Daniel 6
Хуыцау фервӕзын кодта Даниилы
1Дарий йӕ паддзахад ӕхсӕзыссӕдз лӕджы бар бакодта 2ӕмӕ сын сӕ сӕргъы ӕртӕ стыр хицауы сӕвӕрдта. Паддзахы барджынтӕ хъуамӕ стыр хицӕутты раз дзуапп лӕвӕрдтаиккой, цӕмӕй паддзахады мацы знаггад ӕрцӕуа. Ӕртӕ хицауӕй иу уыди Даниил. 3Цыбыр рӕстӕгмӕ барджынтӕ ӕмӕ стыр хицӕутты’хсӕн бӕрӕг дарын райдыдта, уымӕн ӕмӕ хайджын уыди алӕмӕты курдиатӕй. Дарийы фӕндыд Даниилы ӕгас паддзахады сӕргъы сӕвӕрын. 4Стыр хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ Даниилмӕ сӕ хъус дардтой: паддзахады ныхмӕ исты фыдракӕнд кӕд сараздзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй йӕ фӕазымджын кӕной. Фӕлӕ Даниил уыдис иузӕрдион йӕ паддзахыл, ӕмӕ йӕм сӕ бон исты аипп ссарын нӕ уыди. 5Уӕд загътой: «Мах ацы Даниилмӕ уайдзӕфы аккагӕй ницы ссардзыстӕм, кӕд ма, йӕ Хуыцауы ӕгъдауыл ӕнувыд кӕй у, уый тыххӕй йӕ фӕзылынджын кӕнӕм, ӕндӕр». 6Уыйадыл барджынтӕ ӕмӕ стыр хицӕуттӕ иууылдӕр паддзахмӕ бацыдысты ӕмӕ загътой: «Бирӕ азты нын дзӕбӕхӕй цӕр, паддзах Дарий! 7Дӕ паддзахады барджынтӕ, стыр хицӕуттӕ, уынаффӕйы лӕгтӕ ӕмӕ уллутӕ ахсджиагыл нымайынц, цӕмӕй паддзах ахӕм бардзырд ратта: дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хуыцаумӕ мачи скувӕд, стӕй дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр адӕймагмӕ дӕр мачи бацӕуӕд курӕг. Чи нӕ байхъуса, уый та домбӕйтты хъоргъмӕ ӕппӕрст ӕрцӕуӕд. 8Паддзах, уӕдӕ ныр ацы бардзырдыл дӕ къух ӕрӕвӕр, цӕмӕй, мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты ӕгъдӕуттӕн аивӕн куыд нӕй, афтӕ уымӕн дӕр фехалӕн ма уа». 9Паддзах Дарий сразы ӕмӕ бардзырдыл йӕ къух ӕрӕвӕрдта.Даниил домбӕйтты хъоргъы аирвӕзт
10Кӕд Даниил паддзахы бардзырд зыдта, уӕддӕр-иу йӕ хӕдзары уӕллаг уатмӕ ссыди; йӕ уаты рудзгуытӕ арӕзт уыдысты Йерусалимы’рдӕм. Бон ӕртӕ хатты-иу йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ раздӕрау куывта ӕмӕ арфӕ кодта йӕ Хуыцауӕн. 11Иуахӕмы паддзахы барджынтӕ Даниилы йӕ зонгуытыл кувгӕйӕ баййӕфтой. 12Ӕмӕ уӕд паддзахмӕ бацыдысты ӕмӕ йын йӕ бардзырд ӕрлӕууын кодтой йӕ зӕрдыл: «Паддзах, ды дӕхи къухӕй сфидар кодтай дӕ бардзырд: дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хуыцаумӕ кӕнӕ дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр адӕймагмӕ дӕр чи скува, уый хъуамӕ домбӕйтты хъоргъы ӕппӕрст ӕрцӕуа». Паддзах сын дзуапп радта: «Мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты ӕгъдӕуттӕн аивӕн куыд нӕй, афтӕ фидар у уыцы бардзырд дӕр». 13Уыдон Дарийӕн загътой: «Паддзах, Иудейы бӕстӕй кӕй ӕрбакодтой, уыцы адӕмӕй иу, Даниил, дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бардзырд дӕр ницӕмӕ дары, бон ӕртӕ хатты кувы йӕ Хуыцаумӕ». 