Deuteronomy 21
Искӕй амарыны тыххӕй нывонд, марӕг куы не сбӕрӕг уа, уӕд
1Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕсты адӕймаджы мардыл куы бамбӕлат быдыры ӕмӕ йӕ чи амардта, уый бӕрӕг куынӕ уа, 2уӕд рацӕуӕнт уӕ хистӕртӕ ӕмӕ уӕ тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ сбӕрӕг кӕнӕнт, мард кӕм ссардӕуыди, уыцы бынатӕй, йӕ алфамбылай цы сахартӕ ис, уыдонмӕ цас цыд у, уый. 3Мардмӕ дзы хӕстӕгдӕр кӕцы разына, уыцы сахары хистӕртӕ равзарӕнт, кусгӕ кӕуыл нӕма кодтой ӕмӕ ӕфсондз кӕуыл нӕма уыд, ахӕм дыгӕрдыг. 4Акӕнӕнт дыгӕрдыджы, хуымгонд дӕр чи никуыма уыд ӕмӕ кӕй никуы байтыдӕуыд, ахӕм дӕлвӕзмӕ ӕмӕ йын уыцы ран йӕ бӕрзӕй асӕттӕнт. 5Стӕй ӕрбацӕуӕнт сауджынтӕ, Левийы байзӕддӕгтӕ: уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын лӕггадгӕнӕг уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй арфӕ кӕной, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды быцӕу дӕр ӕмӕ уӕнгсаст фӕкӕныны фӕдыл цыфӕнды хъуыддаг равзарын дӕр уыдонмӕ хауы. 6Хӕстӕгдӕр сахары хистӕртӕ, доны раз цы дыгӕрдыджы бӕрзӕй асастой, уый сӕрмӕ сӕ къухтӕ цӕхсӕнт 7ӕмӕ зӕгъӕнт: „Нӕ къухӕй нӕ ныккалди ацы туг, ницы федтам. 8Дунедарӕг, ма сӕвӕр азым Дӕ адӕмыл, израилӕгтыл, уацарӕй кӕй фервӕзын кодтай, уыдоныл! Сраст кӕн Дӕ адӕмы, израилӕгты!“Ӕмӕ уӕд уыцы тугныккалды уыдон азымджын нӕ уыдзысты. 9Афтӕмӕй уӕхи ӕнаххосы тугныккалды азымӕй бахиздзыстут, Дунедарӕгӕн фӕндон цы у, уый куы кӕнат, уӕд.Уацайраг сылгоймаджы ракурыны тыххӕй
10Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы рацӕуат ӕмӕ уын сӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухтӕм куы ратта ӕмӕ сӕ уацары куы райсат, 11уӕд се’хсӕн рӕсугъд сылгоймаг куы фенай, дӕ зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуа ӕмӕ йӕ ракурын куы сфӕнд кӕнай, 12уӕд ӕй дӕ хӕдзармӕ ӕрбахон. Йӕ сӕр алвынӕд, йӕ ныхтӕ ракӕнӕд, 13йӕ уацайраджы дарӕс раивӕд ӕмӕ мӕйы дӕргъы йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадыл фӕкӕуӕд. Уый фӕстӕ йемӕ ӕмуат ӕрцу, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус уыдзыстут. 14Куынӕуал дӕ хъӕуа, уӕд ӕй, кӕдӕм ӕй фӕнды, уырдӕм ауадз. Уӕй йӕ ма акӕн ӕвзистыл, дӕхицӕн дзы, мӕ бар у, зӕгъгӕ, цагъар ма скӕн.Цоты хистӕры тыххӕй
15Дыууӕ усы кӕмӕн уа, сӕ иу — уарзон, иннӕ та — нӕ, уымӕн сӕ дыууӕ дӕр лӕппутӕ ныййардтой, ӕмӕ, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппу хистӕр зӕнӕг у, зӕгъгӕ, 16уӕд, йӕ фырттӕн йӕ бынтӕ уаргӕйӕ, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппуйы ма фӕхъулон кӕнӕд ӕмӕ, кӕй уарзы, уыцы усы лӕппуйы ма фӕхистӕр кӕнӕд. 17Кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппу у цоты хистӕр, ӕмӕ бынтӕй дыууӕ хайы раттын уымӕн ӕмбӕлы. Хистӕры хай уымӕ хауы.Хивӕнд фырты тыххӕй
18Искӕмӕн йӕ фырт фыдуаг ӕмӕ ӕнӕсӕттон у, зӕгъгӕ, йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ нӕ хъусы, цыфӕндыйӕ дӕр сын нӕ уисӕн кӕны, 19уӕд уыцы мад ӕмӕ фыд бавдӕлӕнт, сӕ сахары хистӕрты размӕ йӕ бакӕнӕнт 20ӕмӕ сын зӕгъӕнт: „Мӕнӕ ай нӕ фырт у, фыдуаг ӕмӕ ӕнӕсӕттон, гуыбындзӕл ӕмӕ къупри“. 21Ӕмӕ йӕ сахары цӕрджытӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Фесафут фыддзинад уе’хсӕнӕй! Ӕгас Израилы айхъуысдзӕн хабар, ӕмӕ адӕм се’ппӕт дӕр адӕргӕй нырриздзысты.Ауыгъды тыххӕй
22Искӕмӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй марыны тӕрхон куы ӕмбӕла ӕмӕ йӕ куы’рцауындзат, 23уӕд мардӕн ӕхсӕвы хъӕдыл ауыгъдӕй ныууадзӕн нӕй, ӕмбойны йӕ баныгӕнын хъӕуы. Хъӕдыл ауыгъд Хуыцауӕй ӕлгъыст у! Уӕдӕ ма чъизи кӕнут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх!
Copyright information for
OssIBT2022