‏ Ecclesiastes 10

1Мард бындзытӕй хӕрздӕфгӕнӕн дӕр сысмаг вӕййы; кадджын ӕмӕ куырыхон лӕг иу чысыл куы фӕрӕдийы, уӕд йӕ куырыхон зонд дӕр ӕмӕ йӕ кад дӕр ӕнӕпайда фӕвӕййынц.

2Куырыхоны зӕрдӕ раст фӕндаг равзарыныл архайы, зондцух цӕуы галиу фӕндӕгтыл. 3Зондцух фӕндагыл куы фӕцӕйцӕуы ӕмӕ йын алы хъуыддаджы дӕр зонд фаг куы нӕ фӕкӕны, уӕд алкӕмӕн дӕр йе’дылыдзинад раргом вӕййы.

4Дӕ паддзах дӕм куы смӕсты уа, уӕд дӕ куыстӕй ма алидз; сӕрныллӕгӕн бирӕ рӕдыдтӕ ныххатыр кӕнынц.

5Барджынтӕ цы хъуыддӕгтӕ кӕнынц, уыдонӕй мӕм иу тынг ӕвзӕр фӕкаст: 6ӕдылыйы бӕрзонд сисынц, хъӕздыджы та ӕгады бынаты сӕвӕрынц; 7цагъар уӕлбӕхӕй кӕсы, ӕлдар та фистӕгӕй цӕуы.

8Дзыхъхъ чи къахы, уый дзы, гӕнӕн ис, йӕхӕдӕг дӕр аирвӕза; зӕронд къултӕ чи пырх кӕны, ууыл, чи зоны, калм фӕхӕца.

9Дуркӕрдӕг, гӕнӕн ис ӕмӕ, дур кӕрдгӕйӕ, исты знаггад ракӕна йӕхицӕн дуртӕй; хъӕддзауыл, бӕлӕстӕ калгӕйӕ, чи зоны, исты фыдбылыз ӕрцӕуа.

10Кӕд дӕ фӕрӕт ныкъкъуымых ис, уӕд дӕ фылдӕр тых бахъӕудзӕн, цӕмӕй дӕ куыст кӕронмӕ фӕуай. Цӕмӕй дӕ куыстӕн исты фӕстиуӕг разына, уый тыххӕй куырыхон зонд хъӕуы.

11Калмӕн фӕхӕцыны бар куы радтай, уӕд, кӕлмытӕн кӕлӕнтӕ кӕнынмӕ цыфӕнды дӕсны куы уай, уӕд дӕр дзы пайда нал уыдзӕн.

12Куырыхоны ныхас фарн хӕссы, ӕдылыйы йе’взаг сафгӕ кӕны. 13Зондцухӕн йӕ ныхасы райдиан — ӕдылы ныхӕстӕ, йӕ ныхасы кӕрон — фыдбылыз хӕссӕг ӕррадзинад. 14Ӕдылы дзурын бирӕ фӕуарзы.

Адӕймаг нӕ зоны йӕ фидӕн, стӕй, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕнис, уый дӕр. Чи йын ӕй радзура?

15Ӕдылы куыстӕй фӕллайгӕ кӕны, суанг, сахармӕ цы фӕндаг цӕуы, уый дӕр нал фӕуыны.

16Додойаг у, йӕ паддзах ӕвӕлтӕрд лӕппу кӕмӕн у, йӕ уӕздӕттӕ ӕхсӕвӕй бонмӕ куывдты кӕм бадынц, уыцы бӕстӕ. 17Амондджын у уыцы бӕстӕ, йӕ паддзах уӕздан мыггагӕй кӕмӕн у, йӕ барджынтӕ фынгтыл ӕрмӕст фӕхъуыртхъом уӕвынмӕ кӕм ӕрбадынц, сӕ рӕстӕг расыгӕй кӕм не’рвитынц.

18Магусайӕн йӕ хӕдзары цар ӕркӕлы, зивӕггӕнагӕн къӕвда бон йӕ царӕй дон мизы.

19Куывд — ирхӕфсынӕн, сӕн — хъӕлдзӕг цардӕн, фӕлӕ сӕ дыууӕйыл дӕр ӕхца хардз кӕнын зонын хъӕуы.

20Дӕхинымӕр дӕр паддзахы фыдгой ма ракӕн, дӕ хуыссӕнуаты дӕр ма рафау хъӕздыг лӕджы — уӕларвон мӕргътӕ дын дӕ хъуыдытӕ аскъӕфдзысты, дӕ ныхӕстӕй иунӕг дӕр нӕ басусӕг уыдзӕн.
Copyright information for OssIBT2022