Daniel 3
Сыгъзӕрин гуымиры
Ӕртӕ дзуттаджы бахаудысты фыдӕвзарӕны
1Паддзах Навуходоносор саразын кодта сыгъзӕрин гуымиры. Йӕ бӕрзӕнд уыди ӕхсай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — ӕхсӕз ӕлмӕрины. Сӕвӕрын ӕй кодта Вавилоны бӕстӕйы, Дурайы дӕлвӕзы. 2– 3Навуходоносор фӕсидти йӕ паддзахады барджынтӕм, уллутӕм, уынаффӕйы лӕгтӕм, хӕзнадартӕм, тӕрхоны лӕгтӕм, чапартӕм ӕмӕ ӕппӕт зылдты хицӕуттӕм, цӕмӕй гуымирыйӕн бакувынмӕ ӕрбацӕуой. Се’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ, Навуходоносор кӕй сӕвӕрын кодта, уыцы гуымирыйы раз ӕрлӕууыдысты. 4Уӕд фидиуӕг ныхъхъӕр кодта: «Байхъусут, дунейы адӕмтӕ, алы’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ! 5Куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ бакувут, паддзах Навуходоносор кӕй саразын кодта, уыцы сыгъзӕрин гуымирымӕ. 6Чи нӕ бакува, уый та уайсахат пецы цырен арты баппардзысты!» 7Ӕппӕт адӕмтӕ, алы’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ куыддӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъуыстой, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирымӕ бакуывтой. 8Уыцы рӕстӕг Навуходоносормӕ халдейӕгтӕй чидӕртӕ бацыдысты ӕмӕ дзуттӕгты банымыгътой: 9«Паддзах, бирӕ азты нын дзӕбӕхӕй цӕр! 10Дӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ, куыддӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ райхъуыстаид, афтӕ алчидӕр хъуамӕ зӕххыл ныддӕлгом уыдаид ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирымӕ бакуывтаид, 11чи нӕ ныддӕлгом уа ӕмӕ чи нӕ бакува, уыдон та пецы пиллон артмӕ ӕппӕрст куыд ӕрцӕуой. 12Уӕдӕ Вавилоны хъуыддӕгтӕ кӕмӕн бабар кодтай, уыцы дзуттӕгтӕ, Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, дӕу, паддзах, ницӕмӕ дарынц! Дӕ хуыцӕуттӕн дын табу нӕ кӕнынц, стӕй, кӕй саразын кодтай, уыцы сыгъзӕрин гуымирымӕ нӕ кувынц ӕмӕ йын нӕ лӕггад кӕнынц». 13Навуходоносор уый куы фехъуыста, уӕд смӕсты ис ӕмӕ Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы йӕ размӕ ӕрбакӕнын кодта. Йӕ размӕ куы ӕрлӕууыдысты, 14уӕд сӕ Навуходоносор бафарста: «Уый ӕцӕг у, Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него? Мӕ хуыцӕуттӕм мын нӕ кувут ӕмӕ, кӕй саразын кодтон, уыцы гуымирыйӕн нӕ лӕггад кӕнут? 15Уӕдӕ афтӕ: куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ, кӕй саразын кодтон, уыцы гуымирымӕ бакувут. Куынӕ йӕм бакуват, уӕд уайсахат пецы цырен арты ӕппӕрст ӕрцӕудзыстут, ӕмӕ уӕ мӕ азарӕй иу хуыцау дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн!» 16Фӕлӕ Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него паддзах Навуходоносорӕн дзуапп радтой: «Мах нӕхи дӕ разы нӕ раст кӕндзыстӕм. 17Мах лӕггад кӕнӕм нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ куы бафӕнда, уӕд нӕ дӕуӕй дӕр ӕмӕ пецы цырен артӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн. 18Кӕд нӕ, уӕддӕр зон: мах дӕ хуыцӕуттӕн лӕггад нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ, кӕй саразын кодтай, уыцы гуымирымӕ нӕ бакувдзыстӕм». 