‏ Deuteronomy 7

Ханаанӕгты ныццӕгъдын — Дунедарӕджы фӕндон

1Куы уӕ бакӕна Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, йӕ байсынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уырдӕм ӕмӕ куы фӕсура уӕ цурӕй, нымӕцӕй дӕр сымахӕй фылдӕр, хъаруйӕ дӕр сымахӕй ӕххӕстдӕр авд адӕмыхатты: хеттӕгты, гиргашӕгты, аморӕгты, ханаанӕгты, перизӕгты, хиввӕгты, евусӕгты, 2Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдоны уӕ къухтӕм куы ратта ӕмӕ сӕ куы ныддӕрӕн кӕнат, уӕд-иу сӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут, семӕ-иу фидыд ма саразут, удӕгасӕй дзы макӕй ныууадзут. 3Хӕстӕгдзинад ма кӕнут семӕ, уӕ чызджыты сӕ лӕппутӕм моймӕ ма дӕттут ӕмӕ сын сӕ чызджыты дӕр уӕ фырттӕн ма курут, 4уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй уӕ фырттӕ Мӕныл суӕлӕхох уыдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдайдзысты, ӕмӕ уӕм Дунедарӕджы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕ фесафынмӕ фӕстиат нӕ фӕкӕндзӕн. 5Фӕлтау сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕнут, сӕ табуйаг дуртӕ сын ныссӕттут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалут, сӕ гуымирыты сын арты хай бакӕнут. 6Уымӕн ӕмӕ сымах сыгъдӕг адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн; сымах равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕххы цъары ӕппӕт адӕмты’хсӕн, цӕмӕй Йӕ адӕм уат. 7Дунедарӕг уӕ, иннӕ адӕмтӕй фылдӕр кӕй стут, уый тыххӕй нӕ бауарзта ӕмӕ нӕ равзӕрста, мыййаг. Уый уӕ, адӕмты’хсӕн ӕппӕты къаддӕр кӕй стут нымӕцӕй, уымӕн равзӕрста. 8Уарзгӕ уӕ кӕй кӕны ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы сомы ракодта, уый тыххӕй уӕ суӕгъд кодта Дунедарӕг уацарӕй Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕмӕ уӕ уымӕн фервӕзын кодта Мысыры паддзахы бархъомысӕй. 9Уӕдӕ зонут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, иузӕрдион Хуыцау кӕй у, Йӕ сомы Чи нӕ сайы, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл тъымы-тъымамӕ Чи ауды. 10Йӕхи Йыл чи тигъ кӕны, уыдонӕн аккаг фӕуыдзӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзӕн — се’ппӕтыл дӕр ӕвӕстиатӕй Йӕ бӕллӕх сӕвӕрдзӕн. 11Уӕдӕ ӕххӕст кӕнут, ӕз уын ныртӕккӕ цы фӕдзӕхстытӕ, ӕгъдау ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ хъусын кӕнын, уыдон.

12Уыцы уагӕвӕрдты сӕрты куынӕ хизат, бӕстон сӕ куы ӕххӕст кӕнат ӕмӕ сӕ куы бахъахъхъӕнат, уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, уый нӕ фӕсайдзӕн. 13Хуыцауӕн уарзон уыдзыстут, ӕмӕ уын арфӕ ракӕндзӕн; сымахӕн раттынӕй уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уым мыггагарӕх уыдзыстут. Арфӕгонд уыдзысты уӕ зӕнӕг ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг, уӕ хойраг, уӕ сӕн ӕмӕ оливӕйы сой, уе стуртӕ ӕмӕ уӕ фысвосы цӕуӕт. 14Адӕмты’хсӕн ӕппӕты арфӕгонддӕр сымах уыдзыстут: нӕ уӕм уыдзӕн нӕдӕр, цот кӕмӕн нӕ цӕуы, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, нӕдӕр хуыскъ фос. 15Бахиздзӕн уӕ Дунедарӕг алы низӕй, Мысыры уе’нӕзонгӕ чи нӕ уыд, ӕппӕт уыцы низтӕ сымахыл нӕ, фӕлӕ уӕ чи нӕ уарзы, уыдоныл бафтаудзӕн. 16Ӕмӕ ныццӕгъддзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы адӕмты. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма лӕггад кӕнут — цъысымы бахаудзыстут.

17Чи зоны, сымах ахъуыды кӕнат, ацы адӕмтӕ махӕй фылдӕр куы сты, уӕд сын мах куыд байсдзыстӕм сӕ зӕхх, зӕгъгӕ, 18фӕлӕ сӕ ма фӕтӕрсут. Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фараонӕн ӕмӕ ӕгас Мысырӕн цытӕ бакодта, уый, 19уӕхи цӕстӕй кӕй федтат, уыцы стыр фыдӕвзарӕнтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах Йӕ базыры бын куыд бакодта ӕмӕ уӕ Йӕ хъомысджын къухы руаджы куыд фервӕзын кодта, афтӕ та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, схос кӕндзӕн, сымах кӕмӕй тӕрсут, уыцы адӕмтӕн дӕр. 20Суанг ма сӕ дыдынты ахӕсты дӕр бакӕндзӕн Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕмӕ, чи аирвӕзти ӕмӕ сымахӕй чи бамбӕхст, уыдон дӕр цагъды фӕуыдзысты. 21Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, стыр ӕмӕ карз Хуыцау, уемӕ ис. 22Цадӕггай фесафдзӕн Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй ацы адӕмты, уымӕн ӕмӕ сӕ ӕваст куы скуынӕг кӕнат, уӕд сӕ бынаты хъӕддаг сырдтӕ ӕгӕр сбирӕ уыдзысты. 23Уӕ амӕттаг сӕ бакӕндзӕн Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн, ӕмӕ сӕ иу дӕр удӕгасӕй нал аирвӕздзӕн. 24Сӕ паддзӕхты уын уӕ къухмӕ ратдзӕн, ӕмӕ сын сӕ кой дӕр фесафдзыстут арвы бынӕй. Ничи фӕлӕудзӕн уӕ ныхмӕ, се’ппӕты дӕр ныццӕгъддзыстут. 25Арты хай сын бакӕнут сӕ гуымирыты, фӕлӕ сыл цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ис, уыдонмӕ ма бабӕллут ӕмӕ сӕ уӕхицӕн ма райсут: цъысымы бахаудзыстут, уымӕн ӕмӕ уый ӕлгъаг у Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз. 26Ӕлгъаг дзаума ма бахӕссут уӕ хӕдзармӕ, науӕд уӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фӕуыдзыстут йемӕ; ахӕм дзауматӕй уӕхи хизут, ӕлгъ сыл кӕнут — ӕлгъыстаг сты уыдон.
Copyright information for OssIBT2022