‏ Ecclesiastes 8

1Куырыхонимӕ кӕй абардзынӕ? Алцы дын уый хуызӕн чи бамбарын кӕндзӕн? Куырыхоны цӕсгом рухс у, Ӕппӕтхъомыс ын йӕ цӕсгомы хуыз ивы.

2Ӕз афтӕ зӕгъын: байхъус паддзахы фӕдзӕхстмӕ, афтӕмӕй Хуыцауы раз дӕ сомы сӕххӕст кӕндзынӕ. 3Паддзахы цурӕй ацӕуыныл тагъд ма кӕн, галиу хъуыддӕгты дӕхи ма тъысс, уымӕн ӕмӕ паддзах, цы йӕ фӕнда, уый бакӕндзӕн, 4ничи йын зӕгъдзӕн, цы кусыс, зӕгъгӕ. 5Паддзахы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, уый фыдбылызӕй хызт у; куырыхон, цы кӕнын хъӕуы, уый фӕзоны.

6Алы хъуыддагӕн дӕр ис йӕхи афон ӕмӕ тӕрхон, уымӕн ӕмӕ адӕмы фыдракӕндтӕ уӕззау сты. 7Адӕймаг, фидӕны цы уыдзӕни, уый нӕ фӕзоны, стӕй йын ӕй чи радзурдзӕн?

8Адӕймаг дымгӕ йӕ армы нӕ бауромдзӕн, стӕй йӕ удыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы, цы бон амӕлдзӕн, уый йӕхицӕй аразгӕ нӕу. Ацы мӕлӕтдзаг тохӕн аргъӕвӕн нӕй, суанг фыдгӕнӕг дӕр йӕ фыдбылызты фӕрцы нӕ аирвӕздзӕн.

9Ӕз хъуыды кодтон ацы дунейыл; иутӕ ам ӕдзухдӕр хицӕуттӕ сты, иннӕтӕ та сын хъуамӕ сӕхи фыдӕнӕн коммӕгӕс уой. Иу адӕймаг иннӕмӕн хицау куы свӕййы, уӕд ӕй хъизӕмарӕй фӕмары.

10Ӕз федтон, фыдгӕнджыты кадимӕ куыд ныгӕдтой, уый. Адӕм куыддӕр уаз бынатӕй раздӕхынц, афтӕ фыдгӕнджытӕн, фыдбылызтӕ цы сахары арӕзтой, уым сӕ кой ферох вӕййы. Уыдӕттӕ дӕр тагъд аивгъуыйынц!

11Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц. 12Тӕригъӕдджын сӕдӕ хатты тӕригъӕд ракӕны, мӕлӕт та йӕм хӕстӕг нӕ цӕуы. Фӕлӕ йӕ зонын: Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон амондджын уыдзысты. 13Тӕригъӕдджын та хорзӕй ницы фендзӕнис, аууонау фӕцыдӕр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ никуы тарст Хуыцауӕй.

14Ис зӕххыл, чи аивгъуыйы, ахӕм хъуыддаг: алцы тагъд кӕрӕдзийы ивы, раст лӕджы баййафы фыдгӕнӕджы азар, фыдгӕнӕг та, рӕстуд цӕй аккаг уыд, уый ӕвзары. Ногӕй та зӕгъын: «Алцыдӕр ивгӕ кӕны, алцыдӕр тагъд аивгъуыйы!»

15Ӕз раппӕлыдтӕн цинӕй: лӕгӕн а зӕххыл нуазын, хӕрын ӕмӕ цин кӕнынӕй хуыздӕр ницы ис. Йӕ куысты фӕллойӕ уыдӕттӕ спайда кӕны, цалынмӕ, Хуыцау ын йӕ зӕххон цардӕн цы’мгъуыд скодта, уый нӕ ахицӕн ис, уӕдмӕ.

16Ӕз архайдтон куырыхон зондмӕ баххӕссыныл, мӕн фӕндыд, зӕххыл цытӕ цӕуы, лӕгӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ хуыссӕг кӕй тыххӕй фӕлидзы, уыцы хъуыддӕгтӕ бамбарын. 17Ӕз федтон Хуыцауы хъуыддӕгтӕ се’ппӕт дӕр ӕмӕ загътон: адӕймаг, зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ никуы бамбардзӕн, цыфӕнды куырыхон куы уа, уӕд дӕр. Алцы зонын, зӕгъгӕ, куы дзура, уӕддӕр уымӕн афтӕ уӕвӕн нӕй.
Copyright information for OssIBT2022