Deuteronomy 15
Хӕстӕ ныббарыны тыххӕй
1Алы ӕвдӕм аз дӕр-иу, хӕс дӕ чи дары, уымӕн йӕ хӕс ныххатыр кӕн. 2Ома хӕс куы раттай, уӕд ӕй, Дунедарӕджы хатырӕй, де’фсымӕрӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искӕмӕй дӕр фӕстӕмӕ мауал бацагур. 3Ӕрцӕуӕггаджы, дӕ бон у, ӕмӕ дӕ хӕсы тыххӕй батыхсын кӕнай, фӕлӕ йӕ де’фсымӕрӕн ныббар. 4Уӕвгӕ уӕм мӕгуыртӕ хъуамӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд уыдзыстут Дунедарӕгӕй, уӕхи йӕ бакӕнут, зӕгъгӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл. 5Ӕрмӕст Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, хъусут ӕмӕ-иу, абон уын цы зӕгъын, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнут. 6Зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ уӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хорзӕх куы уа, уӕд бирӕ адӕмтӕн ӕфстау дӕтдзыстут, уӕхи та ӕфстау райсыны сӕр никуы бахъӕудзӕн; сымах бирӕ адӕмтӕн хицауиуӕг кӕндзыстут, уыдон та уын хицауиуӕг нӕ кӕндзысты. 7Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕйы сахартӕй искӕцыйы де’фсымӕртӕй исчи мӕгуыр у, зӕгъгӕ, уӕд дӕ зӕрдӕ ма ныддур кӕн ӕмӕ йын йӕ размӕ афтид арм ма дар. 8Дзагармӕй ӕрбалӕуу дӕ тыхст ӕфсымӕры фарсмӕ ӕмӕ йын, хъуаг цӕмӕй ӕййафы, уый ратт ӕфстау. 9Ӕвдӕм аз, хӕстӕ барыны аз, ӕрбахӕццӕ кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕнаккаг хъуыды ма бахъуызӕд дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дӕ мӕгуыр ӕфсымӕрыл дӕхи ма атигъ кӕн: йӕ дзыназын Дунедарӕгмӕ фехъуысдзӕн, ӕмӕ тӕригъӕды бацӕудзынӕ. 10Цас дӕ куры, уый бӕрц ын зӕрдӕхӕларӕй ратт, ӕмӕ Дунедарӕгӕй, Дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕни дӕ алы хъуыддаг, дӕ алы куыст дӕр. 11Бӕстӕйы кӕддӕриддӕр мӕгуыр адӕм уыдзӕни, ӕмӕ дын уымӕ гӕсгӕ фӕдзӕхсын ӕз: рӕдаукъух у де’фсымӕрӕн, дӕ бӕстӕйы цӕрӕг ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуырӕн.Дзуттаг цагъары ӕхсӕз азы фӕстӕ ссӕрибар кӕн
12Дӕхи адӕмӕй исчи, дзуттаг нӕлгоймаг кӕнӕ дзуттаг сылгоймаг, дӕ цагъар куы суа, уӕд дын ӕхсӕз азы фӕкусӕд, ӕвдӕм аз та йӕ ссӕрибар кӕн. 13Куы йӕ сӕрибар кӕнай, уӕд та йӕ афтидармӕй ма ауадз. 14Схай йын кӕн, цы дӕ бон у, уый дӕ фосӕй, дӕ мусӕй, дӕ сӕнӕй; схай йын кӕн, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, фӕрцы дӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕй. 15Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын. 16Дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бинонты дӕр куы бауарза ӕмӕ дын куы зӕгъа, нӕ цӕуын, мӕнӕн сымахмӕ хорз у, зӕгъгӕ, 17уӕд райс туас, йӕ хъус ын дуармӕ балхъив ӕмӕ йын ӕй туасӕй фӕхуынкъ кӕн, цӕмӕй дӕм цӕргӕбонты цагъарӕй баззайа. Афтӕ кӕнгӕ у сылгоймаг цагъарӕн дӕр. 18Дӕ цагъары кӕй сӕрибар кӕныс, ууыл ма маст кӕн: уый дын ӕхсӕз азмӕ дыууӕ ӕххуырстӕй фылдӕр пайда ӕрхаста, Дунедарӕгӕй та, дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзӕн дӕ алы хъуыддаг дӕр.Стуртӕ ӕмӕ фысвосы фыццаг цӕуӕты тыххӕй
19Де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосӕн сӕ фыццаг цӕуӕт кӕддӕриддӕр нывонд кӕн Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн. Фыццаг гайлаг кусынӕн нӕу, фыццаг фыры ӕлвынӕн нӕй. 20Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз сӕ хӕр алы аз дӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг цы бынат равзара, уым. 21Фос къуылых, куырм кӕнӕ ӕндӕр исты сахъат у, зӕгъгӕ, уӕд ӕй Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондӕн ма ӕрхӕсс. 22Дӕ сахары йӕ хӕр. Уыцы дзидзайӕ, сӕгуыт ӕмӕ фысы фыдау, хӕрыны бар ис сыгъдӕг адӕймагӕн дӕр ӕмӕ, йӕхи чи фӕчъизи кодта, уымӕн дӕр. 23Ӕрмӕст ын йӕ тугӕй макуы фӕхъӕстӕ кӕнут уӕхи, зӕхмӕ-иу ӕй акалут донау.
Copyright information for
OssIBT2022