‏ Ecclesiastes 7

1Кад хӕрздӕфгӕнӕнӕй хуыздӕр у, мӕлӕты бон та — райгуырӕн бонӕй. 2Цинтӕм цӕуынӕй мӕстджын хӕдзармӕ цӕуын хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕ дӕр иу кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уадз ӕмӕ йӕ рох мачи кӕна. 3Куырыхонтӕ, хъыг кӕм кӕнынц, уырдӕм цӕуын хуыздӕрыл нымайынц, ӕдылытӕ цинтӕм цӕуын уарзынц.

4Зондджын сагъӕс арӕх кӕны, ӕдылыйӕн йӕ худын нӕ фенцайы. 5Ӕдылыйы зарджыты бӕсты куырыхоны уайдзӕфтӕм хъус. 6Ӕдылыйы худт, какон сындз аджы бын судзгӕйӕ куыд къӕс-къӕс кӕны, уымӕй уӕлдай нӕу. Уый дӕр тагъд аивгъуыйы!

7Искӕй ӕфхӕргӕйӕ, зондджын дӕр сӕдылы вӕййы; гӕртӕмттӕ лӕгӕн йӕ зонд сафынц. 8Хъуыддагӕн йӕ кӕрон йӕ райдианӕй хуыздӕр у; сӕрыстыры бӕсты фӕразон у. 9Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы. 10Ивгъуыды цард хуыздӕр цӕмӕн уыди, зӕгъгӕ, макуы фӕрс, уый зондджын лӕджы фарст нӕу. 11Удӕгас лӕгӕн йӕ бынтӕй куыд пайда ис, афтӕ йӕ зондӕй дӕр. 12Куырыхондзинад лӕджы ӕхцайау хорз хъахъхъӕны, фӕлӕ зонд хуыздӕр у, куырыхонтӕ удӕгасӕй баззайынц.

13Акӕс-ма Хуыцауы хъуыддӕгтӕм: Хуыцау цы ныззылын кодта, уый чи сраст кӕндзӕн?

14Ӕнӕмаст куы уай, уӕд цин кӕн, фыдбылызтӕ куы’взарай, уӕд ахъуыды кӕн: сӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Хуыцау уый тыххӕй радта, цӕмӕй адӕймаг, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уый ма зона.

15Мӕ цыбыр царды алцыдӕр федтон: рӕстуд ӕвзӕрӕй ницы ракӕны, афтӕмӕй йӕ мӕлӕт ссары, тӕригъӕдджын та’взӕр митӕ кӕны, афтӕмӕй йӕм бирӕ рӕстӕг мӕлӕт ӕввахс нӕ цӕуы.

16Рӕстӕй цӕрыныл, дӕ алы хъуыддаджы дӕр зондджын уӕвыныл ӕгӕр тынг ма архай, науӕд фесӕфдзынӕ. 17Фӕлӕ ӕвзӕр митӕ дӕр ӕгӕр бирӕ ма кӕн, ӕдылыты ма фӕзм — афонӕй раздӕр мӕрдтӕм цӕмӕн тагъд кӕныс? 18Фӕндаджы астӕуыл хӕц — Хуыцауӕн кад чи кӕны, уый йӕхи алцӕмӕй дӕр бахиздзӕн. 19Куырыхон йӕ зонды фӕрцы сахары дӕс хицауӕй тыхджындӕр у.

20Ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ чи кӕны, тӕригъӕд ӕппындӕр чи никуы ракодта, ахӕм рӕстуд нӕй зӕххыл.

21Алы ныхас дӕ зӕрдӕмӕ ма ис — мыййаг, дӕ лӕггадгӕнӕджы дӕ фыдгой кӕнгӕйӕ куы баййафай. 22Зоныс ӕй, дӕхӕдӕг дӕр искӕй ӕвзӕры кой арӕх кодтай. 23Уыдӕттӕ ӕз иууылдӕр мӕ зонды руаджы бафӕлвӕрдтон. Загътон мӕхицӕн: «Куырыхон зондмӕ куы сӕххӕссин!» Фӕлӕ йӕм мӕ бон сӕххӕссын нӕ уыди.

24Цы уыди, уыдон тынг дард сты, дард ӕмӕ арф! Цы нысан кӕнынц, уый чи базондзӕн? 25Мӕ зонды фӕрцы архайдтон басгарын: зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдон цавӕр барӕнтӕй ис абарӕн, ӕдылыдзинад цас ӕвзӕр у, ӕррадзинад цӕйбӕрц у ӕнӕзонд. 26Ӕз бамбӕрстон: мӕлӕтӕй фыддӕр — къӕппӕджы’нгӕс сылгоймӕгтӕ; сӕ зӕрдӕтӕ — ахсӕн хызтӕ, сӕ къухтӕ — хъадамантӕ. Хуыцауы раз раст адӕймаг чи у, уый ахӕм сылгоймагӕй аирвӕздзӕн, тӕригъӕдджын йӕ ахсӕн хызы бахаудзӕн.

27Мӕнӕ цы базыдтон, зӕгъы Хуыцауы ныхас амонӕг, иу иннӕмӕ’фтаугӕйӕ, ахӕм нымӕц ссардтон: 28бирӕ фӕцагуырдтон, стӕй агургӕ дӕр кӕнын, фӕлӕ иу сылгоймагыл никуы фӕхӕст дӕн, мины’хсӕн иу лӕджы ссардтон. 29Иу хъуыддаг бамбӕрстон: Хуыцау адӕймаджы хуымӕтӕгӕй сфӕлдыста, фӕлӕ адӕм алцыдӕр райдыдтой сӕхи барӕнтӕй барын.
Copyright information for OssIBT2022