‏ Deuteronomy 20

Хӕсты фӕтк

1Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы ацӕуат ӕмӕ уый бӕрц бӕхтӕ, тохуӕрдӕттӕ, уӕхицӕй бирӕ фылдӕр ӕфсад куы фенат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут! Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уый уемӕ ис! 2Тохы агъоммӕ сауджын рацӕуӕд хӕстонты размӕ ӕмӕ сын зӕгъӕд: 3„Ӕрбайхъус, Израил! Абон сымах хӕстмӕ ралӕудзыстут уе знӕгты ныхмӕ. Уӕ цӕст дӕр ма фӕныкъулут, ма фӕтӕрсут, уӕ ныфс ма асӕттӕд, ма фӕтасут! 4Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хӕстмӕ уемӕ цӕуы, цӕмӕй уе знагыл фӕуӕлахиз уат“.

5Уагдартӕ та зӕгъӕнт хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи хӕдзар сарӕзта, фӕлӕ дзы нӕма ӕрцардис, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йӕ хӕдзары ӕндӕр исчи куы ӕрцӕра. 6Кӕд уӕ исчи сӕндон скодта, фӕлӕ дзы тыллӕг нӕма ӕртыдта, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕд — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йын ӕндӕр исчи йӕ сӕнӕфсир куы ӕртона. 7Кӕд уӕ исчи фидыд у, фӕлӕ йӕ къайаджы нӕма ӕрхуыдта, уӕд аздӕхӕд фӕстӕмӕ — хӕсты, мыййаг, куы фӕмард уа, ӕмӕ йын йӕ усаджы ӕндӕр исчи куы ракура“. 8Зӕгъӕнт ма ноджыдӕр уагдартӕ хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи йӕ ныфс нӕ хӕссы, йӕ зӕрдӕйы тас ис, уӕд аздӕхӕд фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ, цӕмӕй уымӕ гӕсгӕ йе’фсымӕрты зӕрдӕты дӕр тас ма бацӕуа“. 9Уагдартӕ адӕмимӕ сӕ ныхас куы фӕуой, уӕд равзарын хъӕуы хӕстон разамонджытӕ, ӕфсады сӕргъы чи слӕууа, ахӕмтӕ.

10Басӕттынмӕ цы сахар хъават, уыимӕ уал-иу раздӕр сабырӕй дзурут, цӕмӕй ӕнӕ схӕцгӕйӕ уӕхи бауа. 11Кӕд уӕ фӕндоныл сразы уой ӕмӕ уын сахары дуӕрттӕ бакӕной, уӕд уын, цыдӕриддӕр дзы цӕрджытӕ ис, уыдон сегас дӕр хъалон фиддзысты ӕмӕ уӕ цагъартӕ уыдзысты. 12Кӕд ӕмӕ сахар сабырӕй не сразы уа ӕмӕ уемӕ схӕца, уӕд ыл-иу ӕрхъула кӕнут. 13Дунедарӕг, дӕ Хуыцау дын ӕй дӕ къухтӕм ратдзӕн, ӕмӕ дзы нӕлгоймагӕй чидӕриддӕр уа — кардылӕфтыд сӕ фӕкӕнут. 14Сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабиты, стӕй, фос ӕмӕ дзы исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон та уӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕнут ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухтӕм цы знӕгты радта, уыдоны бынтыл ӕрбадут.

15Афтӕ кӕнут, сымахӕй дард чи у, ам цӕрӕг адӕмтӕ кӕмӕ ницы бар дарынц, уыцы сахартӕн. 16Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уыцы сахарты удӕгасӕй макӕй ныууадзут. 17Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн куыд загъта, афтӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут ӕмӕ ныццӕгъдут хеттӕгты, аморӕгты, ханаанӕгты, периззӕгты, хиввӕгты, евусӕгты. 18Цӕмӕй, сӕ хуыцӕутты номыл цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц, уыдоныл сымах дӕр ма сахуыр кӕной ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕды ма бацӕуат.

19Сахар уын уайтагъд нӕ бакуымдта басӕттын ӕмӕ йӕ алыварс дӕргъвӕтин рӕстӕг бонасадӕн кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд ма бахъыгдарут дыргъбӕлӕстӕ, фӕрӕт сӕм ма сисут. Быдыры бӕлас адӕймаг у, мыййаг, ӕмӕ сымахӕй фидармӕ балидздзӕн? 20Акалут ӕрмӕстдӕр, йӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн нӕ бӕззы, уыцы бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕ спайда кӕнут сахары ныхмӕ, цалынмӕ басӕтта, уӕдмӕ.
Copyright information for OssIBT2022