‏ Deuteronomy 29

1Адон сты, Дунедарӕг Моисейӕн израилӕгтимӕ Моавы цы фидыд саразын бафӕдзӕхста, уый домӕнтӕ, — Дунедарӕг Хоревы рӕбын семӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыдӕн уӕлӕмхасӕн.

Ивгъуыды диссӕгтӕ

2Моисей фӕдзырдта ӕппӕт израилӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Уӕхи цӕстӕй федтат Мысыры, Дунедарӕг фараонӕн, йӕ дӕлдӕртӕн ӕмӕ йӕ бӕстӕйӕн цытӕ бакодта, уый. 3Сымах уӕхи цӕстӕй федтат уыцы стыр фыдӕвзарӕнтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. 4Фӕлӕ уын абоны онг Дунедарӕг нӕдӕр зонд радта, цӕмӕй ӕмбарат, нӕдӕр — цӕстытӕ, цӕмӕй уынат, нӕдӕр — хъустӕ, цӕмӕй хъусат.

5Дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, фӕлӕ уӕ дарӕс дӕр нӕ баихсыди уӕ уӕлӕ, ӕмӕ уӕ дзабыртӕ дӕр нӕ баихсыдысты уӕ къӕхтыл. 6Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фестут, нӕдӕр — сӕн ӕмӕ бӕгӕныйы, цӕмӕй бамбарат: Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау!

7Ацы ранмӕ куы’рбацыдыстут, уӕд нӕ ныхмӕ ралӕууыдысты Сигон, Хешбоны паддзах, ӕмӕ Ог, Башаны паддзах, фӕлӕ сӕ мах ныддӕрӕн кодтам. 8Сӕ зӕхх сын нӕхи бакодтам ӕмӕ йӕ Рувим ӕмӕ Гады, стӕй Менассиайы байзӕддӕгтӕн се’мбисы ӕхсӕн байуӕрстам.

Дунедарӕгимӕ цы фидыд сарӕзтат, уый фехалынӕй уӕхи бахизут

9Ацы фидыды сӕрты ма хизут, бӕстон ӕй ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй уӕ алы хъуыддаг дӕр рӕстмӕ уа.

10Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, раз лӕуут ныртӕккӕ сымах уе’ппӕт дӕр: мыггӕгты фӕтӕгтӕ, уӕ хистӕртӕ, уӕ цӕстдарджытӕ, ӕппӕт израилӕгтӕ, 11сабитӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сугсӕттӕгӕй донхӕссӕджы онг. 12Абон Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ацы фидыд аразы ӕмӕ йӕ фидар кӕны ӕлгъыстытӕй, 13цӕмӕй уӕ Йӕ адӕм схона, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн куыд басомы кодта, афтӕ уӕ Хуыцау уа. 14Канд сымахмӕ нӕ хауы ацы фидыд, ӕлгъыстытӕй фидаргонд чи у, уый: 15ныртӕккӕ немӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, раз чи лӕууы, уыдонмӕ куыд хауы, афтӕ, абон не’хсӕн чи нӕй, уыдонмӕ дӕр хауы. 16Уӕхӕдӕг ӕй зонут, Мысыры куыд цардыстӕм ӕмӕ уый фӕстӕ алы бӕстӕтыл куыд цыдыстӕм, уый. 17Се’лгъӕгтӕ — хъӕдын ӕмӕ дурын, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ сын федтат. 18Ма разынӕд уе’хсӕн ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг, ахӕм мыггаг кӕнӕ хӕдзарвӕндаг, Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл, йӕхи чи атигъ кӕна ӕмӕ уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн чи лӕггад кӕна! Ма разынӕд уе’хсӕн маргджын зайӕгой кӕнӕ скъӕлдзойы уидаг! 19Ацы карз ӕлгъысты ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, афтӕ чи зӕгъа, мӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕудзынӕн, зӕгъгӕ, уый арфӕгонд нӕ уыдзӕн. Афтӕмӕй донӕфсӕст зӕхх дӕр ӕмӕ, ӕнӕ донӕй чи ныххус, уыцы зӕхх дӕр бабын уыдзысты. 20Ахӕм адӕймагӕн Дунедарӕг нӕ ныххатыр кӕндзӕн, Йӕ маст пиллон артау ссудздзӕн уыцы адӕймагмӕ, ацы чиныджы ӕлгъыстытӕ йыл ӕрцӕудзысты, ӕмӕ арвы бын йӕ кой дӕр нал фӕзындзӕн. 21Израилы мыггӕгты’хсӕнӕй йӕ рахицӕн кӕндзӕн Дунедарӕг, цӕмӕй йын ацы тухгӕ чиныджы фыст ӕлгъыстытӕ йӕ хай фӕкӕна. 22Уӕ фӕстӕ чи рахъомыл уа, уыцы фӕлтӕртӕ дӕр ӕмӕ дардбӕстаг ӕцӕгӕлӕттӕ дӕр зӕгъдзысты, ацы бӕстӕйы бӕллӕхтӕ ӕмӕ йыл Дунедарӕг цы рынтӕ бафтыдта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ, 23ӕнӕхъӕн бӕстӕйы бынаты сондон, цӕхх ӕмӕ сыгъдон уынгӕйӕ, садзгӕ дӕр кӕм ницыуал кӕндзысты ӕмӕ зайгӕ дӕр кӕм ницыуал ӕркӕндзӕн, раст, Дунедарӕг Йӕ фыр мӕстӕй кӕй бабын кодта, уыцы Содом ӕмӕ Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы сахартау. 24Ӕппӕт адӕмтӕ зӕгъдзысты: „Дунедарӕг ацы бӕстӕйӕн афтӕтӕ цӕмӕн бакодта? Уый бӕрц ӕм цӕуыл ссыгъд Йӕ маст?“ 25Ӕмӕ сын загъд уыдзӕни: „Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау, сӕ фыдӕлтимӕ, Мысырӕй сӕ куы ракодта, уӕд цы фидыд сарӕзта, уый ферох кодтой, 26ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдыдтой, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтой ӕмӕ сын Уый кӕй не снысан кодта, уыцы хуыцӕуттӕм куывтой. 27Уыйадыл Дунедарӕджы маст рафыхти ацы бӕстӕм ӕмӕ, ацы тухгӕ чиныджы цыдӕриддӕр ӕлгъыстӕй ис, уыдон ыл ӕрцӕуын кодта. 28Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъди, ӕмӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕм фӕсырдта сӕ зӕххӕй, ныронг дӕр уым сты“. 29Сусӕг цы у, уый ис Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ; ӕргом цы у, уый та мыггагмӕ лӕвӕрд у махӕн ӕмӕ нӕ байзӕддагӕн, цӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнӕм ацы Ӕгъдауы алы дзырд дӕр.
Copyright information for OssIBT2022