Deuteronomy 6
1Уый уын уыцы фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ кӕмӕй загъта, бацамон сын сӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, сӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕуынц, уым. 2Тӕрсут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ Йын цӕрӕнбонты ӕххӕст кӕнут, ӕз уын кӕй амонын, Йӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ, — уӕхӕдӕг дӕр, уӕ цот дӕр ӕмӕ уӕ цоты цот дӕр, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрат. 3Уӕдӕ байхъусут, израилӕгтӕ, ӕмӕ архайут уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл, цӕмӕй райгонд уат ӕмӕ сбирӕ уат, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн ныфс кӕмӕй бавӕрдта, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, ууыл. 4Байхъус, Израил! Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, у иунӕг Хуыцау! 5Уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт уд ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ. 6Ӕмӕ уын ӕз абон кӕй фӕдзӕхсын, уыцы ныхӕстӕ арф бавӕрут уӕ зӕрдӕйы. 7Дзурут ӕмӕ сӕ дзурут уӕ цотӕн, фӕлхат сӕ кӕнут, хӕдзары бадгӕйӕ ӕмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, хуыссӕны ӕрхуысгӕйӕ ӕмӕ хуыссӕнӕй растгӕйӕ. 8Уӕ къухыл сӕ бабӕттут нысанау, уӕ ныхыл сӕ ӕрбабӕттут. 9Ныффыссут сӕ уӕ хӕдзӕртты уӕлкъӕсӕртыл ӕмӕ уӕ сахары кулдуӕрттыл. 10Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах бакӕндзӕн, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм. Уым — стыр ӕмӕ дидинӕфтыд сахартӕ, сымах кӕй нӕ сарӕзтат; 11алы мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ, сымах кӕй нӕ байдзаг кодтат; цъайтӕ, сымах кӕй не скъахтат; сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕласы къохтӕ, сымах кӕй нӕ ныссагътат. Уым хӕрдзыстут ӕмӕ бафсаддзыстут уӕхи. 12Кӕсут-иу уӕхимӕ — цагъартӕ кӕм уыдыстут, уыцы Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уыцы Дунедарӕджы-иу ма ферох кӕнут. 13Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсут, ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ Йӕ номӕй сомы кӕнут. 14Уӕ алыварс адӕмты хуыцӕуттӕй макӕй фӕдыл цӕут! 15Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уе’хсӕн Чи ис, Уый, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау у. Йӕ маст куы рафыца, уӕд уӕ зӕххы цъарӕй фесафдзӕн. 16Ма фӕлварут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Массайы йӕ куыд фӕлвӕрдтат, афтӕ. 17Макуы хизут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасы сӕрты, кӕддӕриддӕр ӕххӕст кӕнут, Уый уын цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхста, уыдон. 18Дунедарӕджы цӕсты раст ӕмӕ хорзыл нымад цы у, уыдӕттӕ кӕнут, цӕмӕй ӕнӕмастӕй цӕрат, бацӕуат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕркадджын бӕстӕй бавӕрдта, уый, 19цӕмӕй уын уе знӕгты уӕ цурӕй фесафа. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.Хуыцауы Ӕгъдауыл ахуыр кӕнут уӕ цоты
20Сомбон уӕ куы фӕрсой уӕ цот, Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, сымахӕн цы фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ лӕвӕрд ис, уыдоны нысаниуӕгӕй, 21уӕд-иу сын зӕгъут: „Мах цагъартӕ уыдыстӕм Мысыры паддзахӕн, ӕмӕ нӕ Йӕ хъомысы фӕрцы ракодта Дунедарӕг Мысырӕй; 22Дунедарӕг нӕ цӕстыты раз равдыста ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, Мысыры бӕстӕ, фараон ӕмӕ йын йе’ппӕт хӕдзаронты чи бабын кодта, уыдон; 23мах та ракодта уырдыгӕй, цӕмӕй нӕ ӕрбакӕна, нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм. 24Дунедарӕг нын бафӕдзӕхста ӕппӕт ацы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Дунедарӕгӕй, нӕ Хуыцауӕй, тӕрсын, цӕмӕй цӕрӕнбонты ӕнӕмаст уӕм ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззайӕм, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ. 25Рӕстгӕнджытыл нымад уӕд уыдзыстӕм, ӕппӕт ацы фӕдзӕхстытӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, раз, Уый нын куыд загъта, афтӕ куы ӕххӕст кӕнӕм“.
Copyright information for
OssIBT2022