Deuteronomy 2
Израилӕгты фӕндаг Сеир, Моав ӕмӕ Аммоны рӕзты
1Фӕзылдыстӕм уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Сырх денджызмӕ фӕндагыл араст кодтам. Бирӕ бонты фӕцыдыстӕм Сеиры хӕхты алфамбылай. 2Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: 3„Ӕгъгъӕд уын у ацы хӕхты алыварс цӕуын. Цӕгатӕрдӕм саразут уе’ргом. 4Адӕмӕн бамбарын кӕн: Сеиры чи цӕры, уӕ уыцы ӕфсымӕрты, Исавы байзӕддаджы арӕнтыл уын цӕугӕ у. Уыдон уӕ тӕрсгӕ кӕнынц, фӕлӕ уӕхи хизут 5семӕ схӕцынӕй, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй уылынджы йас дӕр нӕ ратдзынӕн — Сеиры хӕхбӕстӕ Ӕз схай кодтон Исавӕн. 6Цы хойраг хӕрат ӕмӕ цы дон нуазат, уый аргъ сын ӕвзистӕй фидут. 7Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, арфӕ ракодта сымахӕн уӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уый уын уӕ фӕндаджы хабӕрттӕ хорз зоны ацы ӕгӕрон ӕдзӕрӕг быдыры. Ныр дыууиссӕдз азы дӕргъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис, ӕмӕ сымах хъуаг ницӕмӕй ӕййафут“. 8Нӕхи иуварс айстам не’фсымӕртӕй, Исавы байзӕддӕгтӕй, Сеиры цӕрджытӕй, Аравӕмӕ фӕндагӕй, Елат ӕмӕ Ецион-Геверӕй, ӕмӕ нӕ ных Моавы ӕдзӕрӕг быдырмӕ сарӕзтам. 9Дунедарӕг мын загъта: „Моавӕгтӕм ма бабырсут, ма схӕцут семӕ, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй ницы схай кӕндзынӕн — Ар Ӕз Лоты байзӕддӕгтӕн радтон“. 10Раздӕр уым емимӕгтӕ цардысты — Анакы фӕдонтау ӕнӕнымӕц ӕмӕ асӕй бӕрзонд адӕм. 11Уыдон дӕр Анакы байзӕддӕгтау рефаимтыл нымад сты, моавӕгтӕ та сӕ емимӕгтӕ хонынц. 12Сеиры раздӕр цардысты хорӕгтӕ, фӕлӕ сӕ Исавы байзӕддӕгтӕ уырдыгӕй фӕсырдтой, ныццагътой сӕ ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты: израилӕгтӕ, Дунедарӕгӕй сын цы зӕхх лӕвӕрд уыди, уым куыд бакодтой, раст афтӕ. 13„Ныр бавдӕлут, — загъта Дунедарӕг, — ӕмӕ Зереды сӕрты ахизут“. Ӕмӕ ахызтыстӕм Зереды сӕрты. 14Ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы аивгъуыдта, Кадеш-Барнеайӕ куы рацыдыстӕм ӕмӕ Зереды сӕрты куы ахызтыстӕм, уӕдӕй нырмӕ. Уӕдмӕ, Дунедарӕг цы хӕстхъомтӕм бартхъирӕн кодта, уыдонӕй иу дӕр удӕгас нал уыд. 15Дунедарӕг сӕ Йӕ фыдӕхы хай бакодта, цагъта сӕ, цалынмӕ бынтон скуынӕг сты, уӕдмӕ.Аммонӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтӕ
16Хӕстхъомтӕ цагъды куы фесты ӕмӕ адӕмы астӕу сӕ кой дӕр куынӕуал уыди, 17уӕд мын Дунедарӕг загъта: 18„Ныртӕккӕ сымах моавӕгты арӕныл, Арыл, фӕцӕут. 19Аммонӕгтӕм баввахс стут; семӕ быцӕуыл ма ныллӕуут ӕмӕ хӕст ма ракъахут — уыдоны зӕххӕй Ӕз сымахӕн ницы ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ Лоты байзӕддӕгтӕн схай кодтон“. 20Уыцы зӕхх дӕр рефаимты зӕххыл нымад у — раздӕр дзы рефаимтӕ цардысты, аммонӕгтӕ сӕ замзумӕгтӕ хонынц. 