19Уӕд Навуходоносор Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негомӕ бынтондӕр смӕсты ис, йӕ цӕсгомы хуыз аивта ӕмӕ пец, куыд фӕсудзы, уымӕй авд хатты тынгдӕр бандзарын кодта. 20Йе’фсады гуыппырсартӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы сбӕттой ӕмӕ сӕ пецы баппарой. 21Лӕгты, куыд уыдысты, афтӕмӕй — салбартӕ, худтӕ ӕмӕ пӕлӕзты — сбастой ӕмӕ сӕ пецы цырен арты баппӕрстой. 22Паддзахы карз ныхасмӕ гӕсгӕ пец афтӕ ссырхзынг кодтой, ӕмӕ, Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы пецы размӕ чи бакодта, уыцы лӕгтӕ бавзалы сты. 23Ӕртӕ лӕджы та, Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, бӕстытӕй пецы цырен арты смидӕг сты. 24Уӕд дын Навуходоносор фыр дисӕй фӕгӕпп кодта ӕмӕ йӕ уынаффӕйы лӕгты афарста: «Арты астӕумӕ бӕстытӕй ӕртӕ лӕджы нӕ баппарын кодтам?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ӕнӕмӕнг, паддзах». 25Паддзах загъта: «Уӕдӕ ӕз та уынын: цыппар лӕджы ӕнӕбастӕй ӕмӕ ӕнӕхъыгдардӕй цӕуынц арты астӕу, цыппӕрӕм та у зӕды хуызӕн!» 26Пецы пиллон арт сыгъди, фӕлӕ йын Навуходоносор йӕ дуармӕ хӕстӕг бацыди ӕмӕ мидӕмӕ бахъӕр кодта: «Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, Стыр Хуыцауы цагъартӕ! Рахизут уырдыгӕй!» Уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него артӕй рахызтысты. 27Ӕрбамбырд сты паддзахы барджынтӕ, йӕ уллутӕ ӕмӕ уынаффӕйы лӕгтӕ. Кӕсынц, ӕмӕ ӕртӕ дзуттаджы сӕрӕгасӕй лӕууынц, сӕ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ сӕ дарӕс — ӕнӕхъӕн, сыгъды смаг дӕр нӕ кӕнынц. 28Уӕд Навуходоносор загъта: «Арфӕгонд уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцау! Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ фервӕзын кодта йӕ цагъарты. Уыдон сӕ зӕрдӕ дардтой сӕ Хуыцауыл, паддзахы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕхи судзынмӕ радтой, цӕмӕй сӕхи Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кувой ӕмӕ сын ма лӕггад кӕной. 29Уӕдӕ ныр ӕз ӕппӕт адӕмтӕ, алы’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕн фӕдзӕхсын: Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцауы ныхмӕ чи сдзура, уый уӕнггай скӕнын кӕндзынӕн, йӕ хӕдзар та дӕрӕнгонд ӕрцӕудзӕн. Уымӕн ӕмӕ ацы Хуыцауы хуызӕн иу хуыцау дӕр никӕй фервӕзын кӕндзӕн!» 30Уый фӕстӕ паддзах Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Вавилоны бӕстӕйы ноджы уӕлдӕр систа. 31Паддзах Навуходоносор фехъусын кодта ӕппӕт дунейы адӕмтӕ, алы’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕн: «Фӕрнджын ут! 32Ӕз хорзыл банымадтон, Стыр Хуыцау мын цы диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ фенын кодта, уыдоны тыххӕй радзурын. 33Цас хъомыс ис Йӕ диссӕгтӕ ӕмӕ Йе’вдисӕйнӕгты! Йӕ паддзахад фидар уыдзӕн ӕнусӕй-ӕнустӕм, йӕ хицаудзинад — мыггагӕй-мыггагмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022