‏ Daniel 4

Навуходоносоры дыккаг фын

1Ӕз, паддзах Навуходоносор, дзӕбӕхӕй мӕ галуаны цардтӕн, мӕ хӕдзары ӕнӕмӕтӕй мӕ бонтӕ ӕрвыстон. 2Иу хатт фын федтон ӕмӕ фӕтарстӕн. Мӕ хуыссӕнуаты цы цӕстылуайӕнтӕ федтон, уыдон мыл стыр тас бафтыдтой. 3Мӕн фӕндыд, мӕ фын цы амоны, уый бамбарын ӕмӕ Вавилоны куырыхонтӕм фӕсидтӕн. 4Ӕрбацыдысты мӕм дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ халдейаг куырыхонтӕ. Фын сын куы радзырдтон, уӕд ӕй сӕ бон райхалын не сси. 5Ӕппынфӕстаг мӕ разы ӕрлӕууыд, мӕ хуыцауы номмӕ гӕсгӕ Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил. Уый хайджын у Хуыцауы Удӕй.

Ӕз Даниилӕн загътон:
6„Белтешацар, дӕсныфӕрсджыты сӕргълӕууӕг! Ӕз зонын, Хуыцауы Удӕй хайджын кӕй дӕ, уый. Дӕуӕн дӕ бон у цыфӕнды сусӕгдзинад дӕр раргом кӕнын. Зӕгъ-ма мын уӕдӕ, мӕ фын цы амоны, уый.

7 8Мӕ хуыссӕнуаты ӕз мӕ фыны федтон: зӕххы астӕу егъау ӕмӕ фидар бӕлас лӕууыд, йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди. 9Бӕлас уыди диссаджы рӕсугъд, йӕ сыфтӕр — бӕзджын, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты. Ӕгас дунейы дзыллӕты ӕфсӕста, йӕ быны сырдтӕ ӕрцардысты, йӕ къалиуты’хсӕн мӕргътӕ ахстӕттӕ скодтой. 10Ноджы ма ӕз мӕ хуыссӕнуаты фыны федтон: уӕларвӕй ӕрцӕйцыди Уаз Хъахъхъӕнӕг 11ӕмӕ хъӕрӕй загъта: ‚Акалут бӕлас, йӕ къалиутӕ йын акъуырут, йӕ сыфтӕртӕ йын ныццӕгъдут, йӕ дыргътӕ йын ныппырх кӕнут фӕйнӕрдӕм! Уадз ӕмӕ сырдтӕ йӕ бынӕй алидзой ӕмӕ мӕргътӕ йӕ къалиутӕй атӕхой. 12Ӕрмӕстдӕр ын йӕ бындзӕфхад зӕххы, быдыры кӕрдӕджы астӕу ныууадзут — ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуы рӕхысты. Йӕхи ӕхсӕд ӕрвон ӕртӕхӕй, цӕрӕд сырдтимӕ, адӕймаджы сӕрызондӕй ӕнӕхай фӕуӕд, 13сырды сӕрызонд ын лӕвӕрд ӕрцӕуӕд. 14Афтӕ рацӕудзӕнис авд азы. Ахӕм у Уаз Хъахъхъӕнджыты уынаффӕ, уый сӕ тӕрхон у. Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ хъуамӕ базоной: зӕххон паддзахӕдтӕн ис иунӕг хицау — Иууылбӕрзонд! Кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ ратты, адӕмӕн сӕ ныллӕгдӕры паддзахы бынатмӕ сисы‘.

15Гъе, ахӕм фын федтон ӕз. Уӕдӕ мын ныр, Белтешацар, дӕ хорзӕхӕй, бамбарын кӕн, цы амоны, уый. Мӕ паддзахады куырыхонтӕй иуӕн дӕр, цы амоны, уый зӕгъын йӕ бон не сси, фӕлӕ ды хайджын дӕ Хуыцауы Удӕй, ӕмӕ йӕ дӕ бон бамбарын кӕнын суыдзӕн“.