21Анакы байзӕддӕгтау ӕнӕнымӕц сты уыцы адӕм, асӕй — бӕрзонд; Дунедарӕг сӕ ныццагъта — аммонӕгтӕ сӕ фӕсырдтой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты. 22Дунедарӕг Исавы байзӕддӕгтӕн дӕр афтӕ бакодта, сӕ цӕстыты раз сын Сеиры цӕрджыты, хорӕгты, куы скуынӕг кодта, уӕд. Израилӕгтӕ сӕ фӕсырдтой ӕмӕ абоны онг сӕ бынаты цӕрынц. 23Газӕйы алфамбылай цӕрӕг аввайӕгты та, Кафторӕй чи ӕрбацыд, уыцы адӕм ныццагътой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты. 24Дунедарӕг загъта: „Цӕут ӕмӕ Арноны сӕрты ахизут. Мӕнӕ уын Ӕз уӕ къухмӕ дӕттын Хешбоны паддзах Сигоны, амораджы, стӕй йӕ бӕстӕ дӕр. Фыццаг уал уый басӕттут, схӕцут йемӕ. 25Тӕккӕ абонӕй фӕстӕмӕ, арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдоныл Ӕз тас ӕфтаудзынӕн, ӕмӕ уын ӕрмӕст уӕ койӕ дӕр ӕмризӕджы риздзысты“.Сигоны басаст
26Кедемоты ӕдзӕрӕг быдырӕй арвыстон минӕвӕрттӕ Сигонмӕ, Хешбоны паддзахмӕ, цӕмӕй йӕм бахатой: 27„Ауадз мӕ дӕ зӕххыл ацӕуын, над фӕндагыл ацӕудзынӕн, рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр нӕ фӕзилдзынӕн. 28Цы хойраг хӕрӕм ӕмӕ цы дон нуазӕм, уый нын ӕвзистыл уӕй кӕндзынӕ; дӕ зӕххыл дын цӕугӕ цы акӕнӕм, ӕндӕр дӕ ницы бахъыгдардзыстӕм. 29Исавы байзӕддӕгтӕ, Сеиры цӕрджытӕ, ӕмӕ Ары цӕрӕг моавӕгтӕ дӕр нын ахӕм бар радтой, цӕмӕй Иорданыл, Дунедарӕг нын цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм ахизӕм“. 30Фӕлӕ нӕ Сигон, Хешбоны паддзах, йӕ зӕххыл ацӕуын нӕ бауагъта. Сызнӕт ӕй кодта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, йӕ зӕрдӕ йын ныддур кодта, цӕмӕй уын ӕй уӕ къухмӕ ратта, ӕцӕгдӕр куыд рауадис, афтӕ. 31Дунедарӕг мын загъта: „Кӕсыс, Сигоны уал дын дӕттын ӕд бӕстӕ. Йӕ зӕхх ын дӕхи бакӕн“. 32Сигон йе’ппӕт адӕмимӕ нӕ ныхмӕ ралӕууыд Йахацы. 33Нӕ къухмӕ йӕ радта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр амардтам, йӕ адӕмы йын се’ппӕты дӕр ныццагътам. 34Йӕ сахартӕ йын иууылдӕр басастам, ӕлгъыстаг сӕ фӕкодтам ӕмӕ дзы цӕрӕг нал ныууагътам; нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — иууылдӕр сӕ ныццагътам. 35Цы сахартӕ басастам, уыдонӕн ӕрмӕстдӕр сӕ фос ӕмӕ ӕндӕр ӕфтиаг ӕрбатӕлӕт кодтам нӕхицӕн. 36Арноны был чи ис, уыцы Ароер ӕмӕ, Арноны дӕлвӕзы цы сахар ис, уырдыгӕй суанг Галаады онг иунӕг сахар дӕр нӕ ныхмӕ лӕууын нӕ бафӕрӕзта — се’ппӕты дӕр нын нӕ амӕттаг бакодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау. 37Ӕрмӕст аммонӕгты зӕхмӕ хӕстӕг нӕ бацыдыстут сымах — нӕдӕр, Йавочы был цы сахартӕ ис, уыдонмӕ, нӕдӕр хӕхбӕсты сахартӕм, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау нын куыд загъта, афтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022