‏ Deuteronomy 34

Моисейы мӕлӕт

1Уыйадыл ссыди Моисей Моавы дӕлвӕзтӕй Невойы хохмӕ, Йерихоны бакомкоммӕ чи ис, уыцы Фасгайы сӕрмӕ. Ӕмӕ йын фенын кодта Дунедарӕг бӕстӕ кӕрӕй-кӕронмӕ — Галаадӕй Даны онг, 2Неффалимы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, Иудӕйы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, суанг ныгуылӕны денджызы онг, 3Негев дӕр, Йерихон дӕр, Пальмӕты сахартӕ, суанг Цоары онг. 4Загъта йын Дунедарӕг: «Уый дын, уӕ байзӕддӕгтӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн кӕй тыххӕй басомы кодтон, уыцы бӕстӕ. Дӕ цӕстӕй дын ӕй фенын кодтон, фӕлӕ йӕм дӕ къах нӕ бавӕрдзынӕ».

5Ӕмӕ амарди уым, Моавы бӕстӕйы, Моисей, Дунедарӕджы цагъар, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ. 6Дӕлвӕзы йӕ бавӕрдтой, Моавы, Бет-Пеоры бакомкоммӕ, фӕлӕ кӕм, уый абон дӕр бӕлвырд ничи зоны. 7Моисейыл уӕд цыди сӕдӕ дыууын азы, фӕлӕ цӕстӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр нӕма фӕцудыдта. 8Дӕс ӕмӕ ссӕдз боны сау фӕдардтой израилӕгтӕ Моисейыл: фӕкуыдтой ӕмӕ йыл фӕхъыг кодтой Моавы дӕлвӕзы.

9Моисей Нуны фырт Йешуайыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Йешуа уӕлзондӕй схайджын ис. Израилӕгтӕ йӕ коммӕ кастысты ӕмӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кодтой.

10Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ уыдис израилӕгты’хсӕн Моисейы ӕмсӕр, Дунедарӕг лӕгӕй-лӕгмӕ кӕимӕ дзырдта, ахӕм пехуымпар. 11Дунедарӕджы фӕндонӕй уый цы’вдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдыста Мысыры — фараонӕн, йӕ цагъартӕн ӕмӕ йын йӕ бӕстӕн цытӕ бакодта! 12Моисейы хъомысӕн ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕн ӕвдисӕн уыдис ӕгас Израил.
Copyright information for OssIBT2022