Ecclesiastes 5
1Дӕ ныхасы размӕ уал хорз ахъуыды кӕн, Хуыцауы раз ард бахӕрынмӕ тагъд ма кӕн: Хуыцау уӕларвыл ис, ды та — зӕххыл, дӕ алы ныхас дӕр сасирӕй балуар. 2Лӕг бирӕ цӕуылдӕрты куы фӕтыхсы, уӕд фынтӕ фӕуыны, афтӕ ӕдылы дӕр йӕ бирӕдзурагӕй бӕрӕг дары. 3Хуыцауы раз дзырд куы раттай, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй сӕххӕст кӕн. Хуыцау ӕдылытыл нӕ ауды, лӕг хъуамӕ йӕ ныхасӕн хицау уа. 4Дӕ ныхас нӕ сӕххӕст кӕныны бӕсты, фӕлтау дӕ дзыхӕй хъыпп-сыпп ма суадз; 5де’взаджы тыххӕй тӕригъӕды куы бахауай, уӕд Хуыцауы минӕвары раз дӕхи ма раст кӕн. Дзырд радтон, фӕлӕ уымӕй фӕрӕдыдтӕн, зӕгъгӕ, ма мӕсты кӕн Хуыцауы, науӕд дын дӕ хъуыддаг фехалдзӕн. 6Бирӕ сӕнттӕй, уддзӕфау цы хъуыддӕгтӕ фӕцыдӕр вӕййынц, уыдонӕй бирӕ ныхӕстӕ райгуыры, фӕлӕ ды тӕрс Хуыцауӕй! 7Кӕцыфӕнды бӕстӕйы дӕр мӕгуыр лӕджы’фхӕрдӕн, рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон ссӕст кӕй цӕуынц, уымӕн ӕвдисӕн куы суай, уӕд-иу ма бадис кӕн. Алы хицауӕн дӕр ис уӕлдӕр хицау, сӕ дыууӕйы сӕрмӕ та — ноджы стырдӕр. 8Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах. 9Ӕхца чи уарзы, уымӕн фаг никуы уыдзысты, хъӕздыгдзинадмӕ чи бӕллы, уымӕн йӕ зыд зӕрдӕ нӕ бафсӕддзӕн. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйдзысты! 10Бирӕ мулк дӕм куы уа, уӕд дӕ алыварс, чи дын ӕй хӕра, ахӕмтӕ бирӕ фӕзындзӕн. Цы пайда ис хъӕздыг лӕгӕн йӕ мулкӕй? Дӕ исбон цас фылдӕр кӕна, уыйас фӕлхасгӕнджытӕ фылдӕрӕй фылдӕр кӕндзысты. 11Кусӕг лӕг чысыл бахӕра ӕви бирӕ — алкӕддӕр адджын фынтӕ уыны, хъӕздыгӕн та фыр ӕфсӕстӕй йӕ хуыссӕг фӕлидзы. 12Иу ӕнамонд хъуыддаг бафиппайдтон зӕххыл: хъӕздыг йӕ мулк йӕхи фыдбылызӕн фембырд кӕны, 13фӕлӕ йӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нал вӕййы, йӕ мулк ӕрбайсӕфы, ӕмӕ йӕ фыртӕн бынтӕ нӕ ныууадзы. 14Мады гуыбынӕй бӕгънӕгӕй рацыд, ӕмӕ дунейӕ дӕр афтӕмӕй ацӕуы, йӕ исбонӕй йемӕ ницы ахӕссы. 15Уый стыр бӕллӕх у — гуыргӕ куыд ракӕны, мӕлгӕ дӕр афтӕ. Уӕд ма дзӕгъӕлы цӕуыл фӕтухӕн кӕны, йӕ тухӕнтӕ йын дымгӕ куы ныффӕйлауы? 16Цӕрӕнбонты хӕры талынджы, бирӕ хӕрамдзинад, рыст ӕмӕ зӕрдӕхудтытӕ бавзары. 17Хуыцау нын цӕрынӕн цы цыбыр ӕмгъуыд ратты, уымӕй куыд хуыздӕр спайда чындӕуа? Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ дӕ къухты фӕллойыл цин кӕн. Уый адӕймагӕн йӕ нывысконд у. 18Хуыцау искӕмӕн хъӕздыгдзинад куы ратты, йӕ къухвӕллойыл йӕ бар куы фӕцӕуы ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цинӕй дзаг куы вӕййы, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын Хуыцау стыр лӕвар ракодта. 19Ахӕм адӕймаг йӕ ивгъуыдыл арӕх нӕ хъуыды кӕны, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг кодта.
Copyright information for
OssIBT2022