‏ Deuteronomy 9

1Байхъусут, израилӕгтӕ! Сымах ныр цӕут Иорданы фалемӕ, цӕмӕй, уӕхицӕй фылдӕр ӕмӕ хъаруджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдоны фӕсурат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, уӕларвмӕ чи ӕххӕссы, уыцы фидаргонд сахартӕ, 2нымӕцӕй дӕр ӕмӕ асӕй дӕр кӕй не’ййафут, уыцы адӕмы, Анакы байзӕддӕгты, зӕхх, уыдоны ныхмӕ чи фӕлӕудзӕн, зӕгъгӕ, кӕй тыххӕй дзырдӕуы. 3Уӕдӕ ныр зонут: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ разӕй зынгирвӕзтау цӕуы. Уый сӕ ныццӕгъддзӕн ӕмӕ сӕ басӕтдзӕн уӕ разы. Фӕсурдзыстут сӕ, Дунедарӕг уын куыд загъта, афтӕ сӕ рӕхджы скуынӕг кӕндзыстут. 4Фӕлӕ сӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ разӕй куы фӕсура, уӕд уӕм уӕ зӕрдӕ афтӕ ма сдзурӕд: „Рӕстгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодта Дунедарӕг ардӕм, цӕмӕй ацы бӕстӕ бацахсӕм“. Уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндты тыххӕй суры Дунедарӕг уыцы адӕмты уӕ цурӕй. 5Раст ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй стут, уый тыххӕй сын нӕ бацахсдзыстут сӕ бӕстӕ. Фыдгӕнджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй сӕ суры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы сомы ракодта, уый. 6Уӕдӕ зонут, раст адӕм кӕй стут, уый тыххӕй уын нӕ дӕтты Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы алӕмӕты бӕстӕ, уымӕн ӕмӕ сымах хивӕнд стут. 7Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕдзӕрӕг быдыры куыд мӕсты кодтат, уый уӕ рох ма уӕд. Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕдӕй абонмӕ, цалынмӕ ардӕм не’рбацыдыстут, уӕдмӕ, Дунедарӕджы ныхмӕ лӕууыдыстут. 8Хоревы раз дӕр афтӕ смӕсты кодтат Дунедарӕджы, ӕмӕ уӕ хъуамӕ фыр мӕстӕй ныццагътаид.

9Ӕз хохмӕ ссыдтӕн, цӕмӕй къӕйдуртӕ райсон — Дунедарӕг уемӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыды къӕйдуртӕ. Дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон, хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй. 10Ӕмӕ мын Дунедарӕг радта дыууӕ къӕйдуры. Сӕ уӕлӕ Хуыцауы къухӕй фыст уыдысты, Дунедарӕг уын ӕмбырды бон, хохы сӕр, арты хуылфӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон иууылдӕр. 11Дыууиссӕдз боны ӕмӕ мын дыууиссӕдз ӕхсӕвы фӕстӕ Дунедарӕг радта дыууӕ къӕйдуры, фидыды къӕйдуртӕ. 12Загъта мын: „Рӕвдз цӕугӕ дӕлӕмӕ: дӕ адӕм, Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон, сӕнӕуаг сты. Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй тагъд фӕзылдысты: сӕхицӕн скодтой джиппыуагъд гуымиры“.

13Дунедарӕг мын загъта: „Кӕсын ацы адӕммӕ, ӕмӕ сын басӕттӕн нӕй. 14Бауадз Мӕ, ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон, арвы бын сын сӕ кой фесафон. Дӕуӕй та, уыдонӕй фылдӕр ӕмӕ тыхджындӕр чи уа, ахӕм адӕмы мыггаг рантысын кӕндзынӕн“. 15Ӕз фӕзылдтӕн ӕмӕ хохӕй дӕлӕмӕ фӕцӕуӕг дӕн. Хох пиллонӕй сыгъди. Фидыды дыууӕ къӕйдурыл хӕцыдтӕн мӕ дыууӕ къухӕй. 16Ӕмӕ ӕз федтон, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕд кӕй ракодтат, уый: уӕхицӕн джиппыуагъд гуымиры сарӕзтат; Дунедарӕг уын цы фӕндагыл цӕуын бафӕдзӕхста, уымӕй адзӕгъӕл стут. 17Ӕз райстон дыууӕ къӕйдуры ӕмӕ сӕ мӕ дыууӕ къухӕй зӕххыл ныццавтон, уӕ цӕстыты раз сӕ ныппырх кодтон. 18Ногӕй та ныддӕлгом дӕн зӕххыл Дунедарӕджы раз; дыууиссӕдз боны ӕмӕ та дыууиссӕдз ӕхсӕвы хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй куывтон Дунедарӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стут, фыдракӕнд сарӕзтат Йӕ разы, ӕмӕ уӕм смӕсты ис. 19Тарстӕн, Дунедарӕг уӕ фыр мӕстӕй куы бабын кӕна, уымӕй. Ӕмӕ та мӕм ацы хатт дӕр байхъуыста Дунедарӕг. 20Кӕддӕр ма Ааронмӕ дӕр афтӕ смӕсты ис Дунедарӕг, фесафынмӕ йӕ хъавыд, ӕмӕ ӕз Аароны тыххӕй дӕр афтӕ куывтон уӕд. 21Уӕ тӕригъӕд — кӕй сарӕзтат, уыцы гуымирыйы — ӕз арты хай бакодтон, фӕнык ӕй фестын кодтон ӕмӕ уыцы фӕнык, хохы сӕрӕй цы дон цыд, уым бакалдтон.

22Таверайы дӕр, Массайы дӕр ӕмӕ Киврот-Хаттавайы дӕр сымах мӕсты кодтат Дунедарӕджы. 23Дунедарӕг уӕ Кадеш-Барнеайӕ куы рарвыста, цӕут ӕмӕ уын цы бӕстӕ дӕттын, уый уӕхи бакӕнут, зӕгъгӕ, уӕд Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ нӕ бакастыстут, нӕ Йыл баууӕндыдыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кодтат. 24Куы уӕ зонын, уӕдӕй нырмӕ нӕ кӕсут Дунедарӕджы коммӕ!

25Дунедарӕджы раз ныддӕлгом дӕн зӕххыл; дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон дӕлгоммӕ хуысгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ Дунедарӕг сафыныл ныллӕууыд. 26Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодтон ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг Хуыцау, ма бабын кӕн Дӕ адӕмы — Дӕ исбон! Ды сӕ фервӕзын кодтай, барджын кӕй дӕ, уый фӕрцы, Дӕ хъомысджын къухӕй сӕ ракодтай Мысырӕй. 27Дӕ цагъартӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы хатырӕй фӕгӕдзӕ кӕн ацы ӕнӕсӕттон адӕмӕн, сӕ азым ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныббар, 28цӕмӕй, Дӕ хъомысы руаджы кӕцӕй раирвӕзтыстӕм, уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕ ма зӕгъой: ‚Дунедарӕг сын зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм бакӕнын сӕ Йӕ бон не сси. Ӕнӕуынон Ын уыдысты, ӕмӕ сӕ кӕнгӕ дӕр уымӕн ракодта, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры амара‘. 29Дӕ адӕм куы сты, Дӕ исбон, Дӕ арм кӕуыл дардтай ӕмӕ Де стыр хъомысы руаджы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон“.
Copyright information for OssIBT2022