Даниил паддзахы фын райхӕлдта

16Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил иу цасдӕр фыр дисӕй ницыуал сдзырдта. Фыр тӕссӕй хъуыдыты аныгъуылди. Уӕд ын паддзах загъта: „Белтешацар! Мӕ фын цӕмӕфӕнды рацӕуӕд, тӕрсгӕ ма кӕн“. Белтешацар ын дзуапп радта: „Мӕ хицау! Ахӕм фын дӕ фыдгултӕ фенӕнт, ӕмӕ уыцы фыдбылызтӕ уыдоныл ӕрцӕуӕнт. 17Паддзах, ды дӕ фыны федтай егъау ӕмӕ фидар бӕлас. Йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди. 18Йӕ сыфтӕр уыдис алӕмӕты рӕсугъд, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕфсӕста. Йӕ быны цардысты сырдтӕ, ӕмӕ мӕргътӕ йӕ къалиуты’хсӕн ахстӕттӕ кодтой. 19Паддзах, уыцы бӕлас ды дӕ! Ды тынг номдзыд ӕмӕ хъомысджын дӕ! Дӕ кад уӕларвмӕ ӕххӕссы, ӕгас дунейы хицауиуӕг кӕныс.

20Паддзах, ды федтай Уаз Хъахъхъӕнӕджы арвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Уый загъта: ‚Бӕлас акалут, йӕ кой дӕр мауал баззайӕд. Ӕрмӕстдӕр ын йӕ бындзӕфхад зӕххы, кӕрдӕджыты’хсӕн, ныууадзут, ӕфсӕйнаг ӕмӕ йӕ ӕрхуы рӕхыстӕй сбӕттут. Уадз ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхса ӕмӕ сырдтимӕ быдыры цӕра, цалынмӕ авд азы рацӕуа, уӕдмӕ‘.

21Мӕ паддзах, ахӕм хуызы дын ӕвдыст ӕрцыд Иууылбӕрзонды тӕрхон. 22Адӕмы’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, цӕрдзынӕ сырдтимӕ, галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй дӕхи ӕхсдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн сӕ хицау у Иууылбӕрзонд, ӕмӕ паддзахы бынат, кӕмӕн ӕй бафӕнды, уымӕн ратты. 23Бӕласы бындзӕфхад йӕ бынаты кӕй баззад, уый та амоны: дӕ паддзахады та ногӕй паддзахиуӕг кӕндзынӕ, ӕгас дунейы хицау Иууылбӕрзонд кӕй у, уый куы бамбарай, уӕд.

24Паддзах, мӕ уынаффӕ дын хъыг ма уӕд: хорз хъуыддӕгтӕ араз, мӕгуыр адӕмӕн ӕххуыс кӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уай. Чи зоны, уӕд фӕрнджын ӕмӕ ӕнӕмастӕй фылдӕр фӕцӕрдзынӕ“.

25Даниил цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр Навуходоносорыл ӕрцыдысты. 26Дыууадӕс мӕйы фӕстӕ паддзах Вавилоны йӕ галуаны рацӕйцыд 27ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“ 28Паддзах йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: „Паддзах Навуходоносор, байхъус! Дӕ паддзахдзинадӕн йӕ кӕрон ӕрцыд. 29Ды адӕмы’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, сырдтимӕ цӕрдзынӕ ӕмӕ галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: адӕймаджы паддзахадӕн йӕ хицау у Иууылбӕрзонд. Уый паддзахы бынаты сӕвӕры ӕрмӕстдӕр Йӕхи кӕй бафӕнды, уыдоны“.

30Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.

31Афон куы ралӕууыд, уӕд ӕз, Навуходоносор, арвмӕ скастӕн, ӕмӕ мӕ зонд мӕхимӕ’рцыди. Уӕд арфӕ ракодтон Иууылбӕрзондӕн, Ӕнусмӕ Цӕрӕгӕн скад кодтон. Уый паддзахиуӕг кӕны фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, мыггагӕй-мыггагмӕ. 32Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ницы сты Йӕ разы. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕны уӕларвон ӕфсадӕн ӕмӕ зӕххон цӕрджытӕн. Ничи Йын бауромдзӕн Йӕ къух, цы кусыс, зӕгъгӕ, Йын ничи зӕгъдзӕн.

33Мӕ зонд мӕхимӕ куы’рцыди, уӕд мӕм мӕ раздӕры кад ӕмӕ хъомыс дӕр раздӕхтысты, фӕстӕмӕ сдӕн хъомысджын ӕмӕ номдзыд паддзах. Мӕ уынаффӕйы лӕгтӕ ӕмӕ мӕ ме’лдӕрттӕ ногӕй сӕ паддзахыл банымадтой. Фӕстӕмӕ ӕрфидар дӕн мӕ паддзахады ӕмӕ ноджы хъомысджындӕр сдӕн. 34Ныр ӕз стауын Уӕларвон Паддзахы ӕмӕ Йын кад кӕнын. Йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Уый ӕрныллӕг кӕндзӕн, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны».
Copyright information for OssIBT2022