‏ Deuteronomy 28

Хуыцауы хорзӕхтӕ

1Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай ӕмӕ уын кӕй дзурын, Йӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ бӕстон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт адӕмтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. 2Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай, уӕд дыл мӕнӕ ацы арфӕтӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты.

3Арфӕгонд уыдзынӕ сахары, арфӕгонд уыдзынӕ быдыры.

4Арфӕгонд уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.

5Арфӕгонд уыдзысты дӕ чыргъӕд ӕмӕ дӕ арынг.

6Арфӕгонд уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.

7Дунедарӕг уын лидзӕг фӕкӕндзӕн уе знӕгты: иу фӕндагыл уӕ ныхмӕ ралӕудзысты, авд фӕндагыл та уӕ разӕй лидздзысты.

8Арфӕгонд уыдзысты Дунедарӕгӕй уӕ хордӕтты бӕркад ӕмӕ уӕ алы къухвӕллой, арфӕгонд уыдзыстут алцӕмӕй дӕр, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым. 9Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат, уӕд уӕ Дунедарӕг, куыд уын расомы кодта, афтӕ Йӕ уаз адӕм скӕндзӕн. 10Ӕмӕ фендзысты уӕд ӕппӕт дунейы адӕмтӕ, Дунедарӕджы ном кӕй хӕссут, уый ӕмӕ уӕ тӕрсдзысты. 11Алы хорзӕхӕй уӕ схайджын кӕндзӕн Дунедарӕг: зӕнӕг, фос ӕмӕ уӕм тыллӕг бирӕ уыдзӕн, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕххыл. 12Байгом кӕндзӕн Дунедарӕг сымахӕн Йӕ фарны хӕзнадон — арв, ӕмӕ афоныл уардзӕн къӕвда уӕ зӕххыл, ӕмӕ арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй уӕ алы къухвӕллой. Бирӕ адӕмтӕн дӕтдзыстут ӕфстау, фӕлӕ уӕхӕдӕг хӕсагур никӕмӕ цӕудзыстут. 13Дунедарӕг уӕ скӕндзӕн къӕдзил нӕ, фӕлӕ сӕр, сымах бынӕй нӕ, фӕлӕ уӕле уыдзыстут, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕм куы хъусат ӕмӕ сӕ, ӕз уын куыд дзурын, афтӕ куы ӕххӕст кӕнат, 14цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уымӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр куынӕ фӕзилат, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куынӕ адзӕгъӕл уат ӕмӕ сӕм кувын куынӕ райдайат, уӕд.

Хуыцауы азар

15Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ, абон уын ӕз кӕй дзурын, ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ фӕтк куынӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уыл мӕнӕ ацы ӕлгъыстытӕ ӕрцӕудзысты.

16Ӕлгъыст уыдзынӕ сахары, ӕлгъыст уыдзынӕ быдыры.

17Ӕлгъыст уыдзысты дӕ чыргъӕд ӕмӕ дӕ арынг.

18Ӕлгъыст уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.

19Ӕлгъыст уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.

20Дунедарӕджы ӕлгъыст дӕ баййафдзӕн ӕмӕ, цӕмӕдӕриддӕр бавналай, дӕ къухты алы фыдӕбон дӕр дын уыдзӕн маст ӕмӕ фыдбылызы хос. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй, Мӕныл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уый тыххӕй рӕхджы фесӕфдзынӕ, мыггагыскъуыд фӕуыдзынӕ. 21Дунедарӕг уыл рын сыстын кӕндзӕн ӕмӕ, уӕхи бакӕнынмӕ кӕдӕм цӕут, уыцы зӕххыл уӕ кой дӕр нал фӕзындзӕн. 22Дунедарӕг уыл бафтаудзӕни тарниз, тӕфсӕг ӕмӕ тӕвдниз, ӕнтӕф ӕмӕ хусрӕстӕг, уыраугӕ дымгӕ уыл рауадздзӕн, хъуына уыл схӕцын кӕндзӕн, ӕмӕ бабын уыдзыстут. 23Уӕ сӕрмӕ арв фестдзӕн ӕрхуы, уӕ къӕхты бын зӕхх — ӕфсӕн. 24Къӕвдайы бӕсты уын Дунедарӕг уӕ зӕххыл рыг ӕмӕ фӕнык ӕруарын кӕндзӕн, ӕмӕ уӕ цалынмӕ быныскъуыд фӕкӕна, уӕдмӕ нӕ банцайдзӕни уыцы уарын.

25Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты. 26Уӕ мӕрдтыл уын тӕхаг мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ ӕмбырдтӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕ асурӕг нӕ уыдзӕн.

27Дунедарӕг дын мысырӕгты хуызӕн дӕ буар сынкъ ӕмӕ цъутхал фестын кӕндзӕн, хӕлмагӕй дӕ ницыуал зындзӕн, хордзоны тугнизӕй хъӕрздзынӕ ӕмӕ дын хос нӕ уыдзӕн. 28Дӕ зонд дын фӕцӕуын кӕндзӕн Дунедарӕг, саугуырм бауыдзынӕ, кӕм дӕ ӕмӕ цы дӕ, уый дӕр нал ӕмбардзынӕ. 29Саугуырмау бон-сихорафон дӕ развӕндаг уырзӕй сгардзынӕ. Дӕ хъуыддӕгтӕй ницы фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕдзухдӕр дӕ ссӕнддзысты ӕмӕ стигъдзысты, ӕмӕ дын сӕрылхӕцӕг нӕ уыдзӕн.

30Сылгоймагимӕ бафидаудзынӕ, фӕлӕ дӕ усаг ӕндӕры бауыдзӕн. Хӕдзар сараздзынӕ, фӕлӕ дзы ӕндӕр чидӕр ӕрцӕрдзӕн. Сӕндон скӕндзынӕ, фӕлӕ дзы тыллӕг не’рӕмбырд кӕндзынӕ. 31Дӕ цӕстыты раз дын дӕ гал аргӕвддзысты, фӕлӕ дзы ды нӕ фӕхъӕстӕ уыдзынӕ. Дӕ хӕрӕг дын байсдзысты, ӕмӕ дын ӕй фӕстӕмӕ нал ратдзысты. Де знӕгты амӕттаг бауыдзысты дӕ фысвос, ӕмӕ дын ничи баххуыс кӕндзӕн. 32Дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ ӕцӕгӕлон адӕмы хай бауыдзысты. Бонӕй-бонмӕ дӕ цӕстытӕ ныуурс уыдзысты, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, фӕлӕ дӕ бон ницы уыдзӕн. 33Дӕ зӕххы тыллӕг ӕмӕ дӕ къухты фӕллой дын, кӕй никуы зыдтай, уыцы адӕм хӕрдзысты, ды та дӕ бонтӕ ссӕст ӕмӕ ӕфхӕрдӕй тондзынӕ. 34Ӕмӕ сӕрра уыдзынӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ.

35Дунедарӕджы азарӕй дӕ уӕрджытӕ ӕмӕ дӕ зӕнгтӕ рафаддзысты, ӕмӕ сын хос нӕ ардзынӕ, сӕрӕй къӕхтӕм сынчъытӕй нал зындзынӕ. 36Уӕхи дӕр ӕмӕ, уӕхицӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрат, уый дӕр Дунедарӕг акӕндзӕни, сымах дӕр кӕй нӕ зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕм адӕмы’хсӕнмӕ, ӕмӕ уыцы ран ӕндӕр хуыцӕуттӕн — бӕлӕстӕ ӕмӕ дуртӕн — лӕггад кӕндзыстут. 37Дунедарӕг уӕ цы адӕмтӕм фӕкӕна, уыдон-иу уӕ хъысмӕтӕй ныккӕрздзысты, ӕмбисондӕн уӕ хӕсдзысты ӕмӕ уыл худдзысты. 38Бирӕ мыггаг байтаудзыстут быдыры, фӕлӕ дзы хор бирӕ нӕ сисдзыстут — мӕтыхтӕ йӕ аныхъуырдзысты. 39Сӕндӕттӕ скӕндзыстут ӕмӕ сӕм зилдзыстут, фӕлӕ нӕдӕр сӕн фендзыстут, нӕдӕр дзы уӕ рӕбыны ӕрӕвӕрдзыстут — зулчъытӕ сӕ бахӕрдзысты. 40Уӕ бӕстӕйы оливӕ бӕлӕстӕ бирӕ уыдзӕн, сой та — стӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ дыргътӕ азгъӕлдзысты. 41Фырттӕ ӕмӕ чызджыты хицау бауыдзыстут, фӕлӕ уемӕ нӕ баззайдзысты — уацары сӕ акӕндзысты. 42Уӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг иууылдӕр зулчъыты амӕттаг бауыдзӕн. 43Уе’хсӕн цы’рцӕуӕггӕгтӕ ис, уыдон уӕ цуры уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр кӕндзысты, сымах та — дӕлдӕрӕй-дӕлдӕр. 44Уыдон сымахмӕ нӕ, фӕлӕ сымах уыдонмӕ уайдзыстут ӕфстаугур. Уыдон уыдзысты сӕр, сымах та — къӕдзил.