14Паддзах уый куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд ӕмӕ хурныгуылдмӕ Даниилы фервӕзын кӕныныл архайдта. 15Фӕлӕ та йӕм йӕ барджынтӕ ногӕй бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Ды зоныс, паддзах, мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты закъонмӕ гӕсгӕ, паддзах йӕ къух кӕуыл бафысса, уыцы бардзырдӕн аивӕн нӕй». 16Уӕд паддзах Даниилы ӕрбакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Даниилӕн та загъта: «Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ Йӕхӕдӕг фервӕзын кӕнӕд!» 17Ӕмӕ дур ӕрбахастой ӕмӕ йӕ хъоргъмӕ ныххизӕныл ныффӕлдӕхтой. Паддзах ыл йӕхи ӕмӕ йе’лдӕртты къухдарӕнтӕй мыхуыртӕ сӕвӕрдта, — Даниилӕн цы тӕрхон рахастой, уымӕн аивӕн кӕй нӕй, уый нысанӕн. 18Дарий йӕ галуанмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд йӕ дзыхмӕ хойраг нал схаста. Хуыссӕг ӕй нал ахста, ӕмӕ уыцы ӕхсӕв йӕ номылустыты дӕр ӕрбакӕнын нӕ бауагъта. 19Сӕумӕцъӕхӕй фестад ӕмӕ домбӕйтты хъоргъмӕ рӕвдз ауади. 20Хъоргъмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Даниилмӕ ӕнкъард хъӕлӕсӕй ныдздзырдта: «Даниил, цардӕгас Хуыцауы цагъар! Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ домбӕйтты дзыхӕй фервӕзын кодта?» 21Даниил дзуапп радта: «Паддзах, ӕнусмӕ нын цӕр! 22Мӕ Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, ӕмӕ уый домбӕйтты дзыхтыл цъутта сӕвӕрдта. Ницы знаггад мын ракодтой, уымӕн ӕмӕ мӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг разындтӕн, стӕй дӕ разы дӕр, паддзах, азымджын нӕ дӕн». 23Уӕд паддзахы цинӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ Даниилы хъоргъӕй сисын кодта. Куы йӕ систой, уӕд ыл иу цъӕррӕмыхст дӕр нӕ разынд, уымӕн ӕмӕ уыдис иузӕрдион йӕ Хуыцауыл. 24Паддзах бардзырд радта, цӕмӕй, Даниилы фӕазымджын кӕныныл чи архайдта, уыцы лӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Хъоргъы бынмӕ нӕма ныххӕццӕ сты, афтӕ сӕм домбӕйттӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ сын се стджытӕ дӕр ма бахсыдтой. 25Уӕд Дарий фехъусын кодта: «Дунейы адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы’взӕгтыл дзурджытӕ! Фарн уӕм бадзурӕд! 26Мӕ паддзахады цӕрджытӕ! Тӕрсут ӕмӕ ӕмризӕджы ризут Даниилы Хуыцауы раз! Уый у цардӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау! Йӕ паддзахадӕн фесӕфӕн нӕй, ӕмӕ Йӕ хицаудзинадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн! 27Уый у ирвӕзынгӕнӕг, аразы диссӕгтӕ ӕмӕ фенын кӕны ӕвдисӕйнӕгтӕ уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл. Йӕ фӕрцы Даниил домбӕйтты дзӕмбытӕй аирвӕзт». 28Дарий ӕмӕ персайнаг паддзах Киры заман дӕр Даниил паддзахады ахста зынгӕ бынат, царди фӕрнӕйдзагӕй.
Copyright information for
OssIBT2022