‏ Deuteronomy 22

Хионы исбоныл аудыны тыххӕй

1Де’фсымӕры дзӕгъӕл стур кӕнӕ лыстӕг фосыл куы бамбӕлай, уӕд ӕй уым ма ныууадз — йӕ хицауыл ӕй сӕмбӕлын кӕн. 2Кӕд ӕмӕ фосы хицау дард цӕры кӕнӕ, кӕй сты, уый нӕ зоныс, уӕд та уал сӕ, цалынмӕ сӕ хицау фӕзына, уӕдмӕ дӕ хӕдзармӕ бакӕн. 3Афтӕ-иу бакӕн искӕй хӕрӕг, искӕй дарӕс, стӕй искӕй дзаумайӕ цыдӕриддӕр ссарай, уыдонӕн дӕр. Сӕ рӕзты макуы ацу!

4Фӕндагыл искӕмӕн йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал бастад ӕмӕ ӕрхауд, зӕгъгӕ, уӕд йӕ иувӕрсты ма ахиз — йӕ хицауӕн ын феххуыс кӕн, ӕмӕ йӕ иумӕ слӕууын кӕнут йӕ къӕхтыл.

Сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы дарӕсы тыххӕй

5Сылгоймагӕн нӕлгоймаджы дарӕс дарын не’мбӕлы, нӕлгоймаг та хъуамӕ сылгоймаджы дарӕс ма дара. Афтӕ чи кӕны, уый Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕлгъаг у.

Маргъы ахстоны тыххӕй

6Зӕххыл уа ӕви бӕласыл, — маргъы ахстоныл бамбӕлдтӕ ӕмӕ дзы мадӕл маргъы ӕд лӕппынтӕ кӕнӕ къуыртты бадгӕ федтай, зӕгъгӕ, уӕд ӕй дӕхицӕн ӕд лӕппынтӕ ма рахӕсс. 7Мады уадз, йӕ лӕппынты та йын рахӕсс, цӕмӕй дын хорз уа ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай.

Уӕлхӕдзары быруйы тыххӕй

8Хӕдзар аразыс, уӕд ын йӕ уӕлхӕдзары кӕрӕттыл кӕрӕй-кӕронмӕ быру скӕн, цӕмӕй дзы мачи рахауа ӕмӕ искӕй мӕлӕты азымджын ма фӕуай.

Алыхуызон мыггӕгтӕ, фос ӕмӕ ӕндӕхтӕ ӕмхӕццӕ кӕнӕн нӕй

9Дӕ сӕндоны сӕнӕфсирӕй дарддӕр мацы ныссадз, цӕмӕй дӕ сӕнӕфсир дӕр ӕмӕ дӕ иннӕ мыггаджы тыллӕг дӕр ӕлгъыстаг ма фӕуой.

10Гал ӕмӕ хӕрӕгыл иумӕ ифтыгъдӕй хуым ма кӕн.

11Ма дар алыхуызон ӕндӕхтӕй, къуымбил ӕмӕ гӕн ӕндахӕй уӕфт дарӕс.

12Дӕ уӕлӕфтауы цыппар тигъыл дӕр хаутӕ скӕн.

