‏ Deuteronomy 19

Ноджыдӕр ма ӕртӕ ӕмбӕхсӕн сахары

1Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй зӕхх дӕтты, уыцы адӕмты куы ныццӕгъда ӕмӕ йӕ сымах уӕхи куы бакӕнат, сӕ сахартӕ ӕмӕ сын сӕ хӕдзӕртты куы ӕрбынӕттон уат, 2уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕйы рахицӕн кӕнут ӕртӕ сахары. 3Сбарут фӕзуат ӕмӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх ӕртӕ дихы акӕнут, цӕмӕй-иу туджджын уыцы сахартӕй искӕцымӕ алидза.

4Туджджынӕн уыцы сахартӕй искӕцымӕ алидзӕн ӕмӕ уым йӕ сӕр бафснайӕн ис, знаг ын нӕ уыди, афтӕмӕй искӕй ӕнӕбары куы амара, уӕд. 5Зӕгъӕм, адӕймаг ӕмбалимӕ хъӕдмӕ ацыди сугтӕм ӕмӕ, бӕласы зӕнг ӕрцӕвон, зӕгъгӕ, фӕрӕт хӕрдмӕ фӕхаста, афтӕмӕй фӕрӕт йӕ хъӕдӕй фӕхаудис, ӕмбалыл сӕмбӕлд, ӕмӕ уый фӕмард ис. Ахӕм адӕймагӕн бар ис уыцы ӕртӕ сахарӕй искӕцымӕ алидзын ӕмӕ уым йӕ сӕр бафснайын, 6цӕмӕй тугисӕг йӕ тӕвдӕй туджджыны фӕсте ма асура, фӕндаг дард кӕй у, уый аххосӕй йӕ ма баййафа ӕмӕ йӕ ма амара: маринаг нӕу — ӕнӕбары амардта, знаг ын чи нӕ уыди, уыцы адӕймаджы. 7Уымӕн уын зӕгъын: ӕртӕ сахары рахицӕн кӕнут.

8Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ фыдӕлтӕн куыд басомы кодта, афтӕ, уӕ арӕнтӕ куы суӕрӕх кӕна ӕмӕ уын, уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый ӕнӕхъӕнӕй куы ратта 9(афтӕ уыдзӕн, ӕз уын абон кӕмӕй зӕгъын, ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ бӕстон куы ӕххӕст кӕнат, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы уарзат ӕмӕ цард-цӕрӕнбонты Йӕ фӕдыл куы цӕуат), уӕд ма-иу уыцы ӕртӕ сахармӕ ноджыдӕр ӕртӕ бафтаут. 10Ӕмӕ никуы ныккӕлдзӕн ӕнаххосы туг, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, ӕмӕ тугныккалды азымджын нӕ фӕуыдзыстут.

11Фӕлӕ исчи искӕмӕ знаджы зӕрдӕ куы дара, йӕ размӕ куы бабада, куы йыл фӕхӕст уа ӕмӕ йӕ куы амара ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы сахартӕй искӕцымӕ куы алидза, 12уӕд ӕй, цы сахайраг у, уыцы сахары хистӕртӕ фӕстӕмӕ ӕрбакӕнын кӕнӕнт, кӕдӕм алыгъди, уыцы сахарӕй ӕмӕ йӕ, туг кӕмӕй дары, уыдоны къухтӕм раттӕнт, цӕмӕй мард ӕрцӕуа. 13Ма йын батӕригъӕд кӕнут! Ӕнаххос туг ныккалыны азарӕй бахизут Израилы, ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзыстут.

14Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, дӕ сыхагӕй де’хсӕн фыдӕлтӕй цы арӕн баззад, ууыл ма бахӕц фалдӕр.

Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ

15Исты фыдракӕнд, галиу ми кӕнӕ тӕригъӕды базылын кӕнынӕн иу ӕвдисӕн фаг нӕу: алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа.

16Исчи искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн куы балӕууа, фыдми ракодта, зӕгъгӕ, 17уӕд быцӕугӕнджытӕ дыууӕйӕ дӕр хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы раз: уыцы рӕстӕджы сауджынтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ чи уа, уыдоны раз. 18Тӕрхонгӕнджытӕ хъуыддагмӕ бӕстон куы ӕркӕсой ӕмӕ ӕвдисӕн мӕнг куы разына, 19уӕд ын, йе’фсымӕрӕн цы бакӕнынмӕ хъавыд, уый йӕхицӕн бакӕнут. Фесафут уе’хсӕнӕй фыддзинад! 20Хабар ӕппӕт адӕм дӕр фехъусдзысты ӕмӕ стӕрсдзысты, ахӕм хъуыддагӕй сӕхи хиздзысты ӕмӕ дарддӕр афтӕ ничиуал бакӕндзӕн сымахӕй. 21Ма батӕригъӕд кӕн: уды ныхмӕ — уд, цӕстӕн — цӕст, къухӕн — къух, къахы ныхмӕ — къах!
Copyright information for OssIBT2022