Daniel 12
Михаелы уӕлахиз ӕмӕ мӕрдты райгас
1Уыцы рӕстӕджы фӕзындзӕни хъомысджын хицау Михаел ӕмӕ дӕ адӕмы сӕрыл растдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕнис, адӕмы сфӕлдыстӕй абоны онг чи нӕма’рцыди, ахӕм фыдӕвзарӕн дуг. Уыцы заман дӕ адӕмӕй царды чиныджы фыст чи разына, уыдон иууылдӕр фервӕздзысты. 2Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн. 3Куырыхонтӕ сӕуӕхсидау ныррухс уыдзысты ӕмӕ, адӕмы раст фӕндагмӕ чи раздӕхта, уыдон ӕнусмӕ стъалытау цӕхӕр калдзысты. 4Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн». 5Уӕд ӕз, Даниил, размӕ акастӕн ӕмӕ федтон: ноджы ма дыууӕйӕ лӕууынц, иу — донӕн йӕ ацы фарс, иннӕ та — йӕ фаллаг фарс. 6Уыдонӕй иу, гӕн хъуымацӕй дарӕсы доны сӕрмӕ чи лӕууыд, уый, бафарста: «Ӕмӕ уыцы диссӕгтӕн сӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?» 7Ӕз ын фехъуыстон йӕ дзуапп. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ сдаргӕйӕ, Ӕнусты Цӕрӕгӕй расомы кодта: «Ӕмгъуыд, дыууӕ ӕмгъуыды ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕджы фӕстӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ныхмӕ тох куы ничиуал кӕна, уӕд ӕппӕтӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕни». 8Ӕз ӕм хъуыстон, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ не’мбӕрстон ӕмӕ сдзырдтон: «Мӕ хицау! Ӕппӕт уыдӕттӕн сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?» 9Уый мын дзуапп радта: «Даниил, ацу. Уыцы ныхӕстӕ рӕстӕджы кӕронмӕ ӕмбӕхст ӕмӕ сусӕггонд сты. 10Бирӕтӕ ссыгъдӕг ӕмӕ сӕнаипп уыдзысты, фыдӕвзарӕнты бахаудзысты, фыдгӕнджытӕ та араздзысты фыдбылызтӕ ӕмӕ сӕ бон бамбарын ницы суыдзӕн, фӕлӕ куырыхонтӕ алцыдӕр бамбардзысты. 11Ӕрвылбоны нывӕндтӕ куы ничиуал хӕсса ӕмӕ ӕлгъаг заууат куы ралӕууа, уыцы заманӕй рацӕудзӕн иу мин дыууӕсӕдӕ нӕуӕдз боны. 12Тӕхудиаг сты, ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы ӕмӕ иу мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын фондз боны ӕнхъӕлмӕ чи кӕсдзӕни, уыдон. 13Ды та цу дӕ фӕндагыл кӕронмӕ, ӕрсабыр уыдзынӕ ӕмӕ рӕстӕджы кӕрон дӕ хал айсынмӕ сыстдзынӕ».
Copyright information for
OssIBT2022