‏ Deuteronomy 31

Йешуа — Моисейы фӕдон

1Моисей ӕгас Израилӕн уыцы ныхӕстӕ куы дзырдта, 2уӕд ма сын ноджы загъта: «Сӕдӕ дыууын азы мыл цӕуы ныр. Цӕуынтӕн нал дӕн. Дунедарӕг мын загъта: „Иорданы сӕрты нӕ ахиздзынӕ ды“. 3Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг уӕ разӕй ацӕудзӕн. Ныццӕгъддзӕн Уый уымы цӕрджыты, ӕмӕ сӕ зӕхх сымах бауыдзӕн. Йешуа ацӕудзӕн уӕ разӕй, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ. 4Аморӕгты паддзӕхтӕ Сигон ӕмӕ Огӕн, стӕй сӕ бӕстӕйӕн куыд бакодта, афтӕ фесафдзӕн Дунедарӕг уыцы адӕмты дӕр. 5Уӕ къухмӕ уын ратдзӕн Дунедарӕг уыцы адӕмты, ӕмӕ сын, куыддӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, афтӕ бакӕндзыстут. 6Фидар фӕлӕуут, ма фӕтасут! Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис. Уый уыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныууадздзӕн».

7Моисей фӕсидти Йешуамӕ ӕмӕ йын ӕппӕт Израилы раз загъта: «Фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, уымӕн ӕмӕ ацы адӕмы ды акӕндзынӕ, Дунедарӕг сын сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм. Ды сын ӕй байуардзынӕ. 8Дунедарӕг Йӕхӕдӕг дӕ разӕй цӕудзӕн, демӕ уыдзӕн. Йӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн. Ма тӕрс, ма фӕтас!»

Моисейы фӕдзӕхст, Фидыды Чырын чи хаста, уыдонӕн

9Моисей ныффыста уыцы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕм, Левийы байзӕддӕгтӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм радта. 10Бафӕдзӕхста сын Моисей: «Авд азы фӕстӕ, хатыр кӕныны аз, Халагъудты бӕрӕгбоны, 11ӕппӕт Израил куы ӕрбамбырд уой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым, уӕд-иу ацы Ӕгъдау хъӕрӕй бакӕсут, цӕмӕй йӕ ӕгас Израил дӕр фехъуса. 12Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы — нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сабиты, уӕ сахарты цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгты, цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной, цӕмӕй тӕрсой Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной. 13Сӕ цот, чи йӕ нӕма зоны, уыдон дӕр хъусӕнт ӕмӕ сахуыр уӕнт, цалынмӕ, Иорданы фале уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым цӕрат, уӕдмӕ ӕдзухдӕр Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсын».

14Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Дӕуӕн бирӕ цӕрӕнбон нал ис. Фӕдзур Йешуамӕ, Фембӕлды Цатыры Мӕ разы ӕрлӕуут, ӕмӕ йӕ Ӕз бафӕдзӕхсон».

Дунедарӕг раргом ис Моисей ӕмӕ Йешуамӕ

Моисей ӕмӕ Йешуа бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ.
15Дунедарӕг сӕм фӕзынди мигъы цӕджындзы хуызы ӕмӕ Цатыры бахизӕны ныллӕууыд.

16Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ды дӕ сыджытыл куы бафтай, уӕд ацы адӕм, кӕй бӕстӕм цӕуынц, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзысты. Мӕныл сӕхи атигъ кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты. 17Уыйадыл сӕм Мӕ маст ссудздзӕни, сӕхи бар сӕ ныууадздзынӕн, Мӕхи сӕм нал равдисдзынӕн, ӕмӕ сыл дудгӕбон куы акӕна, бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бын куы фӕуой, уӕд дзурдзысты: „Кӕд, нӕ Хуыцау нӕ кӕй ныууагъта, уымӕн ныл ӕрцыдысты ацы фыдбылызтӕ?!“ 18Ӕз та сӕ уӕд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй Ме’ргом аздахдзынӕн. 19Уӕдӕ ныффыссут уӕхимӕ мӕнӕ ацы зарӕг. Сахуыр ӕй кӕнӕнт израилӕгтӕ ӕмӕ йӕ ӕдзухдӕр сӕ былалгъыл дарӕнт, цӕмӕй Мын уый ӕвдисӕн уа сӕ ныхмӕ. 20Сӕ фыдӕлтӕн куыд басомы кодтон, афтӕ сӕ Ӕз, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ, ӕххормаг цы у, уый куынӕуал зоной ӕмӕ сыл хуыз куы фӕхӕца, уӕд ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхдзысты ӕмӕ уыдонӕн лӕггад кӕндзысты, Мӕн та ферох кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты. 21Уыйадыл бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ бавзардзысты, ӕмӕ уӕд ацы зарӕг сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕ тъымы-тъыма дӕр нӕ ферох кӕндзӕн.

Сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕйӕ бавӕрдтон, уырдӕм сӕ нӕма бакодтон, фӕлӕ, сӕхи куыд равдисдзысты, уый Ӕз ныридӕгӕн зонын».

22Ныффыста Моисей уыцы зарӕг ӕмбойны ӕмӕ йӕ израилӕгтӕн бацамыдта.

23Дунедарӕг бафӕдзӕхста Йешуайӕн, Нуны фыртӕн: «Ды бакӕндзынӕ израилӕгты, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕйы тыххӕй басомы кодтон, уырдӕм. Ма фӕцуд, фидар лӕуу — Ӕз уыдзынӕн демӕ».

Ӕгъдауы чиныг ӕвӕрд ӕрцыди Фидыды Чырыны цур

24Моисей Ӕгъдау райдайӕнӕй кӕронмӕ фыст куы фӕци чиныджы, 25уӕд загъта левиттӕн, Дунедарӕджы Фидыды Чырын хӕсджытӕн: 26«Айсут ацы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Фидыды Чырыны цур бафснайут. Уым уӕ ныхмӕ ӕвдисӕны хуызы лӕудзӕн, 27уымӕн ӕмӕ ӕз хорз зонын, куыд хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон стут, уый. Цалынмӕ удӕгас дӕн ӕмӕ уемӕ дӕн, уӕдмӕ кӕм нӕ уисӕн кӕнут Дунедарӕгӕн, уым ма, куы амӕлон, уӕд та цы уыдзӕни? 28Фӕдзурут мын уӕ мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ уӕ фӕтӕгтӕм, ӕмӕ сын ӕй ӕз зӕгъон, арв ӕмӕ зӕхх сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн ныллӕууын кӕнон. 29Уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, мӕ мӕлӕты фӕстӕ схъахбай уыдзыстут ӕмӕ уӕ цы фӕндагыл бафтыдтон, уымӕй азилдзыстут. Сомбон уыл фыдбылызтӕ ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон митыл бафтдзыстут ӕмӕ Йӕ уӕ хъуыддӕгтӕй смӕсты кӕндзыстут».

Моисейы зарӕг

30Моисей ацы зарӕг азарыд райдианӕй кӕронмӕ, ӕппӕт Израилы дзыллӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йӕм хъуыстой.
Copyright information for OssIBT2022