‏ Ecclesiastes 1

1Давиды фырты паддзахы бадӕн Йерусалимы уыди. Хуыцауы ныхас хорз чи амыдта, ахӕм лӕгыл нымад уыд. Афтӕ-иу дзырдта: 2«Алцы дӕр аивгъуыйы, алцӕмӕн дӕр кӕрон ӕрцӕуы».

3Уӕдӕ арвы бын адӕмӕн се’ппӕт фӕллӕйттӕй цы баззайы? Ницы. 4Ӕрмӕстдӕр фӕлтӕртӕ ивынц кӕрӕдзи, фӕлӕ зӕхх уыцы иухуызонӕй лӕууы. 5Хур скӕсы ӕмӕ аныгуылы, ногӕй раздӕхы йӕ бынатмӕ. 6Дымгӕ куы хуссарӕрдӕм дымы, куы — цӕгатӕрдӕм, иу уысм дӕр йӕ зилдухӕй не’нцайы. 7Цӕугӕдӕттӕ денджызмӕ кӕлынц, фӕлӕ денджыз нӕ дзаг кӕны; дӕттӕ ног сӕ донгуырӕнмӕ раздӕхынц. 8Дуне ӕмызмӕлд кӕны; алцы дзурынӕй бафӕллайӕн ис, алцы цӕстӕй фенӕн нӕй, алцӕмӕ нӕй байхъусӕн. 9Цы уыди, уый уыдзӕн, цы’рцыди, уыдӕттӕ та’рцӕуынц, арвы бын ногӕй ницы ис. 10Лӕг арӕх истӕуыл бадис кӕны ӕмӕ фӕзӕгъы: «Уый ног цыдӕр у!» Фӕлӕ дзы уадиссагӕй ницы разыны. Диссаг ӕм цы фӕкаст, уый нӕ фыдӕлтӕ раджы федтой. 11Кӕддӕр чи царди, уыцы фӕлтӕрты абоны фӕлтӕр нӕ хъуыды кӕны, фидӕны чи цӕрдзӕн, уыдон дӕр сӕ байзӕддагӕй ферох уыдзысты.

12Ӕз, Хуыцауы ныхас амонӕг, уыдтӕн Израилы паддзах. Мӕ паддзахы бадӕн Йерусалимы уыди. 13Ӕз сфӕнд кодтон уӕлзонды фӕрцы, дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ бафӕлварын. Ацы ӕвзӕр хъуыддаг Хуыцау адӕмӕн бабар кодта, цӕмӕй тухӕн кӕной.

14Арвы бын цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм лӕмбынӕг куы’ркастӕн, уӕд бамбӕрстон: алцыдӕр аивгъуыйы, алцыдӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай нӕу. 15Зылын цы у, уый ничи сраст скӕндзӕн; цы фӕхъуыди, уый банымайӕн нӕй.

16Мӕхимӕ гӕсгӕ, Йерусалимы мӕ хуызӕн зондджын ӕмӕ стыр куырыхон лӕг никуыма райгуырд, ӕмӕ йӕ зондӕй мӕныйас ничи ницы бафӕлвӕрдта. 17Фӕлӕ мӕ ноджы, зонд ӕдылыдзинад ӕмӕ ӕррадзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый бӕлвырд базонын бафӕндыд. Ӕмӕ бамбӕрстон, уый дӕр та, дымгӕ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай кӕй нӕу. 18Уымӕн ӕмӕ адӕймаг цас куырыхондӕр кӕны, уыйас йӕ маст арфдӕр кӕны, ӕмӕ йӕ зондыл цас фылдӕр ӕфтауы, уыйас тынгдӕр — йӕ рыст.
Copyright information for OssIBT2022