‏ Ephesians 2

Мӕрдтӕй — цардмӕ

1Уӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах раздӕр мард уыдыстут. a 2Уыцы тӕригъӕдты аххосӕй цардыстут ацы дунейы уагыл, уӕлдӕфы ӕлдариуӕг чи кӕны ӕмӕ, Хуыцауы ныхмӕлӕуджыты фӕрцы ныр цы мон архайы, уымӕн коммӕгӕсӕй. b 3Мах дӕр кӕддӕр цардыстӕм уыдоны цардӕй, нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты фӕдыл цыдыстӕм, нӕ чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ бӕллицты коммӕ кастыстӕм. Иннӕтау мах дӕр, не’рдзыхъӕдмӕ гӕсгӕ, уыдыстӕм, Хуыцауы азары аккаг чи уыдис, ахӕмтӕ. 4Фӕлӕ хорзӕхӕй хъӕздыг Хуыцау мах афтӕ бирӕ бауарзта, c 5ӕмӕ мах, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй мард адӕмы, райгас кодта Чырыстиимӕ — сымах фервӕзтыстут Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы. d 6Хуыцау нӕ райгас кодта Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ нӕ Йемӕ ӕрбадын кодта уӕлӕрвты, 7цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт. e 8Хуыцауы хорзӕх сымах фервӕзын кодта уӕ уырнындзинады фӕрцы. Уӕхӕдӕг ницӕмӕй фесгуыхтыстут — уый уын Хуыцауы лӕвар у; f 9Уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ фервӕзтыстут, ӕмӕ йӕхицӕй мачи раппӕлӕд. g 10Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыд, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ. h

Аргъуан — иудейӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕгты иугӕнӕг

11Раздӕр цы уыдыстут, уый уӕ зӕрдыл дарут. Уӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ муртаттӕгтӕ уыдыстут. Ӕнӕсунӕт адӕм уӕ хуыдтой, ӕрмӕстдӕр буарӕй сунӕтгонд чи уыди, уыдон. 12Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй. i 13Сымах кӕддӕр дард уыдыстут, ныр та Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы баиу стут, ӕмӕ уӕ Йӕ Туг ӕрбахӕстӕг кодта кӕрӕдзимӕ. j

14Чырысти у нӕ фидауынгӕнӕг. Уый дзуттӕгтӕй ӕмӕ муртаттӕгтӕй скодта иу адӕм — фехӕлдта, се’хсӕн цы фыдӕхы гӕрӕн уыди, уый, k 15аивта Ӕгъдау йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтимӕ, цӕмӕй Йемӕ баиуы фӕрцы дыууӕ адӕмӕй сараза иу ног адӕм l 16ӕмӕ дыууӕты дӕр, иу буары, Хуыцауимӕ бафидауын кӕна, дзуарыл мӕлӕт райсгӕйӕ ӕмӕ Йӕ мӕлӕтӕй фыдӕх фесафгӕйӕ. 17Ӕмӕ куы ӕрцыди, уӕд ӕрхаста фидыды Фарны Уац сымахӕн, Хуыцауӕй дард чи уыди, уыдонӕн ӕмӕ Йӕм хӕстӕг чи уыди, уыдонӕн. 18Уыйадыл мах, иудейӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕгтӕ, иу Уды фӕрцы баиу стӕм ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр Чырыстийы фӕрцы байгом ис фӕндаг Фыдмӕ. m

19Уӕдӕ сымах ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ нал стут, фӕлӕ сыгъдӕджыты ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауы хӕдзаронтӕ. 20Сымах дӕр лӕуут, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй сарӕзтой, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг кӕмӕн у, уыцы бындурыл. n 21Ӕппӕт бӕстыхайӕн Уый у йӕ бындур, ӕмӕ афтӕмӕй рӕзы, Бардарӕджы рухс Кувӕндон куыд суа, афтӕ. o 22Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы рӕзут сымах дӕр, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ сымахӕй амадӕуа Хуыцауы цӕрӕнуат. p
Copyright information for OssIBT2022