‏ Deuteronomy 33

Моисейы арфӕтӕ израилӕгтӕн

1Йӕ мӕлӕты размӕ Моисей, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, израилӕгтӕн арфӕ ракодта. 2Уый загъта:

«Дунедарӕг Синайӕ рацыди,
Сеиры сӕрмӕ ныррухс ис,
Йӕхи раргом кодта мин-мин сыгъдӕгимӕ
Параны хӕхты сӕр,
Йӕ рахизфарс — Ӕгъдауы арт.
3Уарзон Ын сты Йӕ адӕм.
Йӕ къухы — ӕппӕт сыгъдӕджытӕ.
Ӕрзоныг кодтой Дӕ разы,
Дӕ алы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц.
4Моисей нын радта Ӕгъдау,
Йаковы дзыллӕйы исбон.
5Уыди уый паддзах Йешуруны,
Израилы хӕдзарвӕндӕгтимӕ-иу
адӕмы фӕтӕгтӕ куы’рбамбырд сты, уӕд.
6Ма амӕлӕд Рувим, цӕрӕд,
йӕ байзӕддӕгтӕ чысыл ма уӕнт!

7Иудӕйы тыххӕй загъта: „Фехъус, Дунедарӕг, Иудӕйы хъӕлӕс
ӕмӕ йӕ ӕрбакӕн йӕ адӕммӕ.
Йӕхи хъаруйӕ уый йӕхи хъахъхъӕны.
Феххуыс ын кӕн йе знӕгты ныхмӕ“.
8Левийы тыххӕй загъта:
„Дӕ тумим ӕмӕ Дӕ урим —
йӕ зӕрдӕ Дыл чи нӕ ивы,
Массайы кӕй бафӕлвӕрдтай,
Меривайы доны был кӕмӕн уайдзӕф кодтай,
уыцы кувӕг лӕгмӕ.
9Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕй,
нӕ сӕ зонын, зӕгъгӕ, чи дзуры,
йе’фсымӕры чи нӕ нымайы,
йӕ цоты чи нӕ хъуыды кӕны,
уыдонӕн Дӕ дзырд сӕйрагдӕр у,
Дӕ Фидыдӕй сын зынаргъдӕр ницы ис.
10Уыдон амонынц Де’гъдӕуттӕ Йаковӕн,
Дӕ фӕдзӕхстытыл ахуыр кӕнынц Израилы;
буд судзынц Дӕ разы,
иууылсудзинаг нывӕндтӕ
ӕвӕрынц Дӕ нывондхӕссӕныл.
11Арфӕ ракӕн, Дунедарӕг, йӕ хъаруйӕн
ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрӕстмӕ кӕн.
Ныффалгӕрон ын кӕн йӕ фыдгулты,
цӕмӕй йе знӕгты бон растын мауал суа“.
12Бениамины тыххӕй загъта:
„Дунедарӕгӕн уарзон чи у,
уый ӕдасӕй цӕрдзӕни Хуыцауы раз —
Йӕ арм ыл Уый дары кӕддӕриддӕр,
йӕ фӕсчъылдым лӕууы“.
13Йосефы тыххӕй загъта:
„Дунедарӕджы арфӕйӕ ӕфсӕст у йӕ зӕхх
ӕрвон ӕртах ӕмӕ дӕлдзӕхы арфӕй цӕуӕг
суадӕтты донӕй;
14уӕз кӕнынц йӕ зӕххӕн
хурӕй ӕфсӕст ӕмӕ мӕйӕ рӕвдыд бӕркӕдтӕ;
15рагон хӕхтӕ ӕмӕ ӕнусон къуылдымты
цыбӕйлаг лӕвӕрттӕ;
16зӕххы хуыздӕр хуынтӕ
ӕмӕ йе’ппӕт бӕркад.
Сындзкъутӕры ӕргом Чи рацыд,
Уый арфӕ ракӕнӕд Йосефӕн,
ӕфсымӕрты хуыздӕрӕн!
17Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын,
хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ.
Фелвасдзӕни сыл адӕмты,
зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн.
Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй,
Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.
18Зевулоны тыххӕй загъта:
„Ды, Зевулон, райгӕйӕ цу дӕ цӕуӕнты,
райгӕйӕ цӕр, Иссахар, дӕ цатырты!
19Хохы сӕрмӕ хондзысты уыдон адӕмы,
ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ хӕсдзысты,
уымӕн ӕмӕ фурды бӕрӕчет
ӕмӕ змисы ӕмбӕхст хӕзнатӕй цӕрдзысты“.
20Гады тыххӕй загъта:
„Арфӕгонд у Гад,
йӕ къабӕзтӕ фӕйнӕрдӕм чи айтыгъта!
Уый домбайау йӕ амӕттаджы мӕкъуыстӕг
рарӕдувы, йӕ тыл ын ныппары.
21Равзӕрста йӕхицӕн хуыздӕр хай —
бӕстыхицауы хай; адӕмы фӕтӕгтӕ
куы ӕрбамбырд сты, уӕд сӕххӕст кодта
Дунедарӕджы раст фӕндон,
Израилы тыххӕй Йӕ тӕрхон“.
22Даны тыххӕй загъта:
„Дан у лӕппын домбай,
Башаны хохӕй ӕргӕпп кӕны“.
23Неффалимы тыххӕй загъта:
„Неффалим Дунедарӕгӕй арфӕгонд у,
ныгуылӕн ӕмӕ хуссар йӕхи уыдзысты“.
24Асиры тыххӕй загъта:
„Ӕфсымӕрты арфӕгонддӕр — Асир,
йе’фсымӕртӕн уарзон,
сойы йӕ къӕхтӕ ныгъуылдзысты уымӕн.
25Ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуыйӕ — де’вдузӕнтӕ,
дӕ хъару цӕргӕбонты — ӕвидигӕ“.
26Йешуруны Хуыцауӕн ӕмбал нӕй.
Йе стырады дӕм уӕлӕрвты
Уый ӕврӕгътыл тындзы ӕххуысмӕ.
27Ӕнусон Хуыцау — де’мбӕхсӕн,
Йе’нусон ӕрмтты дӕ хӕссы.
Фӕсурдзӕни дын де знӕгты
ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Ныццӕгъд сӕ!“
28Цӕрдзӕни ӕдасӕй Израил,
хибарӕй цӕрдзӕнис Йаков,
арвӕй ӕртӕх кӕм лӕдӕрсы,
уыцы хор ӕмӕ сӕны бӕстӕйы.
29Тӕхудиаг дӕ ды, Израил!
Кӕм ис сымахӕн ӕмбал,
Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг,
йӕ уарт ӕмӕ йӕ кады кард кӕмӕн у,
уыцы адӕм?
Сымахӕн уе знӕгтӕ
ӕрныллӕг уыдзысты уӕ разы,
сымах та сын сӕ фӕсонтыл
къахӕй лӕудзыстут».
Copyright information for OssIBT2022