыдӕлты Хуыцауы бӕсты скад кӕндзӕни фидӕрттыл аудӕг хуыцауӕн — йӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уымӕн. Сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй, зынаргъ дуртӕй ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон хӕзнатӕй йӕ сбуц кӕндзӕн. 39Ӕцӕгӕлон хуыцауы ӕххуысӕй тыхджын фидӕрттӕ басӕтдзӕн ӕмӕ, йӕхӕдӕг кады аккаг кӕй скӕна, уыдоны лӕвӕртты бын фӕкӕндзӕн, хицӕуттӕй сӕ сӕвӕрдзӕн ӕмӕ сын зӕххытӕ байуардзӕн. 40Рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд хуссары паддзах йӕ ныхмӕ сыстдзӕни, фӕлӕ йыл уый хӕстон уӕрдӕттимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц наутимӕ уадтымыгъау йӕхи ныццӕвдзӕн. Доны хъаймӕтау алы бӕстӕтӕм гуылф кӕндзӕн. 41Бабырсдзӕни алӕмӕты рӕсугъд бӕстӕм, ӕмӕ мингай адӕмтӕ йӕ амӕттаг бауыдзысты. Фӕлӕ едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, стӕй аммонӕгтӕн сӕ фылдӕрыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн. 42Ӕмӕ уӕд ӕндӕр бӕстӕтӕм бырсдзӕн, суанг дзы Мысыр дӕр нӕ аирвӕздзӕн. 43Мысыры цыдӕриддӕр сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕндӕр хӕзнатӕ ссара, уыдон иууылдӕр йӕхи бакӕндзӕн; ливиӕгтӕ ӕмӕ эфиопӕгты басӕтдзӕн. 44Скӕсӕн ӕмӕ цӕгатӕй цы хабӕрттӕ фехъусдзӕн, уыдон ыл стыр тас бафтаудзысты. Фыр мӕстӕй пиллон артау ссудздзӕн ӕмӕ йе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацӕудзӕн. 45Йӕ цатыртӕ айтындздзӕн денджыз ӕмӕ Уаз хохы, хӕхты рӕсугъддӕры, ӕхсӕн, фӕлӕ йӕ адзал ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ничиуал баххуыс кӕндзӕн.
Copyright information for
OssIBT2022