‏ Ecclesiastes 6

1Арвы бын мӕм иу хъуыддаг ӕппындӕр раст нӕ кӕсы, адӕм ӕй арӕх ӕвзарынц: 2Хуыцау адӕймаджы схъӕздыг ӕмӕ скадджын кӕны, цӕмӕ бӕллы, уыдӕттӕй хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ йын йӕ исбонмӕ йӕ къух бадарын нӕ фӕуадзы, йӕ фӕллӕйттӕн ын ӕцӕгӕлон уынаффӕ фӕкӕны. Ӕмӕ та уый дӕр аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый!

3Адӕймагӕн сӕдӕ сывӕллоны куы уа, зӕронды бонтӕм куы фӕцӕра, фӕлӕ йӕ цӕргӕбонты амондджын куынӕ уа ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй куы баззайа, уӕд ӕфтыддаг амондджындӕр у. 4Уымӕн ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ фӕзыны, ӕмӕ йӕ ном талынджы аныгъуылы. 5Уый хуры рухс нӕ фены, ницы базоны, фӕлӕ иннӕ адӕмӕй уӕлдай ӕнцой ссары. 6Иннӕтӕ та, дыууӕ мин азы куы фӕцӕрой, фӕлӕ амонд куынӕ бавзарой, уӕддӕр уыциу ранмӕ цӕуынц.

7Адӕм се’ппӕт дӕр кусынц, цӕмӕй сӕ гуыбынтӕ бафсадой, фӕлӕ сӕ удтӕ та не’фсӕдынц.

8Уӕдӕ куырыхонтӕ ӕдылытӕй цӕмӕй хуыздӕр сты? Мӕгуыр лӕгӕн царды мидӕг йӕ зондӕй цы пайда ис? 9Дӕ цӕстӕй цы уыныс, уый — хорз, истӕмӕ бӕллын — зӕрдӕйы сагъӕс. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!

10Цыдӕриддӕр хъуамӕ ӕрцӕуа, уый ныридӕгӕн бӕлвырд у; адӕймаг цы у, уый дӕр зындгонд у — йӕхицӕй тыхджындӕримӕ хӕцын йӕ бон нӕу.

11Нӕ цард къаддӕр цы хъуыддӕгтӕй ӕмӕ цы ныхӕстӕй кӕны, уыдон бирӕ сты, ницы пайда сӕ ис! 12Чи йӕ зоны, лӕгӕн цӕрын куыд хуыздӕр у, уый, йӕ царды цыбыр фӕндаг аууонау фӕцыдӕр вӕййы. Йӕ фӕстӕ зӕххыл цы уыдзӕнис, уыдӕттӕ йын чи радзурдзӕн?
Copyright information for OssIBT2022