Deuteronomy 12
Дунедарӕг Йӕхӕдӕг кӕй равзара, ӕрмӕстдӕр Ын уыцы бынаты нывӕндтӕ хӕссут
1Мӕнӕ сты, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым цӕргӕбонты бӕстон кӕй хъуамӕ’ххӕст кӕнат, уыцы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. 2Кӕй басӕтдзыстут, уыцы адӕмты кувӕн бынӕттыл, сӕ хуыцӕутты кувӕндӕттыл кӕмдӕриддӕр бамбӕлат — бӕрзонд хӕхтыл уа, къуыбыртыл ӕви алы къабузджын бӕласы бын — ныффалгӕрон-иу сӕ кӕнут. 3Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын ныппырх кӕнут, табуйаг дурцӕджындзтӕ афадут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ арты хай бакӕнут, сӕ гуымирытӕ сын ныззыгуым кӕнут, сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа уыцы рӕтты. 4Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕппындӕр ахӕмӕй мацы аразут. 5Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхицӕн бынат равзардзӕн. Уыцы бынат уыдзӕни Йӕ номыл, ӕмӕ-иу уырдӕм цӕут. 6Уырдӕм-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ хуынтӕ, уӕ ардбахӕрды ӕмӕ уӕ бархийы нывӕндтӕ, уе стурты ӕмӕ уӕ фысвосы сӕртӕ. 7Минас кӕнут уым Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ цин кӕнут уӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы къухты фӕллой ратта, ууыл. 8Ныртӕккӕ сымах, кӕмӕ уӕ куыд растдӕр кӕсы, афтӕ кӕнут, фӕлӕ уым хъуамӕ ма кӕнат афтӕ. 9Нырма нӕ бацыдыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы ӕнцойады бынатмӕ, уӕ зӕххы хаймӕ. 10Фӕлӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы ахизат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым куы ӕрбынат кӕнат, куы уӕ фервӕзын кӕна Уый уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрын куы райдайат, 11уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон. 12Ӕмӕ-иу цин кӕнӕнт уемӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ цагъартӕ сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй ӕмӕ, уе’хсӕн зӕххӕй дӕр ӕмӕ исбонӕй дӕр хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ. 13Уӕхи хъахъхъӕнут, уӕ зӕрдӕ уӕ цы ран скъуыра, уым уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ма хӕссут. 14Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл цы бынат равзара Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уым-иу хӕссут уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ-иу, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдӕттӕ кӕнут. 15Фӕлӕ уын бар ис, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хорзӕхы руаджы уӕм цы фос уа, уымӕй, уӕ зӕрдӕ кӕд зӕгъа, уӕд уӕ алы сахары дӕр аргӕвдын. Уыцы дзидзайӕ, сӕгуыт ӕмӕ фысы фыдау, хӕрыны бар ис сыгъдӕг адӕймагӕн дӕр ӕмӕ, йӕхи чи фӕчъизи кодта, уымӕн дӕр. 16Фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕкӕнут уӕхи, зӕхмӕ-иу ӕй акалут донау. 17Дӕ хоры сӕртӕ, дӕ сӕны ӕмӕ оливӕйы сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ, де стурты ӕмӕ фысвосы сӕртӕ, снывонд кӕныны охыл цӕмӕйдӕриддӕр дзырд радтай, бархийы нывонд уа ӕви хуын, бахӕрыны бар дын ӕй нӕй дӕ сахары. 18Хӕр сӕ ӕрмӕстдӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот, чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй ӕмӕ дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ. Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, раз райӕд дӕ зӕрдӕ дӕ къухвӕллойӕ. 19Хъусыс, дӕ зӕххыл куы ӕрцӕрай, уӕд макуы ныууадз рохуаты левиты. 20Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зӕрдӕ дын куыд бавӕрдта, афтӕ дӕ арӕнтӕ куы ныппарахат кӕна, уӕд-иу, кӕд дӕ бафӕнда, уӕд хӕр фыдызгъӕл, цас дӕ хъӕуа, уый бӕрц. 21Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уый дӕм дард куы уа, уӕд, куыд дын загътон, афтӕ дӕхи сахары аргӕвд, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн цы стуртӕ ӕмӕ фысвос радта, уыдонӕй ӕмӕ хӕр дӕ фаг. 22Ӕрмӕст сӕ хӕр, сӕгуыт ӕмӕ фысы фыд куыд хӕрынц, афтӕ. Сыгъдӕгӕн ӕмӕ дзы, чи фӕчъизи ис, уымӕн дӕр хӕрыны бар ис. 23Фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕкӕн дӕхи, уымӕн ӕмӕ туг цард у, ӕмӕ йӕ ма бахӕр фыдызгъӕлимӕ. 24Ма йӕ бахӕр! Донау ӕй акал зӕхмӕ. 25Ма йӕ бахӕр ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон уыдзысты. 26Дӕ уаз хуынтӕ ӕмӕ дӕ фидыды нывӕндтимӕ та дын, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы бынатмӕ цӕугӕ у. 27Дӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ, ӕд фыд ӕмӕ ӕд туг, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕныл судзгӕ сты. Дӕ иннӕ нывӕндты туг-иу акал Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕны раз, дзидза та хӕр. 28Лӕмбынӕг ӕрбайхъус ӕмӕ-иу бӕстон ӕххӕст кӕн, кӕй дын фӕдзӕхсын, ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддаг дӕр ӕнӕмаст уой, Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕхцон ӕмӕ фӕндон цы у, уыдӕттӕ куы кӕнай, уӕд. 29Ды басӕттынмӕ кӕмӕ цӕуыс, уыцы адӕмты Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы ныццӕгъда, куы сӕ басӕттай ӕмӕ сын сӕ зӕххыл куы ӕрбынӕттон уай, 30дӕ разы бынсӕфт куы фӕуой, уӕд-иу дӕхи хъахъхъӕн: къӕппӕджы бахаудзынӕ, уыдоны куы бафӕзмай ӕмӕ, ацы адӕмтӕ сӕ хуыцӕуттӕн куыд лӕггад кодтой, ӕз дӕр афтӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ сын сӕ хуыцӕутты куы бацагурай, уӕд. 31Ды Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, афтӕ ма кӕн: Дунедарӕг цӕуылдӕриддӕр ӕлгъ кӕны ӕмӕ Йын цыдӕриддӕр ӕнӕуынон у, уыдӕттӕ уыдон сӕ хуыцӕуттӕн кодтой; суанг ма сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр арты сыгътой сӕ хуыцӕутты номыл. 32Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.
Copyright information for
OssIBT2022