‏ Ecclesiastes 11

1Дӕ исбон цӕугӕдоны ауадз, дзӕвгар рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд ӕй ногӕй ссардзынӕ. 2Цы дӕм ис, уый авд дихы акӕн ӕмӕ дӕ исбон алыхуызон авд хъуыддаджы бавӕр — зӕххыл ӕвзӕрӕй кӕд цы ӕрцӕудзӕн, уый ничи зоны.

3Мигътӕ кӕм ӕрӕмбырд уой, уым къӕвда рауары; дымгӕ бӕлас кӕцырдӕм фӕлдаха, уыцырдӕм афӕлдӕхы, чи зоны — цӕгатӕрдӕм, чи зоны та — хуссарӕрдӕм. 4Фӕлӕ, дымгӕмӕ чи кӕсы, уый ницы тауы; мигътӕм йӕ цӕст чи дары, уымӕн йӕ хуымтӕ ӕнӕкарстӕй баззайынц. 5Царды комулӕфт кӕцӕй фӕзыны ӕмӕ сывӕрджын сылгоймаджы гуыбыны сывӕллоны стджытӕ куыд сӕвзӕрын кӕны, уый куыд ничи зоны, афтӕ, алцы Кӕй архайды фӕрцы сырӕзы, уыцы Хуыцауы хъуыддӕгтӕ дӕр ничи бамбардзӕн.

6Сӕумӕрайсом-иу мыггаг тауынмӕ рацу, изӕрыгон дӕр дӕ фӕллад ферох кӕн, уымӕн ӕмӕ тауын кӕд хуыздӕр у, уый нӕ зоныс. Чи зоны, изӕр дӕр ӕмӕ райсом дӕр, цы байтыдтай, уымӕй дӕхицӕн исты спайда кӕнай, чи зоны та ӕрмӕст изӕрӕй кӕнӕ райсомӕй.

7Рухс ӕхцон у, ног бон уынын ӕхсызгон у. 8Фӕлӕ, бирӕ чи цӕры, уый алы азыл дӕр цин кӕнӕд ӕмӕ дзы рох ма уӕд: ӕвзӕр ӕмӕ дзы сау бонтӕ дӕр бирӕ уыдзӕн. Уыдон дӕр тагъд аивгъуыйдзысты!

9Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн. 10Ӕвзонг бонтӕй фӕстӕмӕ дӕ зонд хъахъхъӕн хъизӕмарӕй, дӕ буармӕ ӕвзӕрӕй хӕстӕг мацы уадз, уымӕн ӕмӕ сабибонтӕ ӕмӕ’взонгад тагъд аивгъуыйынц.
Copyright information for OssIBT2022