‏ Deuteronomy 25

Надӕй бафхӕрыны тыххӕй

1Исчи искӕимӕ фӕбыцӕу ис, зӕгъгӕ, уӕд сӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууын хъӕуы: уадз ӕмӕ хъуыддаг ӕвзӕрст ӕрцӕуа ӕмӕ рабӕрӕг уа, раст чи у ӕмӕ зылын чи у, уый. 2Кӕд зылынджын нӕминаг уа, уӕд тӕрхонгӕнӕг бардзырд раттӕд, цӕмӕй йын ӕй йӕ цӕстыты раз радӕргъ кӕной ӕмӕ йын, йӕ азыммӕ гӕсгӕ цас ӕмбӕлы, уал цӕфы ныккӕной. 3Дыууиссӕдз цӕфы фаг у. Уымӕй фылдӕр нӕ, науӕд де’фсымӕр фӕхудинаг уыдзӕн дӕ цӕстыты раз.

4Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт.

Ӕвӕстагӕй чи амард, уыцы лӕджы идӕдзы тыххӕй

5Ӕфсымӕртӕ иумӕ цӕрынц, ӕмӕ сӕ иу амарди, фырт та йын нӕ баззади, зӕгъгӕ, уӕд ын йӕ идӕдзы хъуамӕ иннӕ ӕфсымӕр ракура. 6Фыццаг сын цы лӕппу райгуыра, уый цыма мард ӕфсымӕры фырт у, афтӕ нымад ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ мард ӕфсымӕрӕн израилӕгты’хсӕн йӕ ном нӕ фесӕфдзӕн. 7Фӕлӕ уыцы лӕг йӕ чындзы ракурыныл разы куынӕ уа, уӕд чындз рацӕуӕд сахары кулдуары размӕ, хистӕртӕм, ӕмӕ зӕгъӕд: „Мӕ тиуы нӕ фӕнды, йе’фсымӕры ном Израилы’хсӕн ма фесӕфа, уый, мӕн ракурыныл разы нӕу“. 8Уӕд хистӕртӕ хъуамӕ фӕдзурой лӕгмӕ ӕмӕ йемӕ ӕрныхас кӕной. Уый сӕ коммӕ нӕ бакасти, нӕ мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, цӕхгӕр ныллӕууыди, 9уӕд йе’фсымӕры идӕдз бацӕуӕд, хистӕрты раз ын йӕ дзабыр йӕ къахӕй раласӕд, йӕ тӕккӕ цӕсгомыл ын бату кӕнӕд ӕмӕ зӕгъӕд: „Йе’фсымӕры хӕдзар ногӕй рацаразын кӕй нӕ фӕнды, уымӕн мӕнӕ афтӕ бакӕнынц“. 10Уыйадыл уыцы лӕджы хӕдзарвӕндагыл Израилы’хсӕн, „бӕгъӕввӕдты мыггаг“, зӕгъгӕ, уыцы ном сбаддзӕн.

Иргъӕвӕг сылгоймаджы тыххӕй

11Дыууӕ нӕлгоймаджы хыл кӕнынц ӕмӕ сӕ иуы ус йӕ лӕджы фервӕзын кӕныны тыххӕй, чи йӕ нӕмы, уымӕ бацыд ӕмӕ йын йе’рдон буархаймӕ ӕнӕфсармӕй фӕлӕбурдта, зӕгъгӕ, 12уӕд, дӕ цӕст дӕр ма фӕныкъул, афтӕмӕй йын йӕ къух атӕхын кӕн.

Ӕнӕзӕрдӕхудт сӕудӕджеры тыххӕй

13Дӕ хызыны дыууӕ алыхуызон уӕзбарӕны ма уӕд, сӕ иу — стырдӕр, иннӕ — къаддӕр.

14Дӕ хӕдзары дыууӕ алыхуызон бӕрцбарӕн мигӕнӕны ма уӕд, сӕ иу — стырдӕр, иннӕ — къаддӕр. 15Дӕ уӕзбарӕнӕн хъуамӕ уа раст ӕмӕ бӕлвырд уӕз, дӕ барӕн мигӕнӕнӕн — раст ӕмӕ бӕлвырд бӕрцуат. Уӕд бирӕ фӕцӕрдзынӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл: 16ахӕм митӕ чи кӕны, уыдонӕй алчидӕр, алы фӕлитой дӕр, ӕлгъаг у Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн.

Хуыцауы фӕндон у амалекӕгтӕй маст райсын

17Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд уын уыцы фӕндагыл амалекӕгтӕ цы бакодтой, уый дӕ рох ма уӕд. 18Куы уыл бамбӕлдысты, уӕд уыл чъылдымӕрдыгӕй сӕхи ныццавтой ӕмӕ, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нал уыд ӕмӕ фӕсте чи баззад, уыдоны ныццагътой: сымах фыр фӕлладӕй бастадыстут, уыдон та Хуыцауӕй нӕ фӕтарстысты. 19Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах куы фервӕзын кӕна уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ уын исбонӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл уӕ куы’рбынӕттон кӕна, уӕд-иу уӕ ма ферох уӕнт амалекӕгтӕ — сӕ кой дӕр-иу сын фесафут зӕххыл.
Copyright information for OssIBT2022