‏ Deuteronomy 14

1Сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, байзӕддаг стут ӕмӕ сау дарыны нысанӕн ма лыгтӕ кӕнут уӕ буар, уӕ ныхы сӕрмӕ булкъдаст ма кӕнут уӕ хил. 2Уымӕн ӕмӕ сымах стут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уаз адӕм, зӕххы цъарыл ӕппӕт адӕмты’хсӕн Йӕхицӕн ӕрмӕст сымах равзӕрста.

3Ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй мацы хӕр. 4Цы цӕрӕгойты фыд дын ӕмбӕлы хӕрын, уыдон сты: стур, фыс, сӕгъ, 5саг, сугъахъ, сӕгуыт, сычъи, хъӕддаг сӕгъ, антилопӕ ӕмӕ дзӕбидыр. 6Сынӕр чи цӕгъды, уыцы саджилсӕфтӕг фосӕй дын алкӕй фыд дӕр хӕрыны бар ис. 7Сынӕр чи цӕгъды, уыцы фосӕй уын нӕфӕтчиаг сты теуа, тӕрхъус ӕмӕ даман: уыдон сынӕр цӕгъдынц, фӕлӕ саджилсӕфтӕг не сты. 8Хуы дӕр ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн, уымӕн ӕмӕ уый саджилсӕфтӕг у, фӕлӕ сынӕр нӕ цӕгъды. Сӕ фыд дӕр сын ма хӕрут ӕмӕ сын сӕ мардмӕ дӕр ма ӕвналут.

9Доны цӕрӕгойтӕй уын хӕрӕн ис ӕрмӕстдӕр, ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл ис, уыдоны фыд. 10Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдоны фыд та сыгъдӕг нӕу ӕмӕ нӕфӕтчиаг у сымахӕн.

11Алыхуызон сыгъдӕг мӕргъты дзидза хӕрут. 12Мӕргътӕй уын хӕрын кӕй фыд не’мбӕлы, уыдон сты: цӕргӕс, хъӕрццыгъа, саубоцъо цӕргӕс; 13уарийы, цъиусуры мыггагӕй цы ис, уыдон; 14халоны мыггагӕй цы ис, уыдон; 15страус, уыг, кӕсагдзау; хъӕрццыгъайы мыггагӕй цы ис, уыдон; 16сидахъхъ, ибис, доныхъаз; 17уыг, хъыргъы, денджызы сынт; 18къадз; кӕсагласы мыггагӕй цы ис, уыдон; дыгоппон; хӕлынбыттыр. 19Тӕхаг сасчы мыггагӕй цы ис, уыдон сыгъдӕг не сты. Нӕфӕтчиаг сты сымахӕн. 20Цыфӕнды сыгъдӕг маргъы фыд дӕр уын хӕрӕн ис. 21Хӕдмӕл дзидза ма хӕрут. Уӕ сахары чи ӕрцард, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн-иу ӕй раттут, уыдон ӕй хӕрӕнт, науӕд-иу ӕй ауӕй кӕнут ӕцӕгӕлӕттӕн, уымӕн ӕмӕ сымах уаз адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн.

Ма фыц сӕныччы мард йӕ мады ӕхсыры.

22Дӕ хуымы тыллӕгӕн-иу ӕрвылаз йӕ дӕсӕймаг хай рахицӕн кӕн 23ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым бахӕр: дӕ хор, дӕ сӕн ӕмӕ оливӕйы сойӕн сӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ, де стурты ӕмӕ дӕ фысвосы сӕртӕ. Ӕдзухдӕр дӕ хъуыдыйы уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйӕ ма хицӕн кӕнӕд Йӕ тас. 24Кӕд ӕмӕ дӕм, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уый дард у ӕмӕ дын ӕппӕт уыдӕттӕ уырдӕм фӕхӕссын зын у, уӕд Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, фӕндӕй, 25баив ӕппӕт уыдон ӕвзистыл ӕмӕ уыцы ӕвзист демӕ ахӕсс, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уырдӕм. 26Ӕмӕ балхӕн уыцы ӕвзистӕй, дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ: стуртӕ ӕмӕ фысвос, сӕн ӕмӕ бӕгӕны, цы дӕ фӕнда, уый ӕмӕ цӕл кӕн уым Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, де’ппӕт бинонтимӕ. 27Фӕлӕ дӕ уыцы рӕстӕг ма ферох уӕд дӕ сахары цӕрӕг левит: уымӕн, дӕуӕй хъауджыдӕр, нӕй зӕххы хай дӕр ӕмӕ исбон дӕр.

28Дӕуӕн ӕртӕ азӕй ӕртӕ азмӕ дӕ афӕдзы тыллӕджы дӕсӕймаг хай сахары кулдуӕртты размӕ хӕсгӕ у. 29Цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмӕ сӕхи бафсадой, дӕуӕй хъауджыдӕр зӕхх ӕмӕ исбонӕй хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ, дӕ цуры цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг, идӕдз ӕмӕ сидзӕр, ӕмӕ ды та дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕгонд уай Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.
Copyright information for OssIBT2022