Deuteronomy 11
1Уӕдӕ уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кӕддӕриддӕр Ын ӕххӕст кӕн Йӕ домӕнтӕ, макуы ахиз Йе’гъдӕуттӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты. 2Мӕ ныхӕстӕ уӕ цоты’рдӕм арӕзт не сты — уыдон нӕ зонынц ӕмӕ нӕ федтой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕфхӕрд, Йе стырад, Йӕ хъомысджын къух ӕмӕ Йӕ цонджы хъару; 3Мысыры цы ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта; фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйӕн цытӕ бакодта; 4Мысыры ӕфсад уӕ фӕсте куы расырдта, уӕд сӕ ӕд бӕхтӕ ӕмӕ ӕд уӕрдӕттӕ Сырх денджызы куыд фӕдӕлдон ӕмӕ куыд бабын кодта, уыдӕттӕ; абоны онг сӕ кой дӕр нал ис. 5Цалынмӕ ардӕм цыдыстут, уӕдмӕ уын Уый ӕдзӕрӕг быдыры цытӕ бавзарын кодта! 6Рувимы мыггагӕй Елиавы фыртты, Датан ӕмӕ Авирамы, куыд байсӕфта! Фӕйнӕрдӕм фӕцыди зӕхх ӕмӕ сӕ’ппӕт Израилы раз ӕд бинонтӕ, ӕд цатыртӕ, ӕд фос ӕмӕ ӕд исбон аныхъуырдта. 7Уӕхи цӕстытӕй федтат сымах, Дунедарӕг цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уый. 8Уӕдӕ афтӕ: ӕз уын кӕй дзурын, Дунедарӕджы ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй сфидар уат ӕмӕ, уӕхи йӕ бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уый уӕхи бауа; 9цӕмӕй, Дунедарӕг кӕмӕй расомы кодта, уӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ йӕ сӕ байзӕддагӕн ратдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрат. 10Уымӕн ӕмӕ, уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уый, кӕцӕй рацыдыстут, уыцы Мысыры хуызӕн нӕу. Уым-иу мыггаг байтыдтат зӕххы ӕмӕ-иу, ууыл цӕхӕрадонау дон кӕнгӕйӕ, уӕ къӕхтӕ ахаудтой. 11Уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уый у хӕхтӕ ӕмӕ дӕлвӕзты бӕстӕ, ӕрвон ӕртӕхӕй сӕтты йӕ дойны. 12Уыцы бӕстӕйыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ауды ӕппынӕдзух. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афӕдзы райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ уымӕ Йӕ цӕст дары.Цы ӕвзарут: арфӕ ӕви ӕлгъыст?
13Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын куы ӕххӕст кӕнат, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы уарзат, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ Йын удуӕлдайӕ лӕггад куы кӕнат, 14уӕд Ӕз йӕ афоныл — уалдзӕг дӕр ӕмӕ фӕззӕг дӕр — уӕ бӕстӕйӕн къӕвдайы ӕртах дӕтдзынӕн, ӕмӕ уӕм уыдзӕни хор, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой. 15Ӕз уын уӕ быдырты уӕ фосӕн кӕрдӕг ӕрзайын кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕххормаг никуы уыдзыстут. 16Уӕ зӕрдӕ уӕ ма асайӕд, ма адзӕгъӕл ут ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ сын кувын ма райдайут. 17Науӕд уӕм Дунедарӕджы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕлӕрвтӕ гуыдырӕвӕрд скӕндзӕни, къӕвдайы ӕртах нал ӕруадздзӕни. Зӕхх тыллӕг нал ратдзӕн, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы цагъды фӕуыдзыстут, Дунедарӕг уын кӕй дӕтты, уыцы алӕмӕты бӕстӕйы. 18Уӕдӕ уын абон кӕй фӕдзӕхсын, уыцы ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы арф бавӕрут, алкӕддӕр уӕнт уӕ хъуыдыйы. Уӕ къухыл сӕ фӕнысан кӕнут, уӕ ныхыл сӕ бабӕттут. 19Дзурут ӕмӕ сӕ дзурут уӕ цотӕн, фӕлхат сӕ кӕнут хӕдзары дӕр ӕмӕ фӕндагыл дӕр, ӕхсӕв ӕрхуысгӕйӕ дӕр ӕмӕ райсомӕй растгӕйӕ дӕр. 20Ныффыссут сӕ уӕ хӕдзӕртты уӕлкъӕсӕртыл ӕмӕ уӕ сахары кулдуарыл. 21Цӕмӕй, цалынмӕ зӕххы сӕрмӕ арв уа, уӕдмӕ, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, ууыл сымах дӕр ӕмӕ уӕ тъымы-тъыма дӕр цӕра. 22Ӕз уын кӕй дзурын, Дунедарӕджы ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ бӕстон куы ӕххӕст кӕнат, куы Йӕ уарзат, кӕддӕриддӕр Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат ӕмӕ Йыл иузӕрдион куы уат, 23уӕд Уый уӕ цурӕй ацы адӕмты се’ппӕты дӕр фӕсурдзӕн, уӕд басӕтдзыстут, нымӕцӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр кӕй не’ййафут, уыцы адӕмты. 24Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат — сымах уыдзӕн: ӕдзӕрӕг быдырӕй Ливанмӕ, Евфраты донӕй Зӕххастӕуы денджызы онг аххӕсдзысты уӕ зӕххытӕ. 25Ничи фӕлӕудзӕн уӕ ныхмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ; тас ӕфтаудзӕн, кӕдӕм бацӕуат, уыцы бӕстӕтӕй алкӕуыл дӕр, ӕмӕ ӕмризӕджы риздзысты уӕ разы. 26Уӕхимӕ кӕсут: абон мӕнмӕ сымахӕн ис арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. 27Куыд уын дзурын, афтӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕм куы хъусат, уӕд — арфӕ. 28Ӕлгъыст — Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕм куынӕ байхъусат, абон уын ӕз цы фӕндаг амонын, уымӕй куы фӕзилат ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, уыцы ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куы ацӕуат, уӕд. 29Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах, цы бӕстӕ байсынмӕ цӕут, уырдӕм куы бакӕна, уӕд арфӕйы ныхас зӕгъут Геризимы хохыл, ӕлгъысты ныхас — Эвалы хохыл. 30(Уыцы хӕхтӕ Иорданы фале сты, ныгуылӕнмӕ фӕндагыл, Аравӕйы ӕдзӕрӕг быдыры чи цӕры, уыцы ханаанӕгты бӕстӕйы, Гилгалы бакомкоммӕ, Морейы тулдзты цур.) 31Уымӕн ӕмӕ сымах Иорданы сӕрты хизут, цӕмӕй уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕ уӕхи бакӕнат. Уӕхи йӕ бакӕндзыстут ӕмӕ дзы ӕрцӕрдзыстут, 32фӕлӕ-иу бӕстон ӕххӕст кӕнут, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ.
Copyright information for
OssIBT2022