Deuteronomy 18
Сауджын левитты хай
1Сауджын левиттӕн, Левийы хӕдзарвӕндагӕн ӕмткӕй, иннӕ израилӕгтӕй хъауджыдӕр, хай нӕ уыдзӕн, бынтӕ сын нӕ баззайдзӕн: Дунедарӕджы хуынтӕй цӕрдзысты, уыдон сты сӕ хай. 2Левийы мыггагӕн хай нӕ уыдзӕн се’фсымӕрты’хсӕн. Дунедарӕг сын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕмӕй Йӕхӕдӕг у уыдонӕн сӕ хай. 3Стур кӕнӕ лыстӕг фосы кусартӕн йӕ базыг, ӕфсӕр ӕмӕ ахсӕн уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ сауджынтӕм хауынц, ӕмӕ сӕ алчидӕр хъуамӕ уыдонӕн дӕтта. 4Хор, сӕн, сой ӕмӕ къуымбилы сӕртӕ дӕр уыдонӕн дӕтгӕ сты. 5Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт мыггӕгты’хсӕн уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын уырдыг лӕууой ӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд лӕггад кӕной сӕ тъымы-тъымамӕ. 6Израилы сахартӕй кӕцыфӕндыйы цӕрӕг левит дӕр, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы бацӕуа 7ӕмӕ, уым Дунедарӕгӕн уырдыг чи лӕууы, уыцы левиттау, йе’фсымӕртау, лӕггад куы кӕна Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, 8уӕд ын уыдонимӕ ӕмхуызон хай ис, йӕ фыды бынтӕ йын цӕрынваг куы кӕной, уӕд дӕр.Кӕлӕнгӕнджытӕ ӕмӕ дӕсныты ныхмӕ
9Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕд уымы адӕмты ӕлгъаг митӕ ма бафӕзмут. 10Ма уӕд уе’хсӕн: йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты нывондӕн чи ӕрхӕсса, ахӕмтӕ; дӕсныфӕрсджытӕ, хингӕнджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ; 11куырысдзаутӕ, мӕрдтӕмсидджытӕ, мӕрдты удтӕй сӕ фӕрстытӕн дзуапп домджытӕ. 12Уымӕн ӕмӕ ӕлгъаг у Дунедарӕгӕн ахӕм адӕймаг. Уыдӕтты тыххӕй байсдзӕни Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы зӕхх ӕндӕр адӕмтӕй ӕмӕ йӕ сымахӕн ратдзӕн. 13Ӕнӕкъӕм ут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз! 14Уымӕн ӕмӕ, уӕхи кӕй зӕхх бакӕндзыстут, уыцы адӕмтӕ дӕснытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕм хъусынц, сымахӕн та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ахӕм бар нӕ дӕтты.Дунедарӕг рарвитдзӕн Моисейы хуызӕн пехуымпары
15Мӕн куыд сӕвӕрдта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ уын уе’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни пехуымпар, ӕмӕ-иу уымӕ хъусут. 16Сымах ӕмбырдӕй Хоревы рӕбын Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, цыдӕриддӕр домдтат, уыдӕттӕ сӕххӕст уыдзысты. Загътат: „Куынӕуал фехъусиккам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъӕлӕс, куынӕуал фениккам уыцы стыр арт, ӕндӕра нын ӕнӕ мӕлгӕ нӕ уыдзӕн!“ 17Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Афтӕ кӕй загътой, уый хорз у. 18Сӕхи’хсӕнӕй сын сӕвӕрдзынӕн Ӕз дӕ хуызӕн пехуымпары. Йӕ комы йын Мӕ ныхӕстӕ бавӕрдзынӕн, ӕмӕ йын Ӕз цыдӕриддӕр зӕгъон, уыдӕттӕ дзурдзӕн. 19Уыцы пехуымпар Мӕ номӕй цы дзура, уыдӕттӕм чи нӕ байхъуса, уымӕн Ӕз Мӕхӕдӕг тӕрхон кӕндзынӕн. 20Фӕлӕ пехуымпар, Ӕз кӕй нӕ загътон, уыцы ныхас Мӕ номӕй кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын куы бауӕнда, уӕд ӕй марын хъӕуы“. 21Чи зоны, ды дӕхинымӕр зӕгъай: „Ӕмӕ куыд базондзыстӕм мах, Дунедарӕгӕй чи нӕ рацыди, уыцы ныхас?“ 22Пехуымпар Дунедарӕджы номӕй кӕй зӕгъа, уыцы ныхас куынӕ ӕрцӕуа ӕмӕ куынӕ сӕххӕст уа, уӕд йӕ ныхас Дунедарӕгӕй нӕ рацыд, фӕлӕ йӕ пехуымпар къӕйныхӕй загъта йӕхӕдӕг, ма дзы тӕрс.
Copyright information for
OssIBT2022