‏ Deuteronomy 17

1Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, сахъат стуртӕ кӕнӕ фысвосӕй нывонд ма хӕсс — ӕлгъаг ми у уый Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы цӕсты.

2Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы сахартӕй искӕцыйы ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг куы разына, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, исты ӕвзӕрдзинад чи сараза ӕмӕ Йемӕ фидыд чи фехала; 3Йӕ ныхасы сӕрты ахизгӕйӕ, исчи ӕндӕр хуыцӕуттӕн, хур, мӕй кӕнӕ стъалытӕн куы лӕггад кӕна ӕмӕ-иу сын куы бакува, 4уӕд, уыцы хабар фехъусгӕйӕ, хъуыддаг сбӕлвырд кӕн, ӕмӕ, кӕд Израилы ӕцӕгдӕр ахӕм ӕлгъаг ми сарӕзтӕуыд, 5уӕд уыцы адӕймаджы, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут.

6Марыны тӕрхон рахӕссӕн ис дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ. Иу ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ марыны тӕрхон рахӕссӕн нӕй. 7Сӕ къух ӕм хъуамӕ фыццаг ӕвдисӕнтӕ сисой, уый фӕстӕ та — адӕм. Фесафут уе’хсӕнӕй фыддзинад!

8Туг ныккалди, быцӕу рауади, исчи фӕцӕф ис, ӕмӕ раст тӕрхон рахӕссыныл дӕ сахары дӕ зӕрдӕ нӕ дарыс, зӕгъгӕ, уӕд фӕцу, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уырдӕм. 9Бафӕрс сауджынты, левитты ӕмӕ, уыцы рӕстӕг тӕрхоны лӕг чи уа, уый, ӕмӕ дын уыдон зӕгъдзысты сӕ уынаффӕ. 10Куыд дын зӕгъой, афтӕ-иу бакӕн, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уым. 11Уыдон дын цы’гъдау бацамоной ӕмӕ цы тӕрхон скӕной, уымӕ гӕсгӕ-иу алцыдӕр бакӕн, рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзил, афтӕмӕй. 12Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, уыцы ран лӕггад цы сауджын кӕна, уымӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгмӕ йӕ фыр къӕйныхӕй чи нӕ байхъуса, уый маринаг у. Фесафут Израилӕй фыддзинад! 13Уадз ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр фехъусой ӕмӕ стӕрсой, ӕмӕ мачиуал бауӕнда къӕйных уӕвын.

14Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕхи йӕ куы бакӕнат, куы дзы ӕрбынӕттон уат ӕмӕ куы зӕгъат, нӕ алыварс адӕмтау махӕн дӕр паддзах куы уаид, зӕгъгӕ, 15уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уе’фсымӕртӕй кӕй равзара, уый скӕнут паддзах уӕхицӕн. Ӕндӕрбӕстаджы ма скӕнут паддзах — уый уе’фсымӕр нӕу. 16Ӕрмӕст паддзах бирӕ бӕхтӕ ма скӕнӕд йӕхицӕн ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Мысырмӕ ма арвитӕд, цӕмӕй йӕ бӕхтӕ ноджы фӕфылдӕр уой, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг афтӕ загъта: „Уыцы фӕндагыл фӕстӕмӕ макуыуал аздӕхут!“ 17Ӕгӕр бирӕ устытӕ дӕр ма скӕнӕд йӕхицӕн, науӕд сӕнӕуаг уыдзӕн. Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины фӕдыл дӕр ма ацӕуӕд. 18Паддзахы бадӕны куы сбада, уӕд-иу сауджынтӕм, левиттӕм цы тухгӕ чиныг ис, уырдыгӕй ацы Ӕгъдау рафыссӕд йӕхицӕн. 19Цӕргӕбонты йӕ разы уӕд ӕмӕ йӕ кӕсӕд, цӕмӕй сахуыр уа Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, тӕрсын, бӕстон ӕххӕст кӕна ацы Ӕгъдау ӕмӕ йе’ппӕт домӕнтӕ, 20цӕмӕй йе’фсымӕртӕм сӕрбӕрзондӕй ма кӕса, ацы фӕдзӕхстытӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзила, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тъымы-тъыматӕм паддзахиуӕг кӕной Израилы.
Copyright information for OssIBT2022