45Ацы ӕлгъыстытӕ уыл иууылдӕр ӕрцӕудзысты. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ кӕй нӕ кастыстут, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк кӕй не’ххӕст кодтат, уый тыххӕй уӕ фӕдыл ӕфтыд уыдзысты ӕмӕ уӕ уӕгъд не суадздзысты, цалынмӕ бындзагъд фӕуат, уӕдмӕ. 46Уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр уыцы ӕлгъыстытӕ ӕвдисӕйнаг ӕмӕ рагфӕдзӕхст уыдзысты тъымы-тъымамӕ.

47Алцыдӕр уӕм парахатӕй куы уыди, уӕд цингӕнгӕйӕ ӕмӕ райгӕйӕ уӕ Хуыцауӕн кӕй нӕ лӕггад кодтат, 48уый тыххӕй, дойны ӕмӕ сыдӕй мӕлгӕйӕ, бӕгънӕг ӕмӕ гӕвзыккӕй, Дунедарӕг уӕ кӕй ахӕсты фӕкӕна, уыцы знӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут. Цалынмӕ бынсӕфт фӕуат, уӕдмӕ уӕ уыдон ӕфсӕн ӕфсондзы бын дардзысты. 49Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се’взаг дӕр кӕмӕн не’мбардзыстут, ахӕм адӕм, 50зӕрондӕй дӕр чи нӕ фефсӕрмы уыдзӕн ӕмӕ ӕвзонгӕн дӕр чи нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн, ахӕм къӕйных адӕм. 51Уӕ фос ӕмӕ уын уӕ зӕххы тыллӕг аныхъуырдзысты, ӕмӕ бацарӕфтыд уыдзыстут. Хоры гага, сӕны цъыртт ӕмӕ уын оливӕйы сойы ӕртах нал ныууадздзысты, уе стуртӕ ӕмӕ фысвосӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзысты, ӕмӕ фесӕфдзыстут. 52Уыдон уӕ уынгӕг кӕндзысты уӕ бӕстӕйы алы сахары дӕр, цалынмӕ, уӕ зӕрдӕ кӕуыл лӕууы, уыцы бӕрзонд ӕмӕ фидар гӕнӕхтӕ ӕрызгъӕлой, уӕдмӕ. Ӕрхъула кӕндзысты, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы бӕстӕйы алы сахарыл дӕр.

