Deuteronomy 1
1Мӕнӕ, Моисей ӕппӕт израилӕгтӕн Иорданы фале, Аравӕйы ӕдзӕрӕг быдыры, Суфмӕ ӕввахс, Паран, Тофел, Лаван, Хацерот ӕмӕ Ди-Захавы астӕу цы загъта, уый. 2Хоревӕй Сеиры хӕхтӕм фӕндагыл Кадеш-Барнеайы’рдӕм иуӕндӕс бонцауы ӕддӕдӕр, 3дыууиссӕдзӕм азы иуӕндӕсӕм мӕйы фыццаг бон Моисей фехъусын кодта израилӕгтӕн, Дунедарӕг ын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ. 4Уый уыди, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, аморӕгты уыцы паддзах Сигон ӕмӕ, Аштарот ӕмӕ Едреи кӕй къухы уыдысты, Башаны уыцы паддзах Ог саст куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ.Хоревы хохрӕбынӕй рацыд
5Иорданы фале, Моавы зӕххыл, Моисей бавнӕлдта Ӕгъдауыл бӕстон ӕрдзурынмӕ. Уый загъта: 6«Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, загъта махӕн Хоревы: „Ӕгъгъӕд уын у ацы хохы рӕбын цӕрын. 7Уӕ фӕндаг дарут, цӕут, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕм ӕмӕ сӕ сыхӕгты зӕххытӕм, быдырмӕ ӕмӕ хӕхтӕм: Шефеламӕ, Негевмӕ, донгӕрӕттӕм, ханаанӕгты бӕстӕм, Ливанмӕ — суанг стыр доны, Евфраты, онг. 8Уыцы зӕхх иууылдӕр Ӕз сымахӕн дӕттын. Цӕут ӕмӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак, Йаков ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый“.Моисей израилӕгтӕн хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕ сӕвӕрдта
9Уыцы заман уын ӕз загътон: „Иунӕгӕй мӕ бон нӕу сымахӕн фӕтк ӕвӕрын. 10Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, сымах арвы стъалытау ӕнӕнымӕц скодта. 11Ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, мин хатты фӕфылдӕр кӕнӕд сымах ӕмӕ уын раарфӕ кӕнӕд, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ. 12Фӕлӕ иунӕгӕй куыд хӕссон уыцы уаргъ ӕмӕ уын уӕ хъӕстытӕ куыд ӕвзарон? 13Равзарут алы мыггагӕй дӕр зондджын, ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕ, цӕмӕй уын сӕ ӕз уӕ сӕргъы сӕвӕрон“. 14Сымах мын дзуапп радтат: „Рӕстытӕ дзурыс“. 15Ӕз басидтӕн мыггӕгты хистӕртӕм, зондджын ӕмӕ фӕлтӕрдджын лӕгтӕм, ӕмӕ уын сӕ хицӕуттӕй сӕвӕрдтон: кӕй — мин лӕгӕн, кӕй — фондзыссӕдзӕн, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕн, кӕй — дӕсӕн, кӕй та цӕстдарӕг скодтон. 16Ӕмӕ загътон уӕд ӕз уӕ тӕрхонгӕнджытӕн: „Лӕмбынӕг ӕвзарут уе’фсымӕрты’хсӕн быцӕутӕ ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут, израилӕгтӕ сӕхимидӕг куы фӕбыцӕу уой, уӕд дӕр, израилаг ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг куы быцӕу кӕной, уӕд дӕр. 17Тӕрхон кӕнгӕйӕ, хъулон макӕй кӕнут: стырмӕ дӕр ӕмӕ чысылмӕ дӕр хъусут, макӕмӕй тӕрсут — тӕрхон Хуыцауӕй лӕвӕрд у. Зынӕвзарӕн уын цы хъуыддаг уа, уый та-иу мӕнмӕ фӕхӕццӕ кӕнут, ӕмӕ йӕм ӕз ӕркӕсдзынӕн“. 18Уыцы рӕстӕджы уын ӕз, кӕнын уын цы ӕмбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ бацамыдтон.Дыууадӕс сгарӕджы, израилӕгты хъаст ӕмӕ Хуыцауы азар
19Фенкъуыстыстӕм Хоревӕй ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл ахызтыстӕм. Уӕхи цӕстытӕй федтат, куыд ӕгӕрон ӕмӕ тӕссаг уыди, уый. Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куыд загъта, афтӕ, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕм нӕ ных сарӕзтам ӕмӕ Кадеш-Барнеамӕ бахӕццӕ стӕм. 20Ӕмӕ уын загътон ӕз: „Сымах ӕрбацыдыстут, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, махӕн кӕй дӕтты, уыцы хӕхтӕм. 21Кӕсут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн дӕтты ацы бӕстӕ. Цӕут ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау сымахӕн куыд загъта, афтӕ. Ма тӕрсут, ма фӕтасут!“ 22Фӕлӕ мӕм сымах ӕрбацыдыстут ӕмӕ загътат: „Нӕ разӕй сгарджытӕ арвитӕм, цӕмӕй уыдон бӕстӕм ӕркӕсой ӕмӕ нын радзурой, цы фӕндӕгтыл нын цӕугӕ у ӕмӕ цы сахартӕм бацӕудзыстӕм, уыдоны тыххӕй“. 