Ephesians 1
1Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй — Йесо Чырыстийыл иузӕрдион чи у, Эфесы уыцы сыгъдӕджытӕм. a 2Хорзӕх ӕмӕ уын фарн Хуыцауӕй — нӕ Фыдӕй — ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.Чырыстийы фӕрцы — арфӕгонд
3Арфӕгонд уӕд Хуыцау, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыд, Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы махӕн монон лӕвӕрттӕ ӕххӕстӕй уӕлӕрвты Чи саккаг кодта! b 4Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Уый мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, цӕмӕй Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп уӕм. c 5Кӕй нӕ уарзы, уымӕ гӕсгӕ Уый бафӕндыд Йесо Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн хъӕбултӕ скӕнын. 6Уымӕ гӕсгӕ Йе стыр хорзӕх у кады аккаг — Йӕ уарзон Фырты руаджы нын цы лӕвар ракодта, уый тыххӕй. d 7Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыргонд сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх, e 8ӕмӕ нын ӕй радта рӕдауӕй, цӕмӕй уӕм ӕххӕст алы уӕлзонд ӕмӕ ӕмбарынадӕй. 9Хуыцаумӕ рагагъоммӕ уыди, Чырыстийы руаджы кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, ахӕм нысан. Ӕмӕ ныр махӕн раргом кодта Йӕ уыцы сусӕг фӕнд f — 10афон куы ралӕууа, уӕд, арв ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, ӕппӕт уыдон баиу кӕндзӕни Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы, Уый сӕ сӕргъы уыдзӕни, афтӕмӕй. g 11Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ, h 12цӕмӕй мах ӕппӕлӕм Йӕ кадӕй, уымӕн ӕмӕ Чырысти зӕрдӕдарӕн фыццаг махӕн сси. 13Ӕмӕ сымах дӕр ӕцӕгады ныхас, Фарны Уац, уӕ фервӕзыны тыххӕй куы фехъуыстат ӕмӕ Чырыстийыл куы баууӕндыдыстут, уӕд баиу стут Йемӕ. Хуыцауы адӕм кӕй стут, уый равдисынӕн Хуыцау сымах схайджын кодта, зӕрдӕ Кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Сыгъдӕг Удӕй. i 14Уыцы Уд у, Хуыцаумӕ нын ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый ӕвдисӕн. Райсдзыстӕм сӕ, Хуыцау Йӕ адӕмы куы ссӕрибар кӕна, уӕд. Ӕмӕ афтӕмӕй Йӕ кадыл ноджыдӕр бафтдзӕн. jПавел кувы
15Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр, Бардарӕг Йесойыл кӕй баууӕндыдыстут ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты кӕй уарзут, уый куы фехъуыстон, 16уӕдӕй фӕстӕмӕ сымах тыххӕй иудадзыг арфӕ кӕнын Хуыцауӕн ӕмӕ уын кувын. k 17Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау, кадджын Фыд, схайджын кӕнӕд уӕлзонды Удӕй сымах, цӕмӕй базонат Хуыцауы. l 18Байгом уын кӕнӕд уӕ зӕрдӕйы цӕстытӕ, цӕмӕй фенат, цы зӕрдӕдарӕнмӕ уӕм басидт, уый цавӕр у, куыд хъӕздыг сты, йӕ сыгъдӕджыты ӕмрӕнхъ уын хай кӕмӕй уыдзӕн, Йӕ уыцы диссаджы бынтӕ, m 19куыд ӕгӕрон у Йӕ хъомысы стырад нӕ зӕрдӕты мидӕг махӕн — уырнджытӕн, Йӕ барджын тыхы архайды фӕрцы. 20Уыцы тыхӕй Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта Чырыстийы ӕмӕ Йӕ ӕрбадын кодта Йӕ рахизфарс уӕлӕрвты, n 21цыфӕнды хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕй, цыфӕнды тых ӕмӕ хъомысӕй уӕлдӕр; Йӕ ном та йын ӕппӕт нӕмттӕй фӕуӕлдӕр кодта канд ацы ӕнусы нӕ, фӕлӕ фидӕны дӕр. o 22Хуыцау ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта Чырыстийы къӕхты бын ӕмӕ Йӕ сӕвӕрдта тӕккӕ бӕрзонддӕр бынаты — Аргъуаны сӕргъы. p 23Аргъуан у Йӕ Буар, ӕмӕ уым ӕххӕстӕй Йӕхи раргом кӕны, ӕппӕт дӕр ӕххӕст Кӕй фӕрцы свӕййы, Уый.
Copyright information for
OssIBT2022