‏ Deuteronomy 26

Хоры сӕртӕ — Дунедарӕгӕн

1Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат, уӕхи йӕ куы бакӕнат ӕмӕ дзы куы’рбынӕттон уат, 2уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн уӕ хай кӕй кӕны, уыцы зӕххӕй тыллӕг куы сисай, уӕд ын йӕ сӕртӕй чыргъӕды ахӕсс, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уырдӕм. 3Сауджынтӕй дзы кӕй баййафай, уымӕн зӕгъ: „Абон ӕз хъусын кӕнын Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, кӕй ӕрбацыдтӕн, Дунедарӕг, махӕн ӕй ратдзӕн, зӕгъгӕ, нӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уырдӕм“. 4Сауджын райсдзӕн чыргъӕд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕны раз сӕвӕрдзӕн. 5Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы. 6Фӕлӕ нын мысырӕгтӕ хорз нӕ уыдысты, ӕфхӕрдтой нӕ, уӕззаудӕр цы куыст ис, ууыл нӕ ӕфтыдтой. 7Сдзынӕзтам Дунедарӕгмӕ, нӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ, ӕмӕ нын Дунедарӕг фехъуыста не’рдиаг. Уый нын федта нӕ фыдбылызтӕ, нӕ фыдӕбӕттӕ ӕмӕ не’фхӕрд. 8Йӕхи къухӕй нӕ ракодта Мысырӕй Дунедарӕг, Йӕ арм ныл дардта, стыр тас ныл ӕфтыдта, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ нын уынын кодта, афтӕмӕй. 9Ӕрбакодта нӕ ацы ранмӕ ӕмӕ нын, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхх радта. 10Ӕмӕ мӕнӕ ӕрбахастон, Дунедарӕг, Ды мын кӕй радтай, уыцы зӕххы тыллӕгӕн йӕ сӕртӕ“. Ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ дӕ сӕрӕй ныллӕг акув Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн. 11Райӕд дӕ зӕрдӕ, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн цы бӕркӕдтӕ радта, уыдонӕй. Цин кӕнут: ды дӕр, левит дӕр ӕмӕ уе’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр.

Ӕртыккаг аз — дӕсӕймаг хайы аз

12Ӕртыккаг аз, дӕсӕймаг хӕйтты аз, де’ппӕт тыллӕгӕн йӕ дӕсӕймаг хай куы рахицӕн кӕнай ӕмӕ йӕ левит, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсӕн куы раттай, цӕмӕй ӕххормаг ма уой дӕ сахары, 13уӕд зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Рахицӕн кодтон мӕ хӕдзарӕй уаз хай ӕмӕ йӕ, Ды мын куыд бафӕдзӕхстай, афтӕ левит, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсӕн радтон. Дӕ фӕдзӕхстытӕй иу дӕр нӕ ферох кодтон, иуы сӕрты дӕр дзы нӕ ахызтӕн. 14Мӕ хъыджы сахат дзы нӕ бахордтон, фӕчъизи дӕн, афтӕмӕй йӕ нӕ рахицӕн кодтон, мардӕн дзы рухсаг нӕ загътон. Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъуыстон, алцӕмӕй дӕр Дын Дӕ фӕндон ӕххӕст кодтон. 15Ӕркӕс нӕм уӕдӕ уӕларвӕй, Дӕ уаз бадӕнӕй! Арфӕ ракӕн Дӕ адӕмӕн, Израилӕн, стӕй, махӕн ӕй раттынӕй нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтай ӕмӕ нын кӕй радтай, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕххӕн“.

16Абон уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕгъы, цӕмӕй ацы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдты сӕрты ма хизат. Ӕнувыдӕй ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнут! 17Дунедарӕгӕн загътат сымах абон, уӕ Хуыцау кӕй у, Йӕ фӕндӕгтыл кӕй цӕудзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, кӕй Йӕм хъусдзыстут. 18Дунедарӕг та загъта сымахӕн, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ Йе’взӕрст адӕм кӕй уыдзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнат. 19Цӕмӕй уӕ, кӕй сӕвзӕрын кодта, ӕппӕт уыцы адӕмтӕй уӕлдӕр сӕвӕра, кад, намыс ӕмӕ уӕ ӕппӕт хӕрзты аккаг скӕна, ӕмӕ, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уаз адӕм уат».
Copyright information for OssIBT2022