‏ Deuteronomy 10

1Уӕд мын Дунедарӕг загъта: „Рацӕгъд дӕхицӕн дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты хуызӕн. Хохмӕ Мӕм ссу ӕмӕ хъӕдӕй Чырын сараз. 2Къӕйдуртыл Ӕз ногӕй ныффысдзынӕн, кӕй асастай, уыцы къӕйдуртыл цы ныхӕстӕ фыст уыди, уыдон, ӕмӕ сӕ ды Чырыны нывӕрдзынӕ“. 3Ӕз акъацийӕ Чырын сарӕзтон, фыццӕгты ӕнгӕс дыууӕ къӕйдуры рацагътон ӕмӕ, къӕйдуртӕ мӕ къухты, афтӕмӕй ссыдтӕн хохмӕ. 4Дунедарӕг та сыл ногӕй ныффыста, ӕмбырды бон уӕм хохы сӕр арты хуылфӕй цы Дӕс фӕдзӕхсты радзырдта, уыдон ӕмӕ мӕм сӕ радта. 5Хохӕй рараст кодтон, ӕрцыдтӕн ӕмӕ къӕйдуртӕ, Дунедарӕг мын куыд загъта, афтӕ Чырыны бафснайдтон. 6Израилӕгтӕ та Беерот-Бене-Йааканӕй Мосерамӕ араст сты. Аарон уым амард, ӕмӕ йӕ уыцы ран баныгӕдтой. Йӕ бӕсты сауджын сси йӕ фырт Елеазар. 7Уырдыгӕй араст кодтой Гудгодамӕ, дарддӕр та — донарӕх Иотватамӕ.

8Уыцы рӕстӕджы Дунедарӕг Левийы мыггаджы фӕхицӕн кодта, цӕмӕй Фидыды Чырын хӕссой, Дунедарӕджы раз уой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной; цӕмӕй Йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной. Уый абоны онг дӕр афтӕ у. 9Уымӕн нӕ бахаудта уӕрсты Левийы мыггаг, ӕмӕ йын йе’фсымӕрты ӕмрӕнхъ уый тыххӕй нӕй хай. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг у йӕ хай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уымӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.

10Хохы сӕр та кӕддӕрау дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон ӕмӕ та мын ацы хатт дӕр айста мӕ куывд Дунедарӕг — нӕ Йӕ бафӕндыд уӕ фесафын. 11Дунедарӕг мын загъта: „Сыст ӕмӕ ацы адӕмы дӕ фӕдыл ахон. Фӕцӕуӕнт ӕмӕ сӕхи бакӕнӕнт, сӕ фыдӕлтӕн сын, сомы ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый“.

12Уӕдӕ ма мын зӕгъут ныр сымах, израилӕгтӕ, цы уӕ агуры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау? Ӕрмӕстдӕр уый, цӕмӕй Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсат ӕмӕ Йын кад кӕнат, кӕддӕриддӕр Йӕ фӕдыл цӕуат, уарзат Ӕй, Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнат; 13уӕ фарны сӕраппонд уын абон кӕй кой кӕнын, Дунедарӕджы уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнат. 14Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, сты арв дӕр ӕмӕ уӕларв дӕр, зӕхх дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уыдон дӕр, 15фӕлӕ ӕрмӕст уӕ фыдӕлтӕ фесты Дунедарӕгӕн адджын, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты’хсӕн равзӕрста сымах, сӕ байзӕддӕгты. Уый абоны онг дӕр афтӕ у. 16Уӕдӕ сунӕт скӕнут уӕ зӕрдӕтӕн ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ уӕхи фӕнд мауал тӕрут. 17Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хуыцӕутты Хуыцау у, хицӕутты Хицау; хъулон ми Чи нӕ зоны ӕмӕ гӕртам Чи нӕ исы, уыцы хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг стыр Хуыцау. 18Уый хъахъхъӕны сидзӕр ӕмӕ идӕдзы бартӕ; уарзы ӕрцӕуӕггаджы ӕмӕ йын къӕбӕр ӕмӕ дарӕс дӕтты. 19Макуы атигъ кӕн дӕхи ӕрцӕуӕггагыл, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут Мысыры. 20Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, уарз, тӕрс Дзы ӕмӕ Йын лӕггад кӕн, дӕхи Йыл бафӕдзӕхс ӕмӕ Йын Йӕ номӕй ард хӕр. 21Уый дӕ кад у, дӕ Хуыцау, дӕ цӕстыты раз дӕу тыххӕй уыцы стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг диссӕгтӕ Чи сарӕзта, Уый. 22Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз уыдысты дӕ фыдӕлтӕ, Мысырмӕ куы фӕхаудтой, уӕд, ныр та дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕ мыггаг арвы стъалытау сбирӕ кодта.
Copyright information for OssIBT2022