Ног чындзы йӕ мойы мӕнг даутӕй бахизын

13Ус куы ӕрхӕссай, йемӕ ӕмуат куы’рцӕуай, ӕмӕ дын стӕй ӕнӕуынон куы суа, 14афтӕмӕй йыл уый фӕстӕ цъыфкалӕн куы кӕнай ӕмӕ йӕ адӕмы цӕсты куы ӕфтауай, ракуырдтон ӕй, йемӕ ӕмуат ӕрцыдтӕн, фӕлӕ чызг нӕ разынди, зӕгъгӕ, 15уӕд чызджы фыд ӕмӕ мад, йе’фсарм йӕхимӕ кӕй уыд, уый ӕвдисӕнӕн сахары хистӕртӕм сахары кулдуары размӕ чызджы пысултӕ рахӕссӕнт. 16Ӕмӕ йӕ фыд сахары хистӕртӕн зӕгъӕд: „Ацы лӕгӕн радтон ӕз мӕ чызджы, ӕмӕ йын адӕн нӕ фӕци. 17Цъыфкалӕн ыл кӕны, чызг нӕ уыди, зӕгъгӕ, фӕлӕ уын мӕнӕ мӕ чызджы ӕфсармы ӕвдисӕйнӕгтӕ“. Ӕмӕ сахары хистӕрты раз чызджы пысултӕ айтындзӕнт. 18Ӕмӕ сахары хистӕртӕ бафхӕрӕнт уыцы лӕджы. 19Сӕдӕ ӕвзист шекелы хъуамӕ бафида йӕ каисӕн, израилаг чызгӕн йе’взӕры кой кӕй айхъуысын кодта, уый тыххӕй. Сылгоймагимӕ та цӕргӕйӕ баззайдзӕн, йемӕ ахицӕн уӕвыны бар ын нӕй.

Хӕтын, тых бакӕнын ӕмӕ ӕнӕмбӕлгӕ ӕмкъайады тыххӕй

20Йӕ ныхӕстӕ ӕцӕг сты, ӕмӕ йӕ бинойнаг бӕлвырдӕй чызг нӕ разынди, зӕгъгӕ, 21уӕд та сахары цӕрджытӕ сылгоймаджы йӕ фыды хӕдзары дуармӕ дурты бын фӕкӕнӕнт: фӕхудинаг кодта Израилы, йӕ фыды хӕдзары хъахбай митӕ кодта. Фесафут уе’хсӕнӕй фыддзинад!

22Нӕлгоймаджы искӕй усимӕ баййӕфтой, зӕгъгӕ, уӕд сӕ дыууӕ дӕр маринаг сты: афтӕ чи бакодта, уыцы нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр. Искӕй усмӕ чи фӕрӕдыди, уыцы нӕлгоймаг дӕр хъуамӕ амӕла ӕмӕ сылгоймаг дӕр. Фесафут ӕвзӕрдзинад Израилӕй!

23Куырдуаты бадӕг ӕнӕрцӕф чызгыл сахары ӕндӕр нӕлгоймаг амбӕлд ӕмӕ йын батых кодта, зӕгъгӕ, 24уӕд сӕ дыууӕйы дӕр сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут: чызджы, сахары уӕвгӕйӕ, фӕдис, зӕгъгӕ, кӕй нӕ ныхъхъӕр кодта, уый тыххӕй, нӕлгоймаджы та, кӕйдӕр усаджы кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй. Фесафут уе’хсӕнӕй фыддзинад!

25Фӕлӕ куырдуаты бадӕг чызгыл сахары ӕдде цы нӕлгоймаг амбӕла ӕмӕ йын тыхми чи бакӕна, уый та ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг у маринаг, 26чызг ницы аххосджын у: йӕ хабар у, исчи ӕваст искӕуыл йӕхи куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы ӕрбамара, уый хуызӕн. 27Уымӕн ӕмӕ, кӕд быдыры цыфӕнды хъӕр кодта, уӕддӕр ын ӕххуысгӕнӕг нӕ уыди.

28Нӕлгоймаг, искӕимӕ фидыд чи нӕма у, ахӕм чызгӕн тыхми куы бакӕна ӕмӕ йӕ уынӕг куы фӕуа, 29уӕд ӕрыгон чызджы фыдӕн хъуамӕ бафида дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист шекелы, чызджы та ракура, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕхудинаг кодта, ӕмӕ йын цӕрӕнбонты йемӕ цӕргӕ у.

30Йӕ фыды усимӕ бацӕрыны бар никӕмӕн ис. Йӕ фыды бӕгънӕгӕй феныны бар никӕмӕн ис.
Copyright information for OssIBT2022