Deuteronomy 32
1«Ӕрыхъус, арв, ӕз дын цы зӕгъон, уымӕ;ӕрыхъус, зӕхх, мӕ ныхасмӕ:
2Цы зонын, уый фемӕхсдзӕни уарынау;
уыдзӕни мӕ дзыхы дзырд сӕууон ӕртӕхау,
нӕудзарыл тӕрккъӕвда ӕрцӕуӕгау,
кӕрдӕгыл саха ныккӕлӕгау.
3Дунедарӕджы ном стаудзынӕн!
Кад кӕнут нӕ Хуыцауӕн!
4Уый у Къӕдзӕх.
Ӕнӕлаз у Йӕ алы хъуыддаг дӕр,
Йӕ алы фӕндаг дӕр — рӕстаг.
Иузӕрдион у Уый, ницы Йӕм ис сайдӕй,
рӕстаг у ӕмӕ раст тӕрхон кӕны.
5Ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хъахбай фӕлтӕр
Йӕ разы сӕхи сӕгад кодтой
ӕмӕ Йын нал бӕззынц хъӕбултӕн.
6Ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕсӕр адӕм,
Дунедарӕгӕн афтӕ фидут Йӕ хӕрзтӕ?
Ӕви Уый уӕ Фыд, уе Сфӕлдисӕг нӕу?
Ӕви уӕ Уый нӕ равзӕрын
ӕмӕ нӕ рантысын кодта?
7Ӕрхъуыды-ма кӕн рагзамантӕ,
раздӕры фӕлтӕрты хабӕрттӕ.
Бафӕрс-ма дӕ фыды,
ӕмӕ дын ракӕндзӕн сӕ кой;
уӕ зӕрӕдты-ма бафӕрс,
ӕмӕ дын радзурдзысты уыдон.
8Иууылбӕрзонд адӕмтӕн
хӕйттӕ куы лӕвӕрдта
ӕмӕ иу адӕмы иннӕмӕй куы хицӕн кодта,
уӕд сын сӕ арӕнтӕ
Хуыцауы фыртты ▼
▼Кӕнӕ «Израилы байзӕддӕгты».
нымӕцмӕ гӕсгӕ снысан кодта.9Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы исбон — Йӕ адӕм,
Йаков Дунедарӕджы у.
10Ӕдзӕрӕг ран ӕй ссардта
ӕмӕ йыл хъӕддаг ӕрнӕджы Йӕ арм дардта,
цӕсты гагуыйау ӕй хъахъхъӕдта.
11Цӕргӕс йӕ ахстон куыд хъахъхъӕна,
йӕ лӕппынты сӕрмӕ куыд зилдух кӕна,
афтӕ йӕ базыртӕ айтыгъта
ӕмӕ сӕ фелвӕста ӕмӕ ахаста.
12Афтӕ Дунедарӕг дӕр уыдоны
иунӕгӕй размӕ кодта,
кӕйдӕр хуыцау нӕ уыди семӕ.
13Систа сӕ Уый зӕххы бӕрзӕндтӕм
ӕмӕ сӕ быдыры тыллӕгӕй хаста,
айнӕгӕй сын мыд лӕмӕрста,
къӕдзӕхӕй — оливӕйы сой,
14ӕхсырысӕртӕ, сӕгъы ӕхсыр сын дардта,
башайнаг нард стуртӕ ӕмӕ фысвосы фыдӕй,
ӕвзаргӕ мӕнӕуӕй сӕ хаста,
сӕнӕфсиры тугӕй сын сӕ дойны уагъта.
15Афтӕмӕй Йешуруныл ▼
▼Арӕх чи не’мбӕлы, дзуттаг адӕмы уыцы поэтикон ном.
хуыз фӕхӕцыд,ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа.
Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты
ӕмӕ коммӕ нал кастысты.
Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл,
ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.
16Кӕйдӕрты фӕзмгӕйӕ,
цы гуымирытӕ сарӕзтой,
уыдонӕй Йын Йӕ маст ссыгътой,
се’лгъӕгтӕм сын смӕсты ис.
17Нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн нӕ,
фӕлӕ дӕлимонтӕн,
ӕрӕджы чи фӕзындис
ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой,
уыцы гуымирытӕн хастой.
18Цы Къӕдзӕх уӕ ныййардта,
Уый ныууагътат,
Кӕй фӕрцы рантыстыстут,
Уыцы Хуыцауы ферох кодтат.
19Дунедарӕг уый куы федта,
уӕд фыр мӕстӕй атигъ кодта Йӕхи
Йӕ фырттӕ ӕмӕ Йӕ чызджытыл.
20Загъта: „Ме’ргом сӕ аздахдзынӕн
ӕмӕ, сӕ кӕрон цӕмӕ ӕрцӕудзӕн, уый фендзынӕн.
Мӕнгард фӕлтӕр сты уыдон,
сӕ хӕс кӕмӕй ферох ис, ахӕм цот.
21Сӕхицӕн гуымирытӕ сарӕзтой,
смӕсты Мӕ кодтой,
ӕмӕ Ӕз та афтӕ бакӕндзынӕн,
ӕмӕ адӕм схонӕн дӕр кӕмӕн нӕй,
уыдонмӕ хӕлӕг кӕндзысты.
Уадз ӕмӕ уыцы ӕнӕфенд адӕммӕ
мӕстӕй судзой.
22Уымӕн ӕмӕ Мӕ маст афтӕ фыцы,
ӕмӕ йӕ пиллон арт
мӕрдтыбӕсты тарфмӕ дӕр ӕнхъӕвзы,
зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр ис,
уыдон иууылдӕр ныхъуыры,
хохрӕбынтӕ арауы.
23Ӕз сыл Мӕ фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн,
Мӕ фӕттӕ сыл схардз кӕндзынӕн.
24Стонгӕй мӕлдзысты,
тӕвднизӕй сӕйдзысты,
рын сыл сыстдзӕни.
Сырды ссыртыл ӕфтыд фӕуыдзысты,
калмы маргӕй цагъды кӕндзысты.
25Усгур лӕппу ӕмӕ чындздзон чызг,
дзидзидай саби ӕмӕ урссӕр зӕронд
дуарӕн ӕдде цыргъагӕй цагъды кӕндзысты,
хӕдзары мидӕг та — фыр тӕссӕй.
26Бӕргӕ сӕ ныццӕгъдин Ӕз,
адӕмы’хсӕн сӕ кой дӕр нал уаид,
27фӕлӕ сыл се знӕгтӕ фӕхуддзысты.
Фыдгултӕ сӕхицӕй ныхъхъал уыдзысты
ӕмӕ зӕгъдзысты,
уый дам сын Дунедарӕг нӕ,
фӕлӕ мах бакодтам афтӕ.
28Уымӕн ӕмӕ уыдон сӕрӕй ӕххӕст не сты
ӕмӕ ницы ӕмбарынц.
29Зондджындӕр куы уаиккой,
уӕд ӕй ӕмбариккой,
разӕй сӕм цы кӕсы, уый.
30Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид,
Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид,
уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис,
ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса,
дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“
31Сӕ хъахъхъӕнӕг
нӕ Хъахъхъӕнӕджы хуызӕн кӕй нӕу,
уымӕн не знӕгтӕ сӕхӕдӕг сты ӕвдисӕн!
32„Уымӕн ӕмӕ сӕ сӕнӕфсир
Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕнӕфсиры тала у,
йӕ гагатӕ — марг, йӕ цупӕлттӕ — маст.
33Калмы, сау калмы марг — сӕ сӕн.
34Исты Мӕм уыдӕттӕ ӕвӕрд не сты,
бӕрӕг ран сӕ нӕ бафснайдтон?
35Мӕ бар уадзут маст исын,
аккаг сын фӕуыдзынӕн Ӕз,
иу афон фӕцуддзысты.
