Deuteronomy 4
Моисей сиды йӕ адӕммӕ, цӕмӕй Дунедарӕгмӕ хъусой
1Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат. 2Мӕ ныхӕстӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут ӕмӕ дзы ӕппаргӕ дӕр мацы акӕнут. Ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, ӕз уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон. 3Уӕхи цӕстӕй федтат, Дунедарӕг Баал-Пеоры цытӕ бакодта, уый: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Баал-Пеоры фӕстӕ чидӕриддӕр адзӕгъӕл ис, уыдонӕн сӕ мыггаг сыскъуыдта. 4Сымах та, Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл, йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта, уыдон иууылдӕр, абон дӕр ма сӕрӕгас стут. 5Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым. 6Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“ 7Уымӕн ӕмӕ ма кӕм ис дыккаг ахӕм стыр адӕм, йӕ хуыцӕуттӕ, махмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куы Йӕм скувӕм, уӕд куыд хӕстӕг вӕййы, афтӕ ӕввахс кӕмӕ сты? 8Ӕмӕ ма кӕм ис дыккаг ахӕм стыр адӕм, йӕ фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, ӕз уын ныртӕккӕ цы ӕгъдауыл дзурын, уый хуызӕн раст кӕмӕн сты? 9Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн. 10Уыцы бон Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, лӕууыдыстут Хоревы рӕбын, ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Адӕмы Мӕм ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ сын Ӕз Мӕ ныхас фехъусын кӕндзынӕн, цӕмӕй сӕм цӕргӕбонты зӕххыл Мӕнӕй тас уа ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл ахуыр кӕной“. 11Сымах бацыдыстут ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдыстут. Хох артау сыгъди, ӕмӕ арты ӕвзӕгтӕ арвыл ныдзӕвыдысты. Уыди саудалынг, бӕзджын мигъ ныббадти. 12Дунедарӕг уӕм арты хуылфӕй дзырдта; сымах Ӕй хъуыстат, фӕлӕ Йӕ уынгӕ нӕ кодтат, ӕрмӕст Йӕ хъӕлӕс зӕлыди. 13Уый уын уӕд фехъусын кодта, ӕххӕст кӕнын уын кӕй ӕмбӕлы, Йӕ уыцы бадзырд — Дӕс фӕдзӕхсты. Дыууӕ къӕйдурыл сӕ ныффыста. 14Уӕд мын Дунедарӕг загъта, цӕмӕй уын фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бацамонон, ӕмӕ сӕ, уӕхи кӕй бакӕндзыстут, уыцы бӕсты ӕххӕст кӕнат.Мӕнг хуыцӕутты ахӕсты фӕуынӕй уӕхи хизут
15Дунедарӕг уӕм Хоревы рӕбын арты хуылфӕй куы дзырдта, уӕд сымах фӕлгонц нӕ федтат. Уӕхи хъахъхъӕнут уӕдӕ. 16Фыдбылызӕй уӕхи бахизут: ма скӕнут уӕхицӕн гуымирытӕ — мадӕр нӕлгоймаджы, мадӕр сылгоймаджы хуызы, 17мадӕр зӕххон цӕрӕгойы, мадӕр уӕларвон маргъы хуызы, 18мадӕр исты зӕххыл хилӕджы, мадӕр доны ленкгӕнӕг кӕсаджы хуызы. 19Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау. 20Сымах та Дунедарӕг уыцы ӕфсӕн тохынайӕ, Мысырӕй, уымӕн ракодта, цӕмӕй, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ суыдаиккат Йӕ адӕм. 21Мӕнмӕ сымах тыххӕй смӕсты ис Дунедарӕг ӕмӕ басомы кодта, ӕз Иорданы фаллаг фарсмӕ кӕй нӕ бахиздзынӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй хай кӕны, уыцы диссаджы бӕстӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн. 22Ӕз амӕлдзынӕн ацы бӕстӕйы, Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ бахиздзынӕн, афтӕмӕй; сымах та бахиздзыстут ӕмӕ уыцы диссаджы бӕстӕ уӕхи бакӕндзыстут. 23Уӕхи хъахъхъӕнут: Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, бадзырд уӕ зӕрдыл дарут: ма кӕнут уӕхицӕн гуымирытӕ, мацы кувӕн фӕлгонцтӕ аразут. Афтӕ уын фӕдзӕхсы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау. 24Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, пиллон арт у, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау! 25Цот ӕмӕ уын цоты цот куы фӕзына, бирӕ куы фӕцӕрат уыцы бӕстӕйы ӕмӕ стӕй тӕригъӕд куы ӕруадзат Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, гуымирытӕ куы скӕнат ӕмӕ Йӕ уӕхимӕ куы смӕсты кӕнат, 26уӕд, арв ӕмӕ зӕххыстӕн, тагъд рӕстӕджы ӕнӕхай фӕуыдзыстут, Иорданы фаллаг фарсмӕ уӕхи бакӕнынмӕ кӕй тыххӕй цӕут, уыцы бӕстӕй. Уым уын бирӕ фӕцӕрын нӕ бантысдзӕн: цагъды фӕуыдзыстут. 