53Знаг уӕ цъысыммӕ куы батӕра, уӕд уӕ хъӕбултӕн, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕн сӕ фыд хӕрынмӕ ӕрцӕудзыстут. 54Хъал цардыл ахуыр чи уыди, уыцы уӕздан лӕг бирӕгъы каст кӕндзӕни йе’фсымӕрмӕ, йӕ бинойнагмӕ, ӕгас ма йын чи уа, уыцы хъӕбултӕм. 55Йӕ хъӕбулты фыдӕй никӕмӕн бахай кӕндзӕн, йӕхӕдӕг ыл рабаддзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕ сӕргой фӕкӕндзысты уе знӕгтӕ, уӕ сахартӕ иууылдӕр цъысымы бахаудзысты, ӕмӕ уын ӕндӕр бахӕринаг ницы уыдзӕн. 56Йӕ фыр буцӕй ӕмӕ йӕ фыр хъалӕй зӕххыл дӕр чи нал хӕцыд, уыцы сылгоймаг бирӕгъы каст кӕндзӕни йӕ моймӕ, йӕ лӕппу ӕмӕ йӕ чызгмӕ; 57аргӕ-арын йӕ хуылфӕй цы’мбайлаг рацӕуы, уымӕ, стӕй йӕ ноггуырд сабитӕм. Сусӕгӕй сӕ бахӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕ сӕргой фӕкӕндзысты, уӕ сахартӕ иууылдӕр цъысымы бахаудзысты.

58Ацы чиныг цы Ӕгъдауыл дзуры, уый бӕстон куынӕ ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, куынӕ тӕрсат, 59уӕд Дунедарӕг сымахыл дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтыл дӕр стыр бӕллӕхтӕ ӕруадздзӕн, ӕмӕ сын кӕрон нӕ уыдзӕн, уӕззау ӕмӕ, бирӕ чи хӕссы, ахӕм низтӕ уыл ӕфтаудзӕн ӕдзухдӕр. 60Ӕмризӕджы кӕмӕй ризут, уыцы мысыраг низтӕ уыл ныххӕцын кӕндзӕн, ӕмӕ уын сӕ фервӕзӕн нӕ уыдзӕн. 61Ӕгъдауы чиныджы кӕй тыххӕй нӕй фыст, Дунедарӕг ма уыл ахӕм цӕфтӕ дӕр ӕруадздзӕн, ахӕм низтӕ дӕр ма уыл бафтаудзӕн, ӕмӕ мыггагыскъуыд фӕуыдзыстут. 62Арвы стъалытау сбирӕ уыдзыстут, фӕлӕ уӕ удӕгасӕй, стӕмтӕй уӕлдай, ничи баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ нӕ кастыстут. 63Йӕ хорзӕхтӕ уыл куы калдта ӕмӕ уын уӕ мыггаг куы бирӕ кодта, уӕд куыд ради Дунедарӕг, афтӕ райдзӕни Уый, куы уӕ цӕгъда ӕмӕ уӕ мыггагыскъуыд куы кӕна, уӕд дӕр. Уӕхи бакӕнынмӕ цы зӕхмӕ цӕут, уырдыгӕй фӕхаудзыстут.

64Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут. 65Фӕлӕ уыцы адӕмты’хсӕн дӕр ӕнцой не ссардзыстут, уӕ къӕхты фӕллад дзы не суадздзыстут. Дунедарӕджы фӕндӕй уӕ зӕрдӕтыл ризӕг бахӕцдзӕн, уӕ цӕстыты цӕхӕр бамынӕг уыдзӕн, бастайдзысты уӕ удтӕ.

66Дӕ уд ма дӕ мидӕг ӕнӕбары тӕпп-тӕпп кӕндзӕн, де’хсӕвтӕ ӕмӕ дӕ бонтӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрвитдзынӕ, ӕмӕ дӕ ныфс нӕ уыдзӕни сомбонӕй. 67Боныгон ӕхсӕвмӕ бӕлдзынӕ, ӕхсӕвыгон та — бонмӕ, дӕ зӕрдӕйы цы тас уа ӕмӕ дӕ цӕстӕй цы уынай, уый адӕргӕй. 68Ӕз уын афтӕ кӕмӕй загътон, нал ӕй фендзыстут, зӕгъгӕ, раст уӕ уыцы фӕндагыл уӕ наутыл аздахдзӕни Дунедарӕг фӕстӕмӕ Мысырмӕ. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй уыцы ран уымӕ бӕлдзыстут, цӕмӕй уӕ исчи йӕхицӕн цагъайраг скӕна, фӕлӕ уӕ хъуыдыгӕнӕг нӕ уыдзӕн».
Copyright information for OssIBT2022