23Уыцы фӕнд мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ ӕз уе’хсӕнӕй дыууадӕс лӕджы равзӕрстон, алы мыггагӕй дӕр фӕйнӕ иуы. 24Уыдон араст кодтой, хӕхтӕм ссыдысты ӕмӕ Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты. Ӕркастысты йӕм. 25Зӕххы тыллӕгӕй сӕ къухты райстой, ӕрбахастой нын дзы ӕмӕ загътой: „Ӕвӕджиауы бӕстӕ аккаг кӕны махӕн Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!“ 26Фӕлӕ сымах уӕ бынатӕй фенкъуысын нӕ бафӕндыд, сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕндоны ныхмӕ рацыдыстут. 27Уӕ цатырты бустӕ кодтат ӕмӕ дзырдтат: „Ӕнӕуынон стӕм Дунедарӕгӕн, ӕмӕ нӕ уымӕн ракодта Мысырӕй, цӕмӕй нӕ аморӕгты къухтӕм ратта ӕмӕ бабын уӕм. 28Кӕдӕм цӕуӕм мах? Не’фсымӕрты ныхӕстӕй ныл тас бафтыди: уыцы адӕм махӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ бӕзӕрхыгдӕр сты, сӕ сахартӕ та — арвмӕ чи фӕцыд, ахӕм фидӕрттӕ; уӕдӕ дзы Анакы байзӕддӕгты дӕр федтой“. 29Ӕз уын загътон: „Ма сӕ тӕрсут, тасы уӕ ма’фтауӕнт! 30Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕуы уӕ разӕй ӕмӕ хӕцдзӕн уӕ фарс, Мысыры, уӕ тӕккӕ цӕсты раз, куыд хӕцыд, афтӕ. 31Ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры, уӕхӕдӕг ӕй уыдтат, адӕймаг йӕ хъӕбулы куыд хӕсса, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕхаста сымах, цалынмӕ ардӕм не’рбахӕццӕ стут, уӕдмӕ. 32Фӕлӕ уӕддӕр сымах не’ууӕндут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл. 33Афтӕмӕй Уый та уӕ разӕй цыди, сымахӕн рӕсӕнуӕттӕ агургӕйӕ: ӕхсӕв — арты хуызы, раст фӕндаг уын куыд амона, бон та — ӕврагъы“. 34Ӕмӕ фехъуыста Дунедарӕг уӕ ныхӕстӕ, Йӕ маст уӕм рафыхти, ӕмӕ басомы кодта: 35„Ацы адӕмӕй, ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕй, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы ӕвӕджиауы бӕстӕй зӕрдӕ бавӕрдтон, уый йӕ цӕстӕй дӕр ничи фендзӕн. 36Ничи, Иефоннейы фырт Калевы йеддӕмӕ, — уый йӕ фендзӕн. Калев ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн Ӕз ратдзынӕн, йӕ къах кӕм ӕрӕвӕрдта, уыцы зӕхх, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл кӕй нӕ сивта, уый тыххӕй“. 37Мӕнмӕ дӕр фӕхъызыди Дунедарӕг сымах тыххӕй. Загъта мын: „Ды дӕр нӕ бацӕудзынӕ уыцы бӕстӕм! 38Дӕ разы дӕ цагъар Йешуа, Нуны фырт, бацӕудзӕн! Йе’нцой фӕлӕуу — уыцы зӕхх израилӕгты къухы уый руаджы бафтдзӕн. 39Уӕ цот, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, фыдгулы амӕттаг фӕуыдзысты, зӕгъгӕ, уӕ фырттӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр ӕмбарынхъом чи нӕма у, уыдон та бацӕудзысты уыцы бӕстӕм. Ӕз сын ӕй ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ сӕхи бакӕндзысты. 40Сымах та фӕстӕмӕ аздӕхут ӕмӕ Сырх денджызмӕ фӕндагыл цӕугӕут ӕдзӕрӕг быдырмӕ“. 41Ӕмӕ мын уӕд уӕ дзуапп уыди: „Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стӕм. Фӕлӕ ныр мах ацӕудзыстӕм ӕмӕ схӕцдзыстӕм, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, махӕн куыд загъта, афтӕ“. Уыйадыл уӕ алчи йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ райста ӕмӕ — цыма ӕнцон хъуыддаг у — хӕхтӕм фӕраст стут. 42Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта, цӕмӕй уын фехъусын кӕнон: „Ма ацӕут. Ӕз уемӕ нӕ уыдзынӕн, ӕмӕ хӕцыныл ма ныллӕуут — уе знӕгтӕ уӕ ныппырх кӕндзысты“. 43Ӕз уын дзырдтон, фӕлӕ нӕ байхъуыстат. Дунедарӕджы фӕндоны сӕрты ахызтыстут ӕмӕ хӕхтӕм фӕраст стут. 44Уыцы хӕхты цӕрӕг аморӕгтӕ уӕ размӕ ралӕууыдысты. Мыдыбындзытау уӕ сӕ уӕлныхты айстой Сеиры ӕмӕ уӕ суанг Хормайы онг фӕсырдтой. 45Фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтыстут, уӕд ма Дунедарӕджы раз бӕргӕ дзынӕзтат, фӕлӕ уӕм не’рыхъуыста Дунедарӕг. 46Кадешы дзӕвгар рӕстӕг бафӕстиат стут.
Copyright information for
OssIBT2022