Deuteronomy 13
1Дӕ адӕмы’хсӕн пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕг куы фӕзына ӕмӕ дын исты ӕвдисӕйнаг кӕнӕ диссаг куы равдиса, 2йӕ ныхӕстӕ куы’рцӕуой, ӕмӕ дӕ стӕй, кӕй никуы зыдтай, ахӕм хуыцӕутты фӕдыл цӕуын ӕмӕ сын лӕггад кӕныныл куы ардауа, 3уӕд уыцы пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕгмӕ ма хъус — уый уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕлваргӕ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт уды хъаруйӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзут ӕви нӕ, уый базонынӕн. 4Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдыл цӕут, Уымӕй тӕрсут, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын ӕххӕст кӕнут ӕмӕ Йӕм хъусут, лӕггад Ын кӕнут ӕмӕ Йыл иузӕрдион ут. 5Уыцы пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕг та маринаг у — Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Мысырӕй уӕ Чи ракодта ӕмӕ уӕ цагъарадӕй Чи фервӕзын кодта, Уый ныхмӕ кӕй ралӕууыд ӕмӕ уӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕндагӕй иуварс кӕй здӕхта, уый тыххӕй. Фесафут уе’хсӕнӕй фыддзинад! 6Дӕ хӕрз ӕфсымӕр дӕ куы ардауа сусӕгӕй, дӕ фырт, дӕ чызг, дӕ уарзон бинойнаг кӕнӕ дын дӕ адджын ӕмбал куы дзура, цом ӕмӕ лӕггад кӕнӕм, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн, 7зӕххы цъарыл дӕм дард кӕнӕ ӕввахс чи цӕры, уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн, — 8ма сразы у йемӕ, ма йӕм хъус, ма йын тӕригъӕд кӕн, ма йыл ауӕрд ӕмӕ йӕ ма раст кӕн. 9Амар ӕй! Фыццаг цӕф ыл дӕхи къухӕй ӕрцӕуӕд, уый фӕстӕ та йӕ цӕвӕнт иннӕ адӕм! 10Дурты бын ӕй фӕкӕнут, куыд амӕла, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ уый ардыдта Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уацарӕй уӕ Чи ракодта Мысырӕй, Уый ныууадзыныл. 11Ӕгас Израил фехъусдзысты уыцы хабар, тас сыл бахӕцдзӕн, ӕмӕ ахӕм ми ничиуал бакӕндзӕн уе’хсӕн. 12– 13Дунедарӕг, Дӕ Хуыцау, дӕуӕн цӕрынӕн кӕй радта, уыцы сахартӕй искӕцыйы тыххӕй куы фехъусай, ӕнӕхуыцӕуттӕ дзы фӕзынд ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты галиу фӕндагмӕ аздӕхтой, цом ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, ӕндӕр ахӕм хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ, 14уӕд хъуамӕ хъуыддаг сбӕрӕг кӕнай, лыстӕг ӕрфӕрсай ӕмӕ алцыдӕр бӕлвырд базонай. Кӕд ӕцӕг разына, ӕмӕ, уе’хсӕн ахӕм ӕлгъаг ми ӕрцыд, уый сбӕрӕг кӕнай, 15уӕд сахары ӕппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъд, ӕгас сахар ӕлгъыстаг фӕкӕн, ӕд ис, ӕд бис, суанг фосы дӕр-иу карды амӕттаг бакӕн. 16Йӕ фӕллой йын фӕзы астӕумӕ ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ йӕ басудз иууылдӕр — Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, иууылсудзинаг нывондӕн. Сахар мыггагмӕ хӕлддзӕгты кӕри фестӕд ӕмӕ ногӕй арӕзт макуыуал ӕрцӕуӕд. 17Мацы баззайӕд дӕ къухы уыцы ӕлгъыстаг фӕллойӕ, цӕмӕй дӕм Дунедарӕгӕн Йӕ маст ма ссудза, Йӕ хорзӕх дын ратта ӕмӕ, дӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ дын дӕ мыггаг сбирӕ кӕна. 18Афтӕ уыдзӕни, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхасмӕ куы хъусай, абон дын кӕй хъусын кӕнын, уыцы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхсызгон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд.
Copyright information for
OssIBT2022