‏ Ecclesiastes 9

1Ӕз архайдтон бамбарын ӕмӕ басгарын: рӕстудтӕ ӕмӕ куырыхонтӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ дӕр сты Хуыцауы къухы; адӕймаг нӕ фӕзоны, уарзт ӕви йӕм фыдӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. 2Алкӕуыл дӕр алцыдӕр ӕрцӕуы: рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыныл; сыгъдӕг ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, ууыл; нывӕндтӕ чи хӕссы ӕмӕ сӕ чи нӕ хӕссы, уыдоныл; сомыгӕнджытыл ӕмӕ, сомы кӕнынӕй чи тӕрсы, уыдоныл. 3Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты. 4Фӕлӕ удӕгӕстӕн ис зӕрдӕдарӕн: удӕгас куыдз мард домбайӕ хуыздӕр у! 5Удӕгӕстӕ, кӕй амӕлдзысты, уый зонынц, мӕрдтӕ та ницы зонынц. Лӕг йӕ куыстӕй цы хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕмӕй ницыуал райсдзысты, уымӕн ӕмӕ ферох сты. 6Сӕ уарзт, сӕ фыдӕх ӕмӕ сӕ монцтӕ фӕцыдӕр сты, зӕххон цӕрджытимӕ сын ӕнусмӕ иумӕйагӕй ницыуал ис. 7Уӕдӕ хъӕлдзӕгӕй дӕ хойраг хӕр ӕмӕ цингӕнгӕйӕ сӕн нуаз, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у. 8Райдзаст дарӕсты цу, дӕ сӕрмӕ-иу сойӕ базил. 9Дӕ цард цыбыр у, ӕмӕ дӕ уарзон усимӕ амондджынӕй цӕр; бонтӕ тагъд фӕуынц, алы боныл дӕр цин кӕн — ацы дунейы уый у дӕ хай ӕмӕ дӕ куысты хӕрзиуӕг. 10Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.

11Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат. 12Адӕймаг, йӕ царды ӕвзӕр рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕнис, уый нӕ фӕзоны. Кӕсаг ахсӕн хызы куыд бахауы, маргъ — къӕппӕджы, афтӕ адӕймаджы ӕвиппайды къӕппӕгмӕ басайынц, ӕмӕ йыл фыдбылыз ӕрцӕуы.

13Куырыхон зонды иу дӕнцӕг ма федтон зӕххыл, тынг ахсджиаг у, мӕнмӕ гӕсгӕ. 14Иу сахары царди чысыл адӕм. Иу тыхджын паддзах сахармӕ’рбабырста ӕмӕ йӕ алыварс ӕрхъула кодта. 15Сахары иу мӕгуыр, фӕлӕ куырыхон лӕг разынд ӕмӕ йӕ куырыхон зонды фӕрцы сахар фервӕзын кодта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ сахары хъуыдыгӕнӕг нӕ уыди. 16Ӕмӕ загътон: куырыхондзинад хъаруйӕ хуыздӕр у, фӕлӕ мӕгуыр лӕджы куырыхон зонд нымады дӕр никӕмӕ у, йӕ ныхӕстӕм ын ничи хъусы.

17Куырыхон лӕджы сабыр ныхасмӕ хъусын, хицау ӕдылыты’хсӕн куыд хъӕр кӕны, уымӕ хъусынӕй хуыздӕр у. 18Куырыхондзинад цыфӕнды хӕцӕнгарзӕй дӕр хуыздӕр у, фӕлӕ иу лӕджы рӕдыд бирӕ хӕрзтӕ фесафы.
Copyright information for OssIBT2022