Сӕ кӕрон ӕрхӕццӕ ис,
рӕхджы сӕ баййафдзӕни сӕ адзал“.
36Дунедарӕг Йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцдзӕни,
Йӕ цагъартӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕни,
сӕ хъару басаст ӕмӕ сӕрибарӕй, цагъарӕй
царӕфтыд кӕнынц, уый куы фена, уӕд.
37Зӕгъдзӕни: „Кӕм сты сӕ хуыцӕуттӕ,
сӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтой, уыцы фидӕрттӕ?
38Сӕ нывӕндты фиу ӕмӕ сын-иу
сӕ кувинаг сӕнӕй чи ацахуыста, уыдон?
Ӕххуысмӕ уӕм растӕнт
ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕнӕнт,
уыдон рахӕцӕнт уӕ сӕрыл!“
39Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн!
Ӕз — Иунӕг Хуыцау!
Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр,
цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр
Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй
ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!
40Уӕларвмӕ Мӕ къух сисгӕйӕ,
Ме’нусондзинадӕй сомы кӕнын:
41Мӕ цӕхӕркалгӕ кард куы сцыргъ кӕнон
ӕмӕ тӕрхон кӕнынмӕ куы бавналон,
уӕд Ме знӕгтӕн аккаг фӕуыдзынӕн,
Мӕ фыдгултӕн схос кӕндзынӕн.
42Мӕ фӕттӕ срасыг уыдзысты тугӕй,
Уацайрӕгтӕ ӕмӕ мӕрдты фыдӕй,
сӕ тугӕй бафсӕддзӕн мӕ кард,
йӕ балхонты сӕртӕ сын анымайдзӕн!
43Муртаттӕгтӕ, цин кӕнут Йӕ адӕмимӕ,
уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ цагъарты туг райсдзӕни,
Йе знӕгтӕн аккаг фӕуыдзӕни
ӕмӕ Йӕ адӕмы бӕстӕ ссыгъдӕг кӕндзӕни».
44Ӕрбацыди Моисей ӕмӕ Нуны фырт Йешуаимӕ ацы зарӕджы ныхӕстӕ адӕмӕн рафӕзмыдта. 45Ӕмӕ сӕ ӕппӕт Израилӕн куы фехъусын кодта Моисей, 46уӕд загъта: «Ацы ныхӕстӕ уӕ зӕрдыл бадарут ӕмӕ сӕ уӕ цотӕн амонут, цӕмӕй ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной. 47Уымӕн ӕмӕ уыдон сымахӕн хуымӕтӕджы ныхӕстӕ не сты — уӕ цард сӕ мидӕг ис. Сӕ фӕрцы, уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уым, Иорданы фале, бирӕ фӕцӕрдзыстут».
Дунедарӕджы тӕрхон Моисейӕн
48Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 49«Аваримы хӕхтӕм фӕцу. Моавы, Йерихоны бакомкоммӕ, цы хох ис — Нево, уырдӕм ссу ӕмӕ Ханааныл, израилӕгтӕн кӕй хай кӕнын, уыцы бӕстыл дӕ цӕст ахӕсс. 50Уыцы хохмӕ куы ссӕуай, уӕд уым амӕлдзынӕ ӕмӕ дӕ сыджытыл бафтдзынӕ, де’фсымӕр Аарон Оры хохыл куыд амард ӕмӕ йӕ сыджытыл куыд бафтыдис, афтӕ. 51Сымах Мыл Меривайы ▼▼Мерива — «Быцӕуы дон».
доны был, Кадешы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры, кӕй фӕгуырысхо стут израилӕгты’хсӕн, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый сын кӕй нӕ фенын кодтат, уый тыххӕй уын афтӕ нывгонд у. 52Израилӕгтӕн цы бӕстӕ дӕттын, уый дардӕй фендзынӕ, фӕлӕ уыцы бӕстӕм цӕугӕ нӕ бакӕндзынӕ».
Copyright information for
OssIBT2022