‏ Deuteronomy 3

Ног уӕлахизтӕ

1Фездӕхтыстӕм ӕмӕ Башанмӕ фӕндагыл ацыдыстӕм; Ог, Башаны паддзах, йе’ппӕт ӕфсадимӕ нӕ ныхмӕ хӕстмӕ ралӕууыд Едреийы. 2Ӕмӕ мын загъта Дунедарӕг: „Ма дзы тӕрс. Ӕз дын ӕй йе’ппӕт ӕфсад ӕмӕ йӕ бӕстӕимӕ дӕ къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ Сигонӕн, аморӕгты паддзахӕн, Хешбоны хицауиуӕг чи кодта, уымӕн куыд бакодтай, амӕн дӕр афтӕ бакӕндзынӕ“. 3Уыйадыл нын Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Башаны паддзах Огы йе’ппӕт ӕфсадимӕ нӕ къухмӕ радта, ӕмӕ сӕ ныццагътам, удӕгасӕй дзы никӕйуал ныууагътам. 4Уыцы заман ын йӕ сахартӕ дӕр иууылдӕр басастам; мах кӕй нӕ бацахстам, иу ахӕм дӕр дзы нал баззад — ӕртиссӕдз сахары, Арговы алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, Огы паддзахад Башаны. 5Иууылдӕр уыдысты, сӕ алыварс бӕрзонд систӕ кӕмӕн уыд, ахӕм ӕхгӕд сахартӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Уыдонӕй уӕлдай ма басастам, бырутӕй ӕхгӕд чи нӕ уыд, бирӕ ахӕм сахартӕ дӕр. 6Ӕлгъыстаг сӕ фӕкодтам, Хешбоны паддзах Сигонӕн куыд бакодтам, афтӕ; сахартӕн сӕ цӕрджыты ныццагътам — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй. 7Фос ӕмӕ дзы мулкӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдон та райстам ӕфтиагӕн.

Саст бӕстӕтӕ

8Уыцы заман Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕй мах байстам ацы зӕхх: Арноны донӕй Ермоны хохы онг: 9(Ермон сидойнӕгтӕ хонынц Сирион, аморӕгтӕ — Сенир), 10уӕлвӕзы сахартӕ иууылдӕр, Галаад ӕмӕ Башан ӕнӕхъӕнӕй — суанг Салха ӕмӕ Едреийы онг (паддзах Огы сахартӕ Башаны). 11Рефаимтӕй ма фӕстагмӕ ӕрмӕстдӕр Ог, Башаны паддзах, баззади. Йӕ хуыссӕнуат уыдис ӕфсӕйнагӕй конд, йӕ дӕргъ — фараст ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — цыппар ӕлмӕрины. Уый ныр дӕр ис аммонӕгты зӕххыл, Раввайы. 12Уӕды заман цы зӕхх байстам, уый Арноны был Ароерӕй райдайы; Галаады хӕхбӕсты ӕмбис ӕд сахартӕ ӕз Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн радтон. 13Галаадӕй ма цы баззади, йемӕ — Башан ӕнӕхъӕнӕй, паддзах Огы зӕхх, уый та Менассиайы байзӕддӕгты ӕмбисӕн радтон. (Аргов ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, Башанимӕ иумӕ, раздӕр хуыдтой рефаимты зӕхх.) 14Иаир, Менассиайы фырт, йӕхи бакодта Аргов ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ иууылдӕр, суанг гешурӕгтӕ ӕмӕ маахайӕгты арӕнтӕм, йӕхи номӕй сӕ рахуыдта ӕмӕ ма абоны онг дӕр Башан хонынц Хаввот-Иаир
Ома «Иаиры хъӕутӕ».
.
15Махирӕн ӕз радтон Галаад. 16Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн схай кодтон зӕххытӕ Галаадӕй Арноны дон (Арноныл цӕуы сӕ арӕн) ӕмӕ Йавочы доны онг (уыцы доны фале та аммонӕгты зӕхх ис). 17Ноджы ма сын радтон Аравӕ Иорданы онг, Киннеретӕй Аравӕйы (Мард) денджызы онг ӕмӕ скӕсӕнӕрдыгӕй — суанг Фасгайы фӕхстӕм. 18Загътон уын ӕз уӕд: „Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, радта сымахӕн ацы зӕхх, цӕмӕй йӕ уӕхи бакӕнат. Уӕдӕ, хӕстхъомтӕ, араст ут уе’фсымӕрты, израилӕгты, разӕй, гӕрзифтонгӕй. 19Ӕрмӕст уӕ устытӕ, уӕ сабитӕ ӕмӕ уӕ фос та (ӕз зонын, куыд бирӕ фос уӕм ис, уый), цы сахартӕ уын радтон, уыдоны баззайӕнт, 20цалынмӕ Дунедарӕг уе’фсымӕртӕн дӕр сымахау ратта ӕнцой ӕмӕ сын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Иорданы фале цы зӕхх дӕтты, уый сӕхи бакӕной, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ уӕ алчидӕр ӕрбаздӕхдзӕн, цы зӕхх ын схай кодтон, уырдӕм“. 21Йешуайӕн дӕр загътон уӕд: „Дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы дыууӕ паддзахӕн цытӕ бакодта, уый. Ды цы паддзахӕдты сӕрты фӕцӕйцӕуай, уыдонӕн се’пӕттӕн дӕр Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн. 22Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг хӕцы уӕ фарс“.

Дунедарӕг Йӕхи атигъ кодта Моисейы куывдыл

23Ӕмӕ скуывтон уӕд ӕз Дунедарӕгмӕ: 24„Дунедарӕг Хуыцау! Ды мӕнӕн, Дӕ цагъарӕн, фенын кодтай Де стырад ӕмӕ Дӕ хъомыс! Кӕм ис арвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ахӕм хъомысджын хуыцау, Ды кӕй аразыс, ахӕм хъуыддӕгтӕ саразын кӕмӕн бантыса? 25Уӕдӕ мӕ бауадз Иорданыл ахизын ӕмӕ уыцы бӕркадджын бӕстӕ, уыцы рӕсугъд хӕхтӕ ӕмӕ Ливан фенын!“ 26Фӕлӕ мӕм Дунедарӕг смӕсты ис сымах тыххӕй, нӕ мӕм байхъуыста. Уый мын загъта: „Ӕгъгъӕд у! Уый кой Мын мауал скӕн! 27Фасгайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ дӕ цӕст ахӕсс ныгуылӕн ӕмӕ цӕгатыл, хуссар ӕмӕ скӕсӕныл, фен сӕ, уымӕн ӕмӕ ды Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ бахиздзынӕ. 28Йешуайӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй фидар лӕууа ӕмӕ ма фӕцуда; ацы адӕмы разӕй уый ацӕудзӕн ӕмӕ, ды дардӕй кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхх сын уый байуардзӕн“. 29Ӕмӕ ӕрлӕууыдыстӕм мах Бет-Пеормӕ хӕстӕг дӕлвӕзы.
Copyright information for OssIBT2022