Deuteronomy 24
Дыууӕ хатты чи рахицӕн ис, уыцы сылгоймагӕн йӕ фыццаг лӕгмӕ раздӕхӕн нӕй
1Ус ӕркодтай, йемӕ бацардтӕ, фӕлӕ йӕм цыдӕр аипп ссардтай, ӕмӕ дын уыйадыл сӕнад ис, зӕгъгӕ, уӕд ахицӕны гӕххӕтт ныффысс, ратт ын ӕй ӕмӕ йӕ дӕ хӕдзарӕй арвит. 2Дӕ хӕдзарӕй куы ацӕуа ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой скӕна, 3фӕлӕ та йӕ дыккаг лӕгӕн дӕр ӕнӕуынон куы суа, ӕмӕ та йӕ уый дӕр ахицӕны гӕххӕттимӕ йӕ хӕдзарӕй куы рарвита, кӕнӕ та, дыккаг хатт кӕмӕ смой кодта, уыцы лӕг куы амӕла, 4уӕд йӕ фыццаг лӕгӕн фӕстӕмӕ йемӕ бацӕрӕн нӕй: ӕндӕр лӕджы ус кӕй уыди, уымӕй йӕхи фӕчъизи кодта. Уыцы хъуыддаг ӕлгъаг у Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх уӕ тӕригъӕдтӕй ма фӕчъизи кӕнут.Ногусджыны тыххӕй
5Ногусджын ӕфсадӕй дӕр сӕрибар у, ӕмӕ йыл ӕндӕр исты хӕс дӕр нӕй сӕвӕрӕн. Афӕдзы дӕргъы йӕ хӕдзары уӕд ӕмӕ йӕ бинойнаджы зӕрдӕ рухс кӕнӕд. 6Ӕрмгуырой цъынды райсӕн нӕй, уый искӕмӕн йӕ уд цъынды райсынӕй уӕлдай нӕу.Хионы кӕмӕндӕр чи ауӕй кӕны, уыдоны тыххӕй
7Исчи йе’фсымӕртӕй, израилӕгтӕй, искӕй куы адава, йӕхицӕн дзы цагъар куы скӕна кӕнӕ йӕ куы ауӕй кӕна, ӕмӕ уый куы сбӕрӕг уа, уӕд уыцы адӕймагӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй: фесафут уе’хсӕнӕй фыддзинад!Буарнизты тыххӕй
8Хъотырӕй рынчын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд сауджын левиттӕ цы зӕгъой, уый-иу бӕстон сӕххӕст кӕн, Ӕз сын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ кӕн. 9Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд фӕндагыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мариамӕн цы бакодта, уый уӕ рох ма уӕд.Ногӕй та цъындыйы тыххӕй
10Искӕмӕн ӕфстау исты раттай, зӕгъгӕ, уӕд ӕм цъынды райсыны тыххӕй йӕ хӕдзармӕ ма бацу. 11Дуармӕ йӕм банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дын цъынды уырдӕм рахӕсдзӕн. 12Кӕд мӕгуыр адӕймаг у, уӕд ма ныххуысс, цалынмӕ йын йӕ цъынды фӕстӕмӕ раттай, уӕдмӕ. 13Хурныгуылды размӕ йыл сӕмбӕлын кӕн йӕ цъынды, цӕмӕй, йӕ уӕлӕфтауӕй йӕхи ӕрӕмбӕрзгӕйӕ, бафынӕй кӕна ӕмӕ дын арфӕ ракӕна. Уый дын раст хъуыддагыл нымад уыдзӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз.Ӕххуырсты мызд
14Де’фсымӕртӕй дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггагӕй дӕр дӕ бӕстӕ, дӕ сахарты ӕххуырст, цыбыркъух ӕмӕ мӕгуыргурӕй чи ис, уыдоны ма ӕфхӕр. 15Мӕгуырӕн-иу хурныгуылды размӕ йӕ мызд ратт, уымӕн ӕмӕ уымӕ у йе скаст, цӕмӕй йе’рдиаг Дунедарӕгмӕ ма фехъуыса, ӕмӕ йӕ тӕригъӕд дӕ фӕдыл ӕфтыд ма фӕуа. 16Йӕ фырты азымы тыххӕй фыды марӕн нӕй, йӕ фыды азымы тыххӕй — фырты: алчи йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг амӕла.Раст тӕрхон ӕмӕ цъынды
17Ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ сидзӕры бартӕ дӕ къӕхты бын ма ссӕнд, сидзӕргӕсӕн йӕ дарӕс цъынды ма ис. 18Ды дӕр цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры, уый дӕ рох ма уӕд. Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕу ссӕрибар кодта. Уымӕн дын фӕдзӕхсын ӕз уыдӕттӕ.Дӕ тыллӕджы баззайӕггӕгтӕ мӕгуырӕн ныууадз
19Хуымгӕрдӕнты афон дын быдыры куырис куы аззайа, уӕд ӕм фӕстӕмӕ ма здӕх — уадз ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр кӕнӕ сидзӕргӕсы хай фӕуа. Уыйхыгъд дӕуӕн та дӕ къухты фӕллой арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй. 20Оливӕ бӕлӕстӕ куы ӕрцӕгъдай, уӕд ма йӕ къалиутыл цы дыргътӕ аззайа, уыдон ма тон — уадз ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсы хай фӕуой. 21Дӕ сӕнӕфсир куы ӕфснайай, уӕд ӕй фӕстаг гагайы онг ма ныттон: ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ ма дзы сидзӕргӕсӕн дӕр исты фӕуадз. 22Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр цагъар кӕй уыдтӕ Мысыры. Уымӕн дын фӕдзӕхсын ӕз адӕттӕ.
Copyright information for
OssIBT2022