Daniel 9
Даниилы куывд ӕмӕ Гавриилы дзуапп
1– 2Халдейӕгты паддзах сси мидиаг Ксерксы фырт Дарий. Ӕз, Даниил, йӕ паддзахиуӕджы фыццаг аз сагъӕсы бацыдтӕн, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайӕн Сыгъдӕг Фысты цы раргом кодта, уый фӕдыл. Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй Йерусалимы сахар дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы хъуамӕ гӕныстонӕй лӕууыдаид. 3– 4Ӕз мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, мӕ сӕрыл рыг байзӕрстон ӕмӕ ком дардтон, куывтон ӕмӕ лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг, стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцау! Чи Дӕ уарзы ӕмӕ Дын Дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл иузӕрдион дӕ кӕддӕриддӕр. 5Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не’ххӕст кодтам. 6Нӕ паддзӕхтӕ, не’лдӕрттӕ, нӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ не’ппӕт адӕммӕ Дӕ номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕм, Дӕ лӕггадгӕнджытӕм, нӕ хъуыстам. 7Дунедарӕг, Ды кӕддӕриддӕр иузӕрдион дӕ, фӕлӕ мах, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ, ӕгас Израилы адӕм, абоны онг фидиссагӕй цӕрӕм. Нӕ фыдракӕндты аххосӕй нӕ алы бӕстӕты ныххӕлиу кодтай. 8О Дунедарӕг! Фидиссаг фесты нӕ сӕртӕ! Фидиссаг фӕуӕнт нӕ паддзӕхтӕ, не’лдӕрттӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы. 9О Бардарӕг, нӕ Хуыцау, Ды бараг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, мах та Дӕ ныхмӕ сыстадыстӕм, 10Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, нӕ хъуыстам; Йӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты дзыхӕй нын цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон не’ххӕст кодтам. 11Ӕгас Израил дӕр Дӕ Ӕгъдауы сӕрты ахызт, цӕмӕй Дӕм ма хъуса. Ӕмӕ ныл уӕд, Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы, Моисейы Ӕгъдауы цы’лгъыстытӕ фыст ис, уыдон ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Хуыцауы раз. 12Нӕ адӕм ӕмӕ нӕ хицӕутты тыххӕй Хуыцау цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта: арвы бын чи нӕма’рцыди, ахӕм фыдӕхы хай бакодта Йерусалимы. 13Моисейы Ӕгъдауы куыддӕриддӕр загъдӕуыд, афтӕ ныл Хуыцауы фыдӕх сӕмбӕлди, фӕлӕ мах Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ нӕ кодтам, нӕ тӕригъӕдтыл не’рфӕсмон кодтам, Йӕ ӕцӕгад Ын ницӕмӕ дардтам. 14Ӕмӕ нын уӕд Дунедарӕг стыр фыдӕх бавзарын кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ алы хъуыддаджы дӕр раст у, мах та Йӕм нӕ хъуыстам. 15О Бардарӕг, нӕ Хуыцау! Дӕ хъаруйы фӕрцы Дӕ адӕмы ракодтай Мысыры зӕххӕй ӕмӕ абоны онг кады аккаг скодтай Дӕ ном, мах та иууылдӕр тӕригъӕдджын ӕмӕ аххосджын стӕм Дӕ разы. 16О Бардарӕг! Дӕ рӕстады сӕраппонд Дӕ маст аздах Дӕ сахар Йерусалимӕй, Дӕ уаз хохӕй! Нӕ тӕригъӕдты ӕмӕ нӕ фыдӕлты фыдракӕндты аххосӕй Йерусалим ӕмӕ Дӕ адӕм хынджылӕггаг систы сӕ алыварс цӕрджытӕн! 17Нӕ Хуыцау, фехъус Дӕ цагъары куывд ӕмӕ йӕ лӕгъстӕ! Бардарӕг! Дӕ Кувӕндон хӕлд ӕрцыд, фӕлӕ йӕ Дӕхи сӕраппонд хорзӕхы аккаг скӕн! 18Мӕ Хуыцау, фехъус мӕ! Ӕркӕс-ма, Дӕ ном чи хӕссы, уыцы сахары дуррӕдзӕгъдтӕм! Лӕгъстӕ дын кӕнӕм, нӕ рӕстадӕй ныфсджын кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ кӕй скӕндзынӕ, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ. 19О Дунедарӕг, фехъус нӕ, ныббар нын! Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Дӕхи сӕраппонд нын фехъус нӕ куывд! Дӕ ном куы хӕссынц Дӕ адӕм ӕмӕ Дӕ сахар!» 20Афтӕ куывтон ӕз, фӕсмон кодтон мӕ тӕригъӕдтыл, хатыр куырдтон Израилы тӕригъӕдты тыххӕй. Мӕ Хуыцауы уаз хохы тыххӕй лӕгъстӕ кодтон Дунедарӕгӕн, мӕ Хуыцауӕн. 21Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил. 22Уый мын райдыдта амонын: «Даниил, ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын, цы нӕ зоныс, уыдӕттӕ бамбарын кӕнон. 23Куыддӕр кувын ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдтай, афтӕ дын Хуыцау дӕ куывдӕн дзуапп радта, ӕмӕ ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау бирӕ уарзы. Уӕдӕ ацы уац ӕмӕ ацы цӕстылуайӕн бамбар. 24Дӕ адӕмӕн ӕмӕ уаз сахарӕн ӕмгъуыдгонд ӕрцыд авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы, цӕмӕй дӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕд ӕмӕ сӕ азым барст ӕрцӕуой, цӕмӕй мыггагмӕ сфидар уа рӕстад, цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ рагуацтӕн кӕрон ӕрцӕуа ӕмӕ, Иууылуаз Чи у, Уый байсӕрстӕуа. 25Байхъус ӕмӕ бамбар: Йерусалимы сахар ногӕй саразыны бардзырд куы рацӕуа, уыцы заманӕй Байсӕрст Фӕтӕджы онг рацӕудзӕни авд хатты ӕвдгай азтӕ ӕмӕ авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Уый фӕстӕ сахары уынгтӕ арӕзт ӕрцӕудзысты, фӕлӕ рӕстӕг уыдзӕни тынг уӕззау. 26Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ. 27Ӕрбабырсӕг фӕтӕг бирӕтимӕ авд азы ӕмгъуыдмӕ бафидаудзӕн ӕмӕ, цалынмӕ авд азы иу ӕмбис рацӕуа, уӕдмӕ Кувӕндоны ӕмгӕрон хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ нал уадздзӕн. Кувӕндоны ралӕудзӕни ӕлгъаг заууат, цалынмӕ гӕныстонгӕнӕгӕн йе сӕфт ӕрцӕуа, уӕдмӕ, рагацау куыд нысангонд уыд, афтӕ».
Copyright information for
OssIBT2022