Daniel 7
Цыппар сырды
1Балтасар фыццаг аз Вавилоны паддзахиуӕг куы кодта, уӕд Даниил фыны, йӕ хуыссӕнуаты, федта цӕстылуайӕн. Уый ныффыста, йӕ фыны цыдӕриддӕр федта, уыдӕттӕ. 2Даниил йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Ӕхсӕвы ӕз цӕстылуайӕны федтон, цыппар уӕларвон дымгӕйы денджыз куыд змӕнтынц, уый. 3Денджызӕй кӕрӕдзийы фӕдыл цыппар стыр сырды рацӕуынц, ӕмӕ дзы иу иннӕйы хуызӕн нӕу. 4Фыццаг сырд уыди домбайы хуызӕн, фӕлӕ цӕргӕсы базыртимӕ. Йӕ базыртӕ йын ратындӕуыд, хӕрдмӕ йыл схӕцыдысты; адӕймагау йӕ къӕхтыл слӕууыд, ӕмӕ йын адӕймаджы сӕрызонд лӕвӕрд ӕрцыди. 5Дыккаг сырд — арсы хуызӕн, фӕрсырдыгӕй лӕууы ӕмӕ йӕ комӕй, дӕндӕгты ӕхсӕнӕй, зыны ӕртӕ ссыры. Сырдӕн загъдӕуыд: „Сыст ӕмӕ дӕхи дзидзайӕ бафсад!“ 6Ӕртыккаг сырд — фыранчы хуызӕн, йӕ фӕсонтыл та — цыппар базыры, маргъы базыртӕ. Ноджы йын уыдис цыппар сӕры, ӕмӕ йын хицауы бартӕ рардӕуыд. 7Цыппӕрӕм сырд уыди ӕвирхъау тӕссаг ӕмӕ тынг тыхджын, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтимӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та йӕ къӕхты бын ссӕста. Иннӕ сырдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын уыдис дӕс сыкъайы. 8Ӕз лӕмбынӕг кастӕн уыцы сыкъатӕм, ӕмӕ ма мӕнӕ се’хсӕн иу гыццыл сыкъа фӕзынди. Уымӕн уыдис адӕймаджы цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых. Иннӕ сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бындзарӕй срӕдывдӕуыд, цӕмӕй йын бынат суӕгъд кӕной. 9Уалынмӕ паддзахы бадӕнтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ Ӕнусты Цӕрӕг къӕлӕтджыны ӕрбадти. Йӕ дарӕс — митӕнгӕс, Йӕ сӕрыхъуынтӕ — урс цагъд къуымбилы хуызӕн, 10Йӕ паддзахы бадӕн — арт, йӕ цӕлхытӕ артау цӕхӕр калынц, Йӕ цурӕй пиллонкалгӕ арт цӕугӕдонау размӕ бырсы. Лӕггад Ын кӕнынц мин-минтӕ, уырдыг Ын лӕууынц ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ. Байгом сты чингуытӕ, ӕмӕ тӕрхон райдыдта. 11Ӕз федтон, гыццыл сыкъайы йе схъӕл ныхӕсты тыххӕй куыд амардтой ӕмӕ йӕ куыд басыгътой, уый. 12Иннӕ сырдтӕн дӕр сӕ раздӕры бартӕ байстой, фӕлӕ сӕ ӕмгъуыдмӕ удӕгасӕй ныууагътой. 13Ноджы ма мӕ фыны федтон: чидӕр Адӕймаджы Фырты ▼▼Адӕймаджы Фырт — ныхас цӕуы Йесо Чырыстийыл. Йӕ зӕххон царды рӕстӕг, Йӕхи тыххӕй дзургӕйӕ, Чырысти арӕх пайда кодта ацы идиомӕйӕ.
