Deuteronomy 16
Куадзӕн
1Дӕ зӕрдыл дар авивы мӕй ӕмӕ бӕрӕг кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Куадзӕн: авивы мӕйы дӕ ӕхсӕвыгон ракодта Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Мысырӕй. 2Куадзӕны-иу Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, стурвос кӕнӕ фысвосӕй нывонд ӕрхӕсс, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзара, уым. 3Куадзӕны нывонд ма хӕр ӕнхъизӕнджын дзулимӕ. Авд боны дӕргъы дын уыцы дзидзаимӕ фыдӕвзарӕны хойраг — донгонд дзул — хӕргӕ у, Мысырӕй ӕвӕстиатӕй кӕй фӕраст дӕ, уый мысынӕн. Афтӕмӕй ды цӕргӕбонты дӕ зӕрдыл дардзынӕ Мысырӕй рацыды бон. 4Авд боны дӕргъы дӕ зӕххы хайыл ӕнхъизӕнӕн йӕ кой дӕр макӕцы ран уӕд, фыццаг бон изӕрӕй цы кусарт акӕнай, уымӕй та райсоммӕ мацыуал баззайӕд. 5Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы сахартӕй уын иуы дӕр нӕй Куадзӕны нывонд акусарт кӕнӕн. 6Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ номыл кӕй равзара, ӕрмӕстдӕр уыцы бынаты изӕрыгон, хурныгуылды фӕстӕ, Мысырӕй куы рацыдтӕ, раст уыцы афон, акусарт кӕн Куадзӕны нывонд. 7Сфыц ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзара, уым, райсомӕй та дӕ хӕдзармӕ рараст кӕн. 8Ӕхсӕз боны дӕргъы хӕр донгонд дзул, ӕвдӕм бон скӕн уазӕмбырд — Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, номыл бӕрӕгбон у; ницы кусӕн ис. 9Къуыриты бӕрӕгбоны райдианӕй авд къуырийы анымай 10ӕмӕ, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, арфӕйӕ дӕ къухы цы ис, уымӕй скӕн Къуыриты бӕрӕгбон ӕмӕ ссар Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ном. 11Цин кӕн Йӕ разы, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ, ноджы ма, уе’хсӕн чи ӕрбынӕттон, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ, стӕй сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ. 12Дӕхӕдӕг дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ, уый дӕ рох ма уӕд, ӕмӕ бӕстон ӕххӕст кӕн ацы ӕгъдау. 13Авд боны дӕргъы-иу бӕрӕг кӕн Халагъудты бӕрӕгбон, дӕ хор ӕмӕ-иу дӕ сӕн куы бафснайай, уӕд. 14Уӕ бӕрӕгбон хъӕлдзӕгӕй ӕрвитут: ды, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрджытӕ: левиттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сидзӕрӕй ӕмӕ идӕдзӕй дзы чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр. 15Авд боны-иу ахӕссӕд дӕ бӕрӕгбон Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кадӕн, Дунедарӕг цы бынат равзара, уым. Уымӕн ӕмӕ арфӕгонд уыдзысты Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, дӕ тыллӕджы алы гага дӕр ӕмӕ дӕ къухвӕллой, ӕмӕ райдзынӕ фыр цинӕй! 16Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд! 17Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, арфӕмӕ гӕсгӕ, йӕ къух кӕмӕн цы амона, уый-иу ӕрбахӕссӕд!Тӕрхонгӕнджыты тыххӕй
18Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ. 19Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын. 20Рӕстдзинадмӕ, ӕрмӕстдӕр рӕстдзинадмӕ тырн, цӕмӕй сӕрӕгасӕй баззайай ӕмӕ дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бӕстӕ дӕтты, уый дӕхи бакӕнай.Муртаттаг ӕгъдӕутты ныхмӕ
21Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, цы нывондхӕссӕн саразай, уый раз Ашерӕйы цӕджындз ма ныссадз. 22Табуйаг дур дӕр ма сӕвӕр — уыдӕттӕ ӕнӕуынон сты Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.
Copyright information for
OssIBT2022