27Ныххӕлиу уӕ кӕндзӕн Дунедарӕг адӕмты’хсӕн. Армыдзаг ма уыдзыстут, Дунедарӕг уӕ кӕдӕм фӕкӕна, уыцы адӕмты’хсӕн. 28Лӕггад кӕндзыстут уым адӕймаджы къухӕй конд дурын ӕмӕ хъӕдын хуыцӕуттӕн, уынгӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр, хӕргӕ дӕр ӕмӕ ӕмбудгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕн. 29Уым райдайдзыстут агурын Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕмӕ Йӕ удуӕлдайӕ, зӕрдиагӕй куы ӕрцагурат, уӕд Ӕй ссардзыстут. 30Искуы уыл фидӕны уынгӕг рӕстӕг куы скӕна ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ куы бавзарат, уӕд раздӕхдзыстут Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ Йын фехъусдзыстут Йӕ хъӕлӕс. 31Уымӕн ӕмӕ бараг у Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Уый уӕ нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уӕ нӕ фесафдзӕн, нӕ ферох кӕндзӕн, уӕ фыдӕлтимӕ цы бадзырд сарӕзта ӕмӕ, ард бахӕргӕйӕ, кӕй сфидар кодта, уый.Израил — ӕвзӕрст адӕм
32Ӕрфӕрсут-ма раздӕры заманты тыххӕй, уӕ размӕ, Хуыцау зӕххыл адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ цы уыди, уыдӕттӕй, кӕддӕра арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ искуы ахӕм стыр диссаг ӕрцыди, ахӕмӕй исты фехъуыстӕуыд? 33Кӕд ма уыдис афтӕ, цӕмӕй адӕмтӕй исчи сымахау Хуыцауы хъӕлӕс арты хуылфӕй фехъуса ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззайа? 34Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта. 35Сымахӕн ӕппӕт уыдӕттӕ равдыстӕуыд, цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ Уый йеддӕмӕ Хуыцау кӕй нӕй. 36Уый уын уӕлӕрвтӕй фехъусын кодта Йӕ хъӕлӕс, цӕмӕй уӕ раст фӕндагыл араза. Уый уын зӕххыл фенын кодта Йе стыр арт, ӕмӕ Йын арты хуылфӕй фехъуыстат Йӕ ныхӕстӕ. 37Уӕ фыдӕлты уын кӕй уарзта, сӕ хъӕстӕ дӕр сын уымӕ гӕсгӕ равзӕрста. Йе стыр хъаруйы фӕрцы уӕ ракодта Мысырӕй, 38цӕмӕй фӕсурат сӕ бӕстӕй, сымахӕй бирӕ фылдӕр ӕмӕ тыхджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдоны; цӕмӕй уӕ ӕрбакӕна сӕ зӕхмӕ ӕмӕ уын ӕй ратта исбонӕн, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ. 39Зонут уӕдӕ ӕмӕ уӕ зӕрдыл бадарут: Дунедарӕг у Хуыцау уӕлейӕ, арвыл, ӕмӕ бынӕй, зӕххыл, ӕмӕ Уый йеддӕмӕ Хуыцау нӕй. 40Ӕххӕст Ын кӕнут Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ, мӕнӕ уын ӕз кӕй амонын ныр, уыдон, ӕмӕ хорз уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ уӕ фӕстагӕттӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзыстут, ӕнустӕм уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй хай кӕны, уыцы бӕсты».Ӕмбӕхсӕн сахартӕ Иорданы был
41Уыцы рӕстӕджы Моисей рахицӕн кодта ӕртӕ сахары Иорданӕй хурыскӕсӕнӕрдӕм, 42цӕмӕй-иу, йе знаг нӕ уыди, афтӕмӕй ӕнӕбары искӕй чи амара, уый уыцы сахартӕй иумӕ алидза ӕмӕ афтӕмӕй фервӕза. 43Мӕнӕ сты уыцы сахартӕ: Бецер — ӕдзӕрӕг быдыры, дӕлвӕзы, Рувимты хайыл; Рамот — Гилады, Гадты хайыл; Голан — Башаны, Менассиайы мыггаджы хайыл. 44Мӕнӕ, Моисей израилӕгтӕн кӕй бацамыдта, уыцы Ӕгъдау, 45Мысырӕй рацӕуыны фӕстӕ Моисей израилӕгтӕн цы фӕтк, цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕндиӕгтӕ фехъусын кодта, уыдон. 46Уый уыди Иорданы фале, Бет-Пеормӕ ӕввахс дӕлвӕзы, Хешбоны чи хицауиуӕг кодта, уыцы амораг паддзах Сигоны зӕххыл. Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд ӕй басастой. 47Йӕ бӕстӕ йын, стӕй ма йемӕ ноджы Башаны паддзах Огы бӕстӕ дӕр сӕхи бакодтой. Уыцы дыууӕ амораг паддзахы зӕххытӕ сӕхи айтыгътой Иорданӕй хурыскӕсӕнӕрдӕм, 48Арноны былгӕрон Ароерӕй Сионы хохы онг, Ермон дӕр ма йӕ хонынц. 49Иорданӕн йӕ фаллаг фарс, скӕсӕнӕрдыгӕй цы дӕлвӕз ис, уый дӕр уыдонмӕ хауы суанг Фасгайы рӕбынмӕ, денджызы онг.
Copyright information for
OssIBT2022