хуызы ӕврӕгътыл ӕрцӕйцыди. Куы ӕрбахӕстӕг, уӕд Ӕй Ӕнусты Цӕрӕджы размӕ бакодтой. 14Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицаудзинад, кад ӕмӕ паддзахад. Ӕппӕт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы’взӕгтыл дзурджытӕ ӕрзоныг кодтой Йӕ разы. Йӕ хицаудзинад ӕнусон у, ӕмӕ Йӕ паддзахад сӕфтмӕ никуы ӕрцӕудзӕн. Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы уӕлахиз
15Ӕз, Даниил, катайы бацыдтӕн — стыр тас мыл бафтыдтой уыцы цӕстылуайӕнтӕ. 16Мӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕй иумӕ бацыдтӕн ӕмӕ йӕ бафарстон, цы федтон, уыдӕттӕ цы нысан кӕнынц, уымӕй. Уый мын алцыдӕр бамбарын кодта: 17„Ацы цыппар сырды сты цыппар стыр паддзахады, сӕ цыппар дӕр фидӕны ацы зӕххыл фӕзындзысты. 18Фӕлӕ фӕстӕдӕр паддзахы бартӕ айсдзысты Иууылбӕрзонды сыгъдӕджытӕ, ӕмӕ паддзахдзинад мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни сӕ къухы“. 19Мӕн фӕндыд базонын, цыппӕрӕм сырд цы нысан кӕны, уый дӕр. Уыцы сырд иннӕты хуызӕн нӕ уыд, йӕ уындӕй мӕ стыр тасы бафтыдта. Уыдис ын ӕфсӕн дӕндӕгтӕ ӕмӕ ӕрхуы дзӕмбытӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та-иу йӕ къӕхты бын бассӕста. 20Мӕн фӕндыд базонын, йӕ сӕрыл цы дӕс сыкъайы уыди, уыдон, стӕй, фӕстагмӕ чи фӕзынд, уыцы сыкъа цы нысан кӕны, уый дӕр. Цӕмӕй уыцы сыкъайӕн бынат суӕгъд уа, уый тыххӕй сыкъатӕй ӕртӕ сӕ бынатӕй срӕдывдӕуыд. Сыкъайӕн уыди цӕстытӕ, ӕмӕ, схъӕл ныхас чи кодта, ахӕм дзых. 21Уыцы сыкъа сыгъдӕджыты ныхмӕ хӕцыд ӕмӕ сыл уӕлахиз кодта. 22Фӕлӕ Ӕнусты Цӕрӕг куы фӕзынд, уӕд тӕрхон Иууылбӕрзонды сыгъдӕджыты пайдайӕн ахицӕн. Афон куы ӕрцыди, уӕд паддзахы бартӕ айстой сыгъдӕджытӕ. 23Уый фӕдыл мӕ разы лӕууӕг загъта: „Зӕххыл фӕзындзӕн цыппӕрӕм паддзахад, йӕ размӕ чи уыди, уыцы паддзахӕдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыдзӕн. Ацы зӕххыл алцыдӕр ссӕнддзӕн, хӕрдзӕн ӕмӕ дӕрӕн кӕндзӕни. 24Дӕс сыкъайы та нысан кӕнынц, уыцы паддзахады фӕд-фӕдыл дӕс паддзахы кӕй уыдзӕнис, уый. Уыдоны фӕстӕ ма фӕзындзӕн иу паддзах. Уый иннӕты хуызӕн нӕ уыдзӕн: ӕртӕ паддзахы бабын кӕндзӕн, 25Иууылбӕрзонды ныхмӕ дзурдзӕн, Йӕ сыгъдӕджыты Йын удхарӕй мардзӕн, сфӕнд кӕндзӕн Ӕгъдау ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ аивын. Иу ӕмгъуыдмӕ, дыууӕ ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕгмӕ сыгъдӕджытӕ йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты. 26Фӕлӕ ралӕудзӕни тӕрхоны рӕстӕг, йӕ хъомысӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕн, ӕмӕ йӕ паддзахдзинадӕн мыггагмӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. 27Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“. 28Ууыл фӕци ныхас. Ӕз, Даниил, стыр тасы бацыдтӕн, хуызы цъыртт мӕ нал баззад, фӕлӕ, цыдӕриддӕр фехъуыстон, уыдон мӕ зӕрдӕйы арф бавӕрдтон».
Copyright information for
OssIBT2022