Deuteronomy 23
Дунедарӕджы размӕ цӕуӕн кӕмӕн ис ӕмӕ кӕмӕн нӕй
1Йӕ мӕхстӕттӕ хъыгдард кӕмӕн сты кӕнӕ йе’рдон буар кӕмӕн ралыг чындӕуыд, уыцы нӕлгоймагӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн нӕй. 2Дзӕгъӕлзадӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн нӕй, йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр нӕй бацӕуӕн Дунедарӕджы размӕ, суанг дӕс фӕлтӕры кӕрӕдзийы куы аивой, уӕд дӕр. 3Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕн никуы уыдзӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн, суанг сӕ байзӕддӕгты дӕс фӕлтӕры кӕрӕдзийы куы аивой, уӕд дӕр, 4уымӕн ӕмӕ уын уыдон, Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд фӕндагыл сӕ къӕбӕр ӕмӕ сӕ дон бахӕлӕг кодтой, стӕй ма уыимӕ Арам-Нахараимаг Петоры цӕрӕг Балаамы, Беоры фырты дӕр баххуырстой, цӕмӕй уӕ ралгъита. 5Фӕлӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, нӕ байхъуыста Балааммӕ, йе’лгъыст ын арфӕмӕ раздӕхта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уарзы сымах. 6Уымӕ гӕсгӕ сын цӕргӕбонты хорзӕй мацы ракӕнут. 7Едомагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: уый уе’фсымӕр у. Мысырагыл уӕхи ма атигъ кӕнут: йӕ бӕстӕйы ӕрцӕуӕггаг уыдыстут. 8Уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг фӕлтӕрӕн Дунедарӕджы размӕ бацӕуӕн уыдзӕн.Рӕсӕнуаты сыгъдӕгдзинады тыххӕй
9Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы рацӕуат, уӕд уӕхи хъахъхъӕнут фӕчъизийӕ. 10Исчи уӕ ӕхсӕвы йӕхи фӕчъизи кодта, зӕгъгӕ, уӕд рӕсӕнуатӕй рацӕуӕд ӕмӕ фӕстӕмӕ ма баздӕхӕд — 11изӕрӕрдӕм хъуамӕ йӕхи ӕрӕхса, ӕмӕ йын хурныгуылды фӕстӕ рӕсӕнуатмӕ бацӕуӕн уыдзӕн. 12Рӕсӕнуаты ӕдде уын, уӕхи хъуыдыйы кӕдӕм цӕуат, ахӕм бынат хъуамӕ уа. 13Хӕцӕнгарзӕй уӕлдай ма уӕ алкӕмӕ дӕр хъуамӕ уа бел дӕр, цӕмӕй, ӕддӕмӕ куы ацӕуай, уӕд уый фӕстӕ дзыхъхъ скъахай ӕмӕ дӕ фаджыстӕ уым баныгӕнай. 14Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, рӕсӕнуаты ис уемӕ, цӕмӕй уӕ хъахъхъӕна, ӕмӕ уе знӕгтыл уӕлахиз кӕнат. Уымӕ гӕсгӕ уӕ рӕсӕнуат сыгъдӕг хъуамӕ уа, цӕмӕй уын уӕ худинаг ма фена ӕмӕ уыл Йӕхи ма атигъ кӕна. 15Искӕй цагъар йӕ хицауӕй сымахмӕ йӕ сӕр куы бафснайа, уӕд ӕй йӕ хицауӕн ма схъӕр кӕнут. 16Уадз ӕмӕ уе’хсӕн, уӕ сахартӕй иуы, кӕм ӕй фӕнда, уым цӕра. Ма йӕ’фхӕрут.Кувӕндоны хъахбай
17Израилаг сылыстӕгӕй хъахбай мачи уӕд, израилаг нӕлгоймӕгтӕй кувӕндоны хъахбай мачи уӕд! 18Хӕтаг сылы ӕфтиаг дӕр ӕмӕ куыдзы аргъ дӕр мацы сомымӕ гӕсгӕ бахӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕ дыууӕ дӕр ӕлгъаг сты Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.Пайдайыл ӕфстау дӕттӕн нӕй
19Ӕхца, хойраг кӕнӕ ӕндӕр исты де’фсымӕрӕн уӕлӕмхасӕн ӕфтиагыл ӕфстау ма дӕтт. 20Ӕндӕр искӕмӕй, дӕ бон у, исай уӕлӕмхасӕн ӕфтиаг, фӕлӕ дӕхи’фсымӕрӕй ма ис, цӕмӕй Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уа дӕ къухвӕллойӕ алцыдӕр, кӕдӕм раст кӕныс ӕмӕ дӕхи кӕй бакӕндзынӕ, уыцы бӕстӕйы.Сомыты тыххӕй
21Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, истӕй тыххӕй куы басомы кӕнай, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ дын ӕй Уый нӕ ныббардзӕн, тӕригъӕд дын фидгӕ уыдзӕн. 22Дзырд куынӕ раттай, уӕд та дыл ницы тӕригъӕд уыдзӕн. 23Зӕрдаивӕй мацы дзур. Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, истӕй тыххӕй куы басомы кӕнай, уӕд-иу дӕ сомы сӕххӕст кӕн: барвӕндонӕй радтай дзырд.Цӕуӕджы хай
24Искӕй сӕндонмӕ куы бацӕуай, уӕд сӕнӕфсир, цас дӕ хъӕуы, уый бӕрц бахӕр, фӕлӕ дзы дӕ чыргъӕды ма нывӕр. 25Искӕй хуыммӕ куы бацӕуай, уӕд ын йе’фсиртӕй дӕхицӕн ратон, фӕлӕ кӕйдӕр тыллӕгмӕ ӕхснырф ма сис.
Copyright information for
OssIBT2022