Daniel 8
Цӕу ӕмӕ фыр
1Вавилоны паддзах Балтасар ӕртыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман ӕз, Даниил, федтон цӕстылуайӕн, уымӕй размӕ кӕй федтон, уый фӕстӕ. 2Мӕ цӕстылуайӕны февзӕрдтӕн Еламы бӕсты, бырутӕй ӕхгӕд сахар Шушаны, Улайы доны был. 3Кӕсын, ӕмӕ доны был лӕууы фыр. Йӕ сыкъатӕй иу разад фӕстӕдӕр, фӕлӕ уӕддӕр иннӕмӕй фестырдӕр ис. 4Ӕз федтон, фыр йӕ сыкъатӕй ныгуылӕн, цӕгат ӕмӕ хуссарӕрдӕм куыд лӕбурдта, уый. Иу сырды бон дӕр йӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ уыд, цыдӕриддӕр ӕй фӕндыди, уыдӕттӕ кодта, ӕмӕ дзы фервӕзыны амал нал уыди. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта. 5Ӕз, цы федтон, ууыл хъуыды кодтон. Уалынмӕ дын мӕнӕ ныгуылӕнӕрдыгӕй ӕрбацӕуы цӕу, йӕ къӕхтӕ зӕххыл ныдзӕвгӕ дӕр нӕ кӕнынц, афтӕмӕй. Цӕуӕн йӕ цӕстыты ӕхсӕн уыди стыр сыкъа. 6Доны был цы фыр лӕууыд, уымӕ йӕ ных сарӕзта, ӕмӕ йӕм куы ӕрбахӕстӕг, уӕд ноджы тынгдӕр сызнӕт ис. 7Куыд ӕм хӕстӕг кодта, афтӕ тынгӕй-тынгдӕр абухта. Уыциу цӕф ӕй ныккодта ӕмӕ йын йӕ дыууӕ сыкъайы дӕр ӕрбасаста. Фырмӕ цӕуы ныхмӕ фӕлӕууыны хъару нӕ разынди, цӕу ӕй зӕххыл афӕлдӕхта, йӕ къӕхтӕй йӕ ссӕста, ӕмӕ йын баххуысгӕнӕг нӕ уыд. 8Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ цӕу бынтон стыхджын ис. Йе стыр сыкъа куы асасти, уӕд йӕ бынаты разад ӕндӕр цыппар сыкъайы. Уыдон арӕзт уыдысты цӕгат, хуссар, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм. 9Сыкъатӕй иуыл разади гыццыл сыкъа, уый фӕстӕ бӕлвырд фестырдӕр, аххӕссыд хуссармӕ, скӕсӕнмӕ ӕмӕ алӕмӕты рӕсугъд бӕстӕм. 10Ӕмӕ схӕццӕ уӕларвон ӕфсады онг. Уымӕн йӕ иу хай, стӕй стъалыты хай зӕхмӕ раппӕрста ӕмӕ сӕ йӕ къӕхты бын бассӕста. 11Суанг ӕфсады Фӕтӕджы ныхмӕ дӕр сыстади. Ӕрвылбон Ын нывӕндтӕ нал хастой, ӕмӕ Йӕ Кувӕндон ныззаууат ис. 12Уыдӕттӕ йын куы бантысти, уӕд уӕларвон ӕфсадӕй хынджылӕггаг сарӕзта, Ӕцӕгад афӕлдӕхта зӕххыл, йӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст сты. 13Ӕз фехъуыстон дыууӕ зӕды ныхас, иу дзы иннӕйы куыд бафарста, уый: «Ацы заууатӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн? Ӕрвылбоны нывӕндтӕ хӕссӕн кӕдмӕ нӕ уыдзӕн? Кувӕндон ӕмӕ уӕларвон ӕфсад ссӕсты бынаты кӕдмӕ уыдзысты?» 14Уый йын дзуапп радта: «Дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ райсомы ӕмӕ изӕры фӕстӕ Кувӕндон ссыгъдӕг уыдзӕн».Фыр, цӕу ӕмӕ сыкъатӕ
15Ӕз, Даниил, уыцы цӕстылуайӕн куы федтон, уӕд йӕ бамбарыныл архайдтон. Ӕвиппайды мӕ разы чидӕр адӕймаджы хуызы февзӕрди. 16Улайы доны астӕуӕй мӕм адӕймаджы хъӕлӕсӕй ӕрбадзырдӕуыд: «Гавриил, ацы лӕгӕн, йӕ фын цы амоны, уый бамбарын кӕн». 17Куы мӕм ӕрбахӕстӕг, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом дӕн. Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт, бамбар: цы федтай, уыдӕттӕ рӕстӕджы кӕронмӕ хауынц». 18Мемӕ куы дзырдта, уӕд ӕз уадзыгӕй зӕххыл дӕлгоммӕ хуыссыдтӕн. Уый мӕ систа, мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кодта ӕмӕ загъта: 19«Байхъус, ӕз дын радзурдзынӕн, рӕстӕджы кӕрон, Хуыцауы азары рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд цы’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ. 20Ды федтай, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, ахӕм фыры. Уыцы сыкъатӕ сты Перс ӕмӕ Мидийы паддзахӕдтӕ. 21Цӕу та у Бердзены паддзах, йӕ цӕстыты астӕу цы стыр сыкъа ис, уый та — йӕ фыццаг паддзах. 22Сыкъа кӕй асаст ӕмӕ йӕ бынаты цыппар ӕндӕр сыкъайы кӕй разад, уый та амоны: уыцы паддзахады бӕсты фӕзындзӕн цыппар ӕндӕр паддзахады, фӕлӕ сӕм уый хуызӕн хъомыс нӕ уыдзӕн. 23Сӕ кӕрон куы’рцӕуа ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ куы сбирӕ уой, уӕд фӕзындзӕни цъаммар ӕмӕ мӕнгард паддзах. 24Уый тынг стыхджын уыдзӕн, фӕлӕ ӕбуалгъ фыдбылызтӕ йӕхи хъаруйӕ нӕ араздзӕн. Йӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты, бабын кӕндзӕни хъомысджынты ӕмӕ сыгъдӕджыты. 25Йӕ мӕнгард миты фӕрцы йӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ размӕ цӕудзысты, ӕмӕ йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн. Мӕнгардӕй бирӕты фесафдзӕн, сыстдзӕн суанг паддзӕхты Паддзахы ныхмӕ, фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр бабын уыдзӕн, ӕмӕ лӕджы къухӕй нӕ амӕлдзӕн. 26Изӕр ӕмӕ райсомы нывӕндты тыххӕй дын цӕстылуайӕны цы раргом ис, уый ӕцӕг у, фӕлӕ цыдӕриддӕр федтай, уыдӕттӕ басусӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ рӕстӕджы кӕронимӕ баст сты». 27Ӕз, Даниил, ахӕм ӕнӕбон сдӕн, ӕмӕ цалдӕр боны ӕруатон дӕн. Куы сдзӕбӕх дӕн, уӕд дарддӕр куыстон мӕ паддзахӕн. Цы мын раргом, уыдӕттӕ мӕ стыр дисы бафтыдтой, ӕмӕ сӕ мӕ бон ӕххӕстӕй бамбарын нӕ уыди.
Copyright information for
OssIBT2022