‏ Ecclesiastes 2

1Ӕз сфӕнд кодтон мӕхи бафӕлварын ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ фарнӕй, фӕлӕ та загътон: «Уыдӕттӕн сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн». 2Ӕз загътон: «Худын та цы у? Ӕррадзинад ӕрмӕстдӕр, ирхӕфсӕнтӕй ницы пайда ис».

3Лӕгӕн йӕ амонд цӕй мидӕг ис, цы чысыл азтӕ рацӕры, уыдоны дӕргъы цы хъуамӕ куса, уый базонын мӕ бафӕндыд. Мӕ зонд мӕхимӕ уыд, фӕлӕ зондцухты бафӕзмын сфӕнд кодтон ӕмӕ сӕныл фӕцахуыр дӕн. 4Стыр хъуыддӕгтӕ мын бантысти: мӕхицӕн хӕдзӕрттӕ самадтон, скодтон сӕндӕттӕ, 5дыргъдӕттӕ ӕмӕ хъӕды къохтӕ, дыргъджын бӕласӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон дзы ӕрзайын кодтон, 6донуӕттӕ сын сарӕзтон. 7Ӕлхӕд цагъартӕ, усӕй, лӕгӕй, стӕй, мӕ хӕдзары чи райгуырд, ахӕм ӕххуырстытӕ мӕм бирӕ уыд. Стурвос ӕмӕ фысвос мӕнмӕ цас уыди, уый бӕрц Йерусалимы цӕрджытӕй никуы никӕмӕ уыд. 8Алы бӕстӕтӕй ӕмӕ паддзӕхтӕй ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ хӕзна дуртӕ ӕрӕмбырд кодтон; уыдис мӕм зарӕггӕнджытӕ, алы уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ, Адамы фырттӕ сӕхи кӕмӕй буц кӕнынц, уыдон — устытӕ ӕмӕ номылустӕ. 9Ахӕм номдзыд, хъӕздыг ӕмӕ куырыхон лӕг Йерусалимы никуыма уыди. 10Цӕмӕфӕнды ма бабӕллон, мӕхицӕн «нӕ», зӕгъгӕ, никуы ницӕмӕй загътон, цин кодтон мӕ фӕллӕйттыл. Мӕ тухӕнты фӕстӕ уыцы циндзинад райстон хӕрзиуӕгӕн. 11Ме’ппӕт фӕллӕйттӕм ӕмӕ тухӕнтӕм иу хатт фӕстӕмӕ куы акастӕн, уӕд та, раздӕрау, загътон: «Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты, арвы бын сӕ ницы пайда ис».

12Зондджын ӕдылыйӕ ӕмӕ зондцухӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый базонын мӕ бафӕндыд. Уыцы хъуыддӕгты паддзахӕн йӕхицӕй дарддӕр ничи ацӕудзӕн, искӕмӕн ӕй йӕ бон бафӕзмын у ӕрмӕстдӕр. 13Ӕз бамбӕрстон: рухс ӕмӕ тар кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц, афтӕ зондджын дӕр ӕдылыйӕ хицӕн кӕны. 14Зондджын йӕ зонды руаджы рухсы цӕуы, ӕдылы та — талынджы. Фӕлӕ уыимӕ бамбӕрстон, сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ кӕрон иу кӕй у. 15Мӕхинымӕр загътон: «Уӕдӕ ахӕм куырыхон цӕмӕн сдӕн? Мӕнмӕ дӕр ӕмӕ ӕдылымӕ дӕр иу фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы». Ӕмӕ та загътон: «Куырыхондзинад дӕр аивгъуыйы». 16Ӕдылыйы дӕр ӕмӕ зондджыны дӕр ничи мысы ӕнусмӕ, фидӕны сӕ дыууӕйы дӕр ферох кӕндзысты. Уӕдӕ, цымӕ, афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ зондджын дӕр ӕдылыйау куыд ӕрбамӕлы?

17Цард мын ӕнӕуынон сси. Лӕг зӕххыл йӕ хъару цӕуыл хардз кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр банымадтон ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу! 18Цыдӕриддӕр сарӕзтон, уыдон мын ӕнӕуынон систы, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстон: куы амӕлон, уӕд мӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр искӕмӕн баззайдзысты. 19Ӕмӕ йӕ чи зоны, ӕдылымӕ ӕви зондджынмӕ’рхаудзысты, уый? Мӕ тухӕнты ӕмӕ мӕ зонды фӕрцы мӕ къухы цы фӕллӕйттӕ бафтыд, уыдонӕн ӕндӕр исчи хицау суыдзӕн. Фӕлӕ та уыдон дӕр аивгъуыйдзысты!

20Мӕ ныфс асаст, мӕ фӕллӕйттӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттыл куы хъуыды кодтон, уӕд. 21Уый бӕрц фӕтухӕнтӕ кӕн, дӕ зонд, дӕ хъарутӕ ӕмӕ дӕ арӕхстдзинад ма бавгъау кӕн, ӕмӕ стӕй дӕ фӕллӕйтӕ кӕмӕндӕр лӕвар баззайӕнт. Ӕмӕ та уый фӕстӕ уыдӕттӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕн. Уый стыр бӕллӕх у!

22Цы пайда ис лӕгӕн йӕ куыстӕй, йе’ппӕт тухӕнтӕй? 23Цалынмӕ цӕры, уӕдмӕ алцӕуыл мӕт кӕны, тыхсы, ӕхсӕвыгон дӕр хъизӕмар кӕны, фӕлӕ та уыдӕттӕн кӕрон ӕрцӕуы, алцыдӕр аивгъуыйы. 24Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ цин кӕн дӕ къухты фӕллойыл — уымӕй хуыздӕр адӕймагӕн ницы ис, фӕлӕ уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у. 25Ӕмӕ уӕдӕ чи хъуамӕ хӕра ӕмӕ цин кӕна мӕ бӕсты? 26Хуыцауӕн фӕндиаг чи у, уымӕн зонд, куырыхондзинад ӕмӕ циндзинад ратты. Тӕригъӕдджынӕн дӕр кусын ӕмӕ йӕ къӕбицтӕ дзаг кӕныны зонд Хуыцау ратты, фӕлӕ искӕд бон йӕ фӕллӕйттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ чи балхӕдта, уый къухмӕ ӕрхауынц. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, уыдон дӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты.
Copyright information for OssIBT2022