Ecclesiastes 3
1Дунейы алцӕмӕн дӕр ис бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр афон: 2райгуырынӕн ӕмӕ амӕлынӕн; тауынӕн ӕмӕ, цы ныссагъдӕуыд, уый ӕд уидӕгтӕ срӕдувынӕн; 3марынӕн ӕмӕ дзӕбӕх кӕнынӕн; халынӕн ӕмӕ аразынӕн; 4кӕуынӕн ӕмӕ худынӕн; хъарӕг кӕнынӕн ӕмӕ кафынӕн; 5дуртӕ алырдӕм хӕлиу кӕнынӕн ӕмӕ се’мбырд кӕнынӕн; хъӕбыстӕн ӕмӕ хъӕбыстӕй хи иуварс кӕнынӕн; 6агурынӕн ӕмӕ, цы фесӕфтис, уый фӕдыл мауал зилынӕн; бавӕрынӕн ӕмӕ аппарынӕн; 7аскъуыйынӕн ӕмӕ бахуыйынӕн; хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ дзурынӕн; 8уарзт ӕмӕ ӕнӕуынондзинадӕн; хӕст ӕмӕ фидыдӕн. 9Уӕдӕ кусӕг лӕг йӕ хидвӕллойӕ ӕцӕгӕйдӕр цы райсы? 10Ӕз федтон, Хуыцау адӕмӕн цы куыстытӕ бабар кодта, уыдон се’ппӕт дӕр. 11Алцыдӕр хорз йӕ афоныл у, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, уымӕ гӕсгӕ. Хуыцау адӕмӕн сӕ зӕрдӕты бавӕрдта ӕнусон дуне ӕмбарыны зонд, фӕлӕ Йын Йӕ хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ бамбарын адӕймаджы бон нӕу. 12Ӕз базыдтон: цалынмӕ адӕймаг зӕххыл цӕры, уӕдмӕ йын хъӕлдзӕг ӕмӕ райгондӕй цӕрынӕй хуыздӕр ницы ис. 13Кӕд лӕг хӕры ӕмӕ нуазы, йӕ къухты фӕллойӕ йӕ зӕрдӕ райы, уӕд ын уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у. 14Ӕз бамбӕрстон: Хуыцау цы саразы, уый ӕнусон у. Йӕ хъуыддӕгтӕм Ын бафтауӕн ницы ис, аппарӕн дӕр афтӕ. Уыдӕттӕ аразгӕйӕ, Хуыцау тырны уымӕ, цӕмӕй Йын адӕм кад кӕной. 15Цы уыди, уый ис ӕмӕ уыдзӕн. Ивгъуыды цыдӕриддӕр уыд, уыдон Хуыцауӕн Йӕ бон фӕстӕмӕ раздахын у. 16Алы ран дӕр зӕххыл иу хъуыддаг уыдтон: рӕстдзинад кӕм хъуамӕ уа, уым — фыдракӕнд, рӕстады бынаты дӕр афтӕ. 17Мӕхицӕн загътон: «Хуыцау рӕстудӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн, алцӕмӕн дӕр йӕхи афон ис». 18Ноджы ма загътон: «Хуыцау адӕмы фӕлваргӕ кӕны: хъуамӕ бамбарой, ӕнӕ Хуыцауӕй фосӕй уӕлдай кӕй не сты». 19Уымӕн ӕмӕ сын иу фидӕн ис: фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр мӕлынц, иу уӕлдӕфӕй улӕфынц, адӕймаг фосӕй хуыздӕр ницӕмӕй у. Иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр фесӕфдзысты. 20Фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр уыцы иу ранмӕ цӕуынц: удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр сыджытӕй равзӕрдысты ӕмӕ сыджытыл бафтдзысты. 21Бӕлвырд куыд базонӕн ис, адӕймаджы уд уӕларвмӕ атӕхы, цӕрӕгойы уд та зӕххы бынмӕ ацӕуы, уый? 22Ӕз бамбӕрстон: адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ хъуамӕ райа йӕ куыстӕй. Ницы ис лӕгӕн уымӕй хуыздӕр, уымӕн ӕмӕ кусынӕн райгуыры. Йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уыдон та йын чи равдисдзӕн?
Copyright information